Ӕнӕдызӕрдыгӕй зӕгъӕн ис ӕмӕ цыфӕнды  архайд дӕр ӕнтысгӕйӕ ӕххӕстгӕнӕн ис ӕдзухон фыдӕбон ӕмӕ куыстыл иузӕрдиондзинады фӕрцы. Раст у, иу кӕнӕ иннӕ дӕсныйад ӕрдзӕй рахӕсгӕ курдиатӕй кӕнгӕ у, фӕлӕ йыл уӕддӕр ӕппынӕдзух йӕ райрӕзын кӕныныл фӕхъӕуы кусын. Æвзонг, райдайгӕ курдиӕттӕм фӕхъӕуы лӕмбынӕг хъус дарын, сӕ авналӕнтӕ йын уӕрӕхдӕр кӕнын. Нӕ ныхас бафидар кӕныны тыххӕй дӕнцӕгӕн ӕрхӕссӕм Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы нывгӕнӕн скъола-студи. Ацы ахуыргӕнӕн уагдон нырма ӕрӕджы райдыдта йӕ хӕрзиуӕгон архайд, фӕлӕ райдианӕй фӕстӕмӕ у раст фӕндагыл лӕуд, цы нысанмӕ фӕтырнынц, уый сӕххӕст кӕнынмӕ фӕагурынц хуыздӕр амӕлттӕ. Афтӕ кӕй кӕнынц, уый тыххӕй се ‘взонг уӕнгты хидвӕллойӕ рантысынц зӕрдӕйы фӕндиаг куыстытӕ.

Алы хъуыддаг цырен кӕнынӕн дӕр хистӕр фӕлтӕры ӕрдыгӕй хъуамӕ уа фарсхӕцӕг, лӕмбынӕг хъусдард кӕстӕртӕм. Уымӕн ӕвдисӕн у, студийы хъомылгӕнджытӕ-ахуыргӕнджытӕ йӕ директор, Республикӕ Хуссар Ирыстоны адӕмон нывгӕнӕг Гӕбӕраты Барис ӕмӕ нӕ республикӕйы сгуыхт нывгӕнӕг Хуыбиаты Роберты ӕнӕрынцой фӕллой кӕстӕрты раз. Ныр ӕртыккаг хатт студийы ахуыргæнинæгтæ хайад райстой Ӕхсӕнадӕмон плэнер-конкурсы ахӕм номимӕ «Сывӕллӕтты конд нывтӕ»-йы. Радон хатт та ацыдысты Сочӕмӕ ӕввахс горӕт Лазаревскмӕ ӕмӕ дзы баззадысты 15 июнӕй 21 июнмӕ. Иууыл иумӕ конкурсы хайад исынмӕ ацыдысты 6 чызджы, сӕ иууыл хистӕрыл цӕуы 14 азы ӕмӕ ӕппӕты кӕстӕрыл та 8  азы. Ардыгӕй ахастой, раздӕр студийы ахуыры рӕстӕджы цы нывтыл бакуыстой, уыдонӕй 20 ӕмӕ сын уым, бынаты уыд равдыст. Роберт куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ ӕвзонг нывгӕнджытӕм тынг цымыдис ӕвзӕрын кодта денджызы уынд ӕмӕ дзы сӕ сӕрибар рӕстӕг арвыстой дыууӕ боны дӕргъы. Уый фӕстӕ ӕрӕвнӕлдтой, сӕ балцы сӕйраг нысан цы уыд, уый ӕххӕст кӕнынмӕ. Иууыл тынгдӕр сӕ зӕрдӕмӕ  цы фӕцыд, уыцы темӕтæ ӕв-зӕрстой ӕмӕ сыл куыстой. Конкурсы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ сӕ алчи дӕр куыста цалдӕр темӕйыл. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнцон нӕ уыд тагъд рӕстӕджы зӕрдӕмӕдзӕугӕ нывтӕ бацӕттӕ кӕнын, фӕлӕ ацы студийы ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кодтой тынг хорз. Фыццаг бынӕттӕ бацахстой ӕмӕ сыгъзӕрин майдантӕй хорзӕхджын ӕрцыдысты Джиоты Дианӕ, Тараты Иренӕ ӕмӕ Джергаты Альбинӕ, дыккаг бынӕттӕ та бацахстой Хуыбиаты Аннӕ, Джиоты Миланӕ ӕмӕ Хуыбиаты Миленӕ, конкурсы уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ  уыдонӕн дӕр лӕвӕрд ӕрцыд сыгъзӕрин майдантӕ.

Нывгӕнӕн  студийы  ахуыргӕнӕг  ӕмӕ  ахуыргӕнинӕгтӕ стыр бузныг зӕгъынц нӕ республикӕйы разамынад ӕмӕ районы адӕмон ахуырады сӕргълӕууӕг Лолоты Барисӕн, сӕ дард балц срӕвдз кӕныны тыххӕй сын кӕй баххуыс кодтой, уый тыххӕй. Æрыгон ныв-гæнджытæн та нæ цæст бауарздзæн, цæмæй сæм цы сфæлдыстадон фӕндтӕ ӕмӕ бӕллицтӕ ис, уыдон сын ӕххӕст кӕной.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.