2018  азы  республикон  бюджет  куыд сæххæст,  ууыл  уынаффæ  кодтой    РХИ-йы Хицауады рабадты, кæцы уагъд æрцыд Хицауады Сæрдар Пухаты Эрикы къухдариуæгадæй.

«2018 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджеты сæххæсты тыххæй» закъоны проект бавдыста Хæбæлаты Азæ.

Ивгъуыд азы финансон документы сæйраг параметртæ сты ахæм: æфтиæгтæ    – 7 миллиард 507 милуан 112 мин сомы, хæрдзтæ та – 8 миллиард 79 милуан 792 мин сомы.

Дефицит у 572 милуан 679 мин сомы, фæлæ Хæбæлаты Азæйы ныхæстæм гæсгæ уый фæхуыздæр ис баззайæццаг фæрæзты.

Хъалонон æмæ æнæхъалонон фæрæзтæ, афтæ ма æнæпаддзахадон организацитæй æфтиæгтæ сты 1 миллиард 508 милуан 612 мин сомы, кæцы иумæйаг гуырахстæй у паддзахадон бюджеты æфтиæг-ты 20,1 проценты.

Хæбæлаты Азæ куыд банысан кодта, афтæмæй республикон бюджеты хисæрмагонд æфтиæгтæ фæфылдæр сты 304 милуан 806 мин сомы онг, 2017 азмæ абаргæйæ, 4  проценты  фылдæр.

Хицауады уæнгтæ æмхъæлæсæй рæстæмбисыл банымадтой 2018 азы бюджеты сæххæст.

Уый фæстæ рабадты хайадисджытæ сфидар кодтой Паддзахадон унитарон куыстуæтты субсидитæ радтыны традицион фæтк. Республикæйы цæрджытæн баххуыс кæныны нысанæн паддзахадон бюджетæй хицæн æрцæудзысты субсидитæ паддзахадон унитарон куыстуæттæ «Ирагпромсервис», «Электробастдзинады телекоммуникацион компани» æмæ «Постон-телеграфон службæ»-йæн.

Рабадты рæстæджы ма уынаффæ кодтой, сабидон «Фæрдыг»-ы эксплуатацимæ радтыны фарстыл, кæцы арæзт æрцыд республикæйы хисæрмагонд æфтиæгтæй Вокзалгæрон уынджы.  Ныхас  цыд скъолайы агъоммæйы ацы уагдоны штатон структурæйыл дæр.

***

Хицауады рабадты ма уынаффæ кодтой бюджетон кусджыты хицæн категоритæн куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны фарстыл.

Сæйраджыдæр, куыстмыздтæ фæфылдæр уыдзысты паддзахадон кусджытæн. Куыд банысан кодтой, афтæмæй ныртæккæ ацы фарстыл уынаффæ цæуы УФ-йы Фæллойады министрадимæ иумæ.

Пухаты Эрик бахæс кодта æххæсткæнынады хицауады органты къухдариуæггæнджытæн, цæмæй цыбыр æмгъуыдмæ æрбавдисой Хицауадмæ паддзахадон организациты штатты æмæ кусджыты бæрц.

Уымæй уæлдай ма, куыд фехъусынчындæуыд, афтæмæй Паддзахадон драмон театры кусджыты куыстмызд фæфылдæр  уыдзæн 50 проценты.

Паддзахадон драмон театры кусджытæн сæ куыстмызд фæфылдæр кæнын Хица-уадæн бахæс кодта РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Пухаты Эрик куыд банысан кодта, афтæмæй куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны хъуыддаг у хорз лæвар Театры боны цытæн, кæцы нысан цæуы 27-æм  марты.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.