Арæхæй арæхдæр фехъусæн ис ацы сагъæсы ныхæстæ хистæртæй, стæй кæстæртæй дæр бирæты фæнды нæ царды рæстдзинады уæлахиз фенын, æмæ йæ уыдон дæр агурынц, бæллынц æм. Диссаг уый у, æмæ адæм кæддæриддæр афтæ ‘нхъæлдтой, «раздæры рæстæджы афтæтæ гæнæнтæ нæ уыди», зæгъгæ. Фæлæ æрхæссæм иу цалдæр цæвиттоны уыцы раздæры рæстæгæй.

Æвæццæгæн, рæстдзинады хъуагдзинады тыххæй, ныртæккæ адæмæн сæ фылдæры зæрдыл æрлæууынц А.Пушкины Сальерийы ныхæстæ: «Все говорят, нет правды на земле, Но правды нет и выше!». Æцæг ацы адæймаг, ома, Сальери, цæй тыххæй дзуры ацы ныхæстæ, уый дæр ахсджиаг у. Уый куы базыдта, Моцарт йæхицæй курдиатджындæр у, уæд сагъæсы ныххауд, æмæ йæхицæн дзуры, зæгъгæ, æз мæхиуыл тынг бакуыстон, ме ‘нгуылдзтæ фæцайдагъ кодтон ацы куыстыл, ома, музыкæ нывæндын æмæ йæ æххæст кæныныл æмæ, уый та ницы бафыдæбон кодта, афтæмæй йын лæвæрд у æппæтдæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, рæстдзинад нæй, зæгъгæ, ацы ныхæстæ автор дæр растыл нæ нымадта, æмæ уый цæмæй бамбарай, уый тыххæй та хъуамæ æххæстæй  зонай уацмысы сюжет. Чи йæ нæ зоны, уымæн: фæстагмæ Сальери уыйбæрц йе сæфт федта Моцартæй, марг ын бадардта æмæ йæ афтæмæй амардта. Ныр, кæй зæгъын æй хъæуы, уый цы ныхæстæ дзуры рæстдзинады тыххæй, уыдоныл ничиуал сразы уыдзæн! Рæстдзинад нæй, зæгъгæ, уый тыххæй дзуры, æмæ Моцарт йæхицæй курдиатджындæр кæй фæци. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм рæстдзинадыл нæ сагъæс кæнынц «рæстдзинадæй дойнытæ», фæлæ уæддæр незамантæй фæстæмæ адæмты размæдзыд минæвæрттæ æдзух уыдысты уый уæлахизы æнхъæлцау. Рагæй дæр æнцон нæ уыди рæстдзинады фæндагыл цæуын, æнцон нæ уыди раст ныхас кæнын, уæлдайдæр та уæлдæр хицауады раз лæугæйæ, æмæ уый тыххæй бирæ бæстæты паддзæхтæ сæ цуры дардтой быдзæуты, кæнæ сонт дзурджыты. Æнæуый та бы-дзæутæ дарыны æгъдау фæзынди бердзентæм XII æнусмæ æввахс æмæ æрфидар Испан, Китай, Уæрæсе æмæ æндæр паддзахадты. Быдзæутæ æмæ сонт дзурджытæ, адон дыууæ дæр нæ тарстысты паддзахы тæрхонæй, кæд сæ бартæ къуындæг уыдысты, уæддæр, уымæн æмæ нымад уыдысты æдылытыл, фæлæ уыйхыгъд, кæд-дæриддæр, сæ бон уыд æнæзонды æфсон раст æмæ ахсджиаг цы у, уый тыххæй сæ ныхас зæгъын. Паддзахы зæрдæмæ кæд фæцыдаид уыцы ныхас, уæд æм æрдардтаид йæ хъус, кæд æмæ йæ нæ бафæндыдаид хъус æрдарын, уæд та загътаид, ома, æдылы у, æмæ йæм ма хъусут. Афтæмæй рæстдзинад ахæм хуызы уæддæр царди æмæ уыди.

Незамантæй фæстæмæ адæм кæддæриддæр хъæстаг уыдысты «ныры дугæй». Раздæры рæстæг та сæм касти хуыздæр æмæ фæрнджындæр, кæстæртæ æгъдауджындæр, коммæгæсдæр, сабитæ зондджындæр, æвзыгъддæр æмæ а. д. Æмæ рæстдзинады хъуагдзинад тынг тых кодта адæмты зæрдæтæн. Аив дзырды дæснытæ та кæм фольклоры хуызы, кæм та фысгæ аивады руаджы, сæ ахаст æвдыстой уыцы цухдзинадмæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, рæстдзинад йæхи гъæдæй, адæмы зæрдæтæй иппæрдæй нæ цæры. Уымæн йе схæсджытæ æмæ йе ‘вæрджытæ адæм сты. Уый фæдыл фыст у Ганс Христиан Андерсены аргъау «Паддзахæн ног дарæс». Ацы ран паддзах уыди, фæлыстытæ æгæр чи уарзта, ахæм. Уæд дын æм иуахæмы фæзындысты «хуыйджытæ» æмæ йын зæгъынц, зæгъгæ дын мах ахæм дарæс бахуыйдзыстæм, æмæ уыдзæн диссаг: цыдæриддæр дæ паддзахады цауд кусджытæ æмæ фæсдзæуинтæ ис, уыдон фæбæрæг уыдзысты. Куыд, зæгъгæ сæ куы бафарста, уæд ын загътой, зæгъгæ, уыцы æнахуыр дарæс уыдон цæст нæ уындзæни æмæ сæм паддзах кæсдзæни бæгънæджы хуызæн. Бадзырдтой, уæдæ цы, æмæ сæ куыст бакодтой. Уыцы æнахуыр дзаума паддзахыл куы скодтой (уæвгæ та йыл бынтондæр ницы скодтой), уæд йæ фæсдзæуинтæ фæтарстысты, ома, нæ æвзæр кусджытыл куы банымайа, æмæ дзырдтой, цæй диссаджы дзаумæттæ дыл ис, зæгъгæ. Афтæ дис кодтой адæм се ‘ппæтдæр, уыцы нымæцы паддзах йæхæдæг дæр. Уæд дын се ‘хсæн фæзынди иу къæбæда лæппу, æмæ фæхъæр кодта: «Паддзах та бæгънæг куы у!». Æмæ уæд рабæрæги, адæм æмхуызон, æнæсдзрдыбонау кæуыл æууæндыдысты, уыцы стыр сайд. Паддзах йæхæдæг дæр, цыма куырм уыди, уыйау йæ хъуыддаг дарддæр кодта, хъуыддаггъуызæй йæ цыд кодта дарддæр, уымæн æмæ йын йæхи басæттын уыди мардæрцыдау, састы бынаты баззайынау… Афтæмæй иу чысыл сабийы зæрдæйы цы рæстдзинад æрцард, уый фаг уыди, цæмæй æппæт адæмы цæстытæ дæр байгом уыдаиккой.

Уæдæ рæстдзинад цы бæстæйы бынат не ссара, уымæн æнæфесæфгæ нæй. Ирон дзырд мæнгдзинад уыцы хъуыддаг тынг ирдæй æвдисы, ома, афтид у, ницы ис йæ мидæг. Уæдæ ницæуыл цы самайай, уый цас хъуамæ фæлæууа! Абон æви райсом – ныппырх уыдзæни.

Абоны царды рæстдзинад чи агуры æмæ йын йе сæфтыл чи хъыг кæны, уымæн хуыздæр уаид уыцы рæстдзинадыл æнувыдæй баззайын, йæ ном ын æргом дзурын. Кæд рæстдзинад адæймагæн йæ царды ахсджиагдæр нæу, хъæздыгдзинад æмæ ацы дунейы æндæр хорзæхтæй, уæд рæстдзинад йæ царды бынат куыд ссардзæн!? Уыцы быдзæутæн сæ сæр кæм æркъул кодтаиккой, уый дæр нæ уыди, афтæмæй æххæст кодтой, сæ хъысмæт сын цы бахæс кодта, уый, сæ бон цы уыд, уый хæццæ кодтой рæстдзинад паддзахы зæрдæмæ.

Кæй зæгъын æй хъæуы, æнцон у «уæлдæр бадджыты» азымы дарын, кæм ма ис рæстдзинад, зæгъгæ, фæлæ рæстдзинад та хъуамæ цæра дзыллæйы зæрдæйы, уыдон хъуамæ цырен кæной уымæн йæ арт. Уыцы артæй алчидæр иу æндзарæн куы райса, уæд чысылгай бамынæг уыдзæн æмæ уæд æрлæудзæн мæнгдзинады дуг. Цæмæй рæстдзинад уарзай, уымæн та зонд хъæуы, уымæн æмæ æрмæст зондджын адæймаг æмбары, фидар царды бындур рæстдзинадыл амайгæ кæй у, уый…

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.