Хуссар Ирыстоны чырыстон адæм банысан кодтой сæйраг чырыстон бæрæгбонтæй сæ иу – Уаз Мады Майрæмы райгуырæн бон. Уыцы бон республикæйы æппæт аргъуанты уагъд æрцыдысты Хуыцаумæ бæрæгбонон бакуывдтытæ. Уырнонтæ ныууагътой æппæт хъуыддæгтæ дæр, цæмæй бацыдаиккой аргъуанмæ æмæ байхъуыстаиккой сабырдзинады тыххæй куывдтытæм. Афтæ ма ирон бинонтæ, традицимæ гæсгæ, сцæттæ кæнынц æртæ уæливыхы æмæ афтæмæй скуывынц Мады Майрæммæ.

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Хуссар Ирыстоны цæрджытæн, Чырыстон аргъуаны иууыл тынгдæр кæмæн кад кæнынц, уыцы бæрæгбонтæй сæ иу – Уаз Мады Майрæмы райгуырæн боны сæраппонд, – хъусын кæны РХИ-йы Президент æмæ Хицауады пресс-службæ.

Паддзахады сæргълæууæг æрбацыд Цхинвалы Уырыссаг чырыстон аргъуаны Уаз æртæиууон Хуыцауы кувæндоны бæрæгбонон бакуывдмæ. Хуыцаумæ бакуывд сарæзта Аргъуаны уагæвæрæг фыд Серги

«Арфæ кæнын æппæт чырыстон адæмæн ацы нысаниуæгджын боны сæраппонд. Мах иууылдæр зонæм, Мады Майрæм нын куыд æххуыс кодта æмæ хъахъхъæдта Хуссар Ирыстоны йæ уæззау бонты. Ацы бæрæгбон нын лæвар кæны ныфс æмæ иу кæны иумиагадæймагадон монон-хæрзæгъдаудзинады æргъадтæ, кæцытæ сты ирон адæмы цардуагон бындуртæ. Нæ фыдæлтæ алы хатт дæр куывтой Сыгъдæг Мады Майрæммæ æмæ сын æххуыс кодта. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй алы хатт дæр æххуыс кæна Хуссар Ирыстонæн», – загъта Бибылты Анатоли аргъуанмæ æрбацæуджытæн. Президент банысан кодта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны территорийыл ис Мады Майрæмы бирæнымæц аргъуантæ.

«Цас фылдæр кувæм, монон æгъдауæй размæ цæуæм, уыйас нын Мады Майрæм æххуыс кæндзæн æмæ нæ хъахъхъæндзæн. Бæрæгбоны хорзæх уæ уæд! Сабырдзинад, фæрныгад æмæ дидинæфтыд – алкæйы хæдзарæн дæр», – загъта Бибылты Анатоли.

Аргъуанмæ æрбацæуæг Биазырты Аннæ куыд загъта, уымæ гæсгæ уымæн Сыгъдæг Мады Майрæмы райгуырæн бон у иууыл стырдæр, сыгъдæгдæр æмæ ирддæр бæрæгбон. «Ацы нысаниуæгджын боны мæ фæнды Хуссар Ирыстоны æппæт цæрджытæн раарфæ кæнын ацы стыр боны цытæн. Фыццаджыдæр мæ алкæмæн дæр бафæнддзæн сабыр арвы бын цард æмæ бинонты амонд. Уадз, адæмы удты æлдариуæг кæнæд циндзинад. Æууæндут диссагыл, арæхдæр цæут аргъуанмæ æмæ зонут, Хуыцау алы хатт дæр уæ фарсмæ кæй ис, уый», – загъта Биазырты Аннæ.

Бæрæг куыд у, афтæмæй, Мады Майрæмы Райгуырæн боны цытæн бæрæгбон аргъуан кæй сфидар кодта цыппæрæм æнусы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.