(Мидхъуыдытæ)

Алкæмæн дæр зæххыл ис йæхи рæстдзинад. Тæссаг дæр уый у, æмæ адæймаг, кæнæ адæмыхатт сæхи раст куы ‘нхъæлынц. Уæд цыфæнды тугкалдыл дæр нæ ауæрдынц. Афтæ уыди, ссæдз азы дæргъы гуырдзыйы националисттæ æнæгуырдзиаг чи уыд, уыдон ныхмæ куы сызнæт сты, уæд. Æмæ уыцы знæтдзинад уыцы ссæдз азы дæргъы нæ фæзынд, фæлæ дзы, куыд рабæрæг, афтæмæй хайджын уыдысты сæ паддзахадæн йе ‘ппæт историйы дæргъы дæр. Мах хорз федтам, уыдон сæхи «рæстдзинад» куыд куырм кодта, æнæуыноны низ сыл куыд сыстын кодта, уый. Уымæн та æнæуæвгæ нæ уыд, уымæн æмæ бынат радтой ахæм тæссаг хъуыдыйæн, ома, мах стæм æвзæрст адæм, нæ дадзинты зилы сыгъдæг гуырдзиаг туг. Гуырдзиаг чи нæу, уыдон та сæм кастысты ницæйаг, гуылмыз, фыдхъуын, æмæ скодтой уыдон Гуырдзыстонæй   фесафыны фæнд. Диссаг та уый у, æмæ сæ ацы фыдвæнд куы æххæст кодтой, уæд сæхимæ хъайтартæ кастысты, сæхи нымадтой нацийы ирвæзынгæнджытыл. Цымæ цæмæй ирвæзын кодтой сæ нацийы? Æндæр нациты минæвæрттæй, цыдæриддæр гуырдзиаг нæу, уымæй. Мæгуыр сæ бон, уыцы хуымæтæджы «æвзарæнты» æхсæн чи цард, уыцы «æвзæрст» адæмæн! Куыд фæрæзтой уыцы æнуды цæрын!  Ай уыди се стыр рыст, сæ егъау национ трагеди – цардысты «æвзарæнты» æхсæн. Æмæ хъæрзыдтой уыцы стыр рыстæй, сæхи цæсты уыдысты хъизæмаргæнджытæ. Æмæ иубон фæзынд «ирвæзынгæнæг» – Звиад Гамсахурдиа. Уый сæм «йæ къух фæдардта», æмæ сын «ныфс радта», ацы уавæрæй сæ кæй сласдзæн, уый тыххæй. Æмæ, хъуамæ лæг раст зæгъа, стыр æнтыстытæ йын уыди ацы хъуыддаджы…

Мæнæн ацы хъуыдытæ мæ зæрдыл æрлæууын кодтой иу хабар, царды иу æнахуыр æгъдау. Кæд царды исты хорз, æцæг, фæрнджын æмæ аив вæййы, уæд ын фæзмджытæ дæр разыны. Федтон ахæм хабар, æмæ иу хъæуы цардысты фæрнджын бинонтæ. Сæ уаг, се ‘гъдаумæ сын адæм тæхуды кодтой. Сæ фæрныг царды кой та дæрдтыл хъуыстгонд уыди. Уыцы бинонтæн уыди сыхæгтæ – æндæр бинонтæ, æмæ цух уыдысты уыцы фарн æмæ цытæй. Æмæ уæд райдыдтой фæзмын уыцы фæрнджын бинонты. Фæстагмæ афтæ арф аныгъуылдысты уыцы ерысы, æмæ сæ хæдзар сыхæлдтой æмæ йæ сарæзтой раст сæ фæрнджын сыхæгты хæдзары æнгæс. Уæд ацы фыццæгтæ уый куы федтой, уæд сæ цæстытæ, куырм ракæсæгау, байгом сты, æмæ райдыдтой мæсты кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый сын сæ цардыл æндавын райдыдта, æмæ фæстагмæ дыууæ бинонты ерыс рахызти быцæумæ, стæй хылмæ, æмæ а.д. Раст афтæ гуырдзыйы фашисттæ дæр ирон сæрибаруарз, æнæрцæф, сæ равзæрдæй уæздан, Европæйы æмвæзадыл хъомылад кæмæ уыди, рагон æмæ хъæздыг историйы хицау чи у, зæххыл алырæтты историон цыртдзæвæнтæ чи ныууагъта, уыдон фæзмын райдыдтой. Кæм сын сæ зарæг бакæн дæхи, кæм сын сæ кафт схон гуырдзиаг, кæм сын сæ уæливыхтæ схон дæ адæмы æрымысгæ, сæ рæсугъддæр чызджыты сын фæхæсс, æмæ ма дзы фæстагмæ баззади нæ зæхх, æмæ æрымысыдысты уый дæр сæхирдыгæй фæкæнын. Уый дын сæ рæстдзинад æмæ сæ тохы аххосаг.

Цæмæн дзурын ацы дардыл ныхæстæ? Ныртæккæ дунейы цы цаутæ цæуы, уыдонæн дæр раст ахæм æууæлтæ ис ранæй рæтты. Дунейы стырдæр æмæ тыхджындæр бодзтæ, ирон адæм цæйау фæдзурынц, æхтæнгтæ алхъывтой, æмæ сæ бæхтæ размæ тæрынц, фæкæлынæй сын тас кæй у уыцы бæхтæн, уый сæ айрох ис.

Зæгъæм, фæстаг рæстæджыты Израилы паддзахады алыварс цы цаутæ цæуы, уый фæдыл алкæмæн дæр ис йæхи рæстдзинад. Иутæ дзурынц, мах раст стæм, уымæн æмæ мах тыхджын стæм. Иннæтæ дæр дзурынц, мах дæр раст стæм, уымæн æмæ дзæбæх стæм. Уыцы рæстæджы та мæлынц æнæаххос адæм, æмæ сæ удты хъæрзын фæвæййы «рæстдзинады» лозунгты хъæры бын. Адæймагмæ афтæ кæсы, цыма дунейы стыр раздзогтæ æнæ хæст нал фæразынц, æви сын цы стыр бæрн лæвæрд у, уый сын æнцой нæ дæтты. Уый та сын Саккаты хæйрæджы æрцахстау у. Нал ын йе суæгъд кæнын фæразынц, нал ын исты амал зонынц. Ныр дис кæны адæймаг, цымæ сын арт æмæ фæнык цæуылнæуал ис? Уымæн æмæ сæ алчидæр йæхи æнхъæлы раст æмæ иннæтæй хуыздæр. Стыр бæрны æмæ барты хицау чи свæййы, уымæн ма йе ‘намонд уый вæййы, æмæ йæхи фенхъæлы мессия, ома ирвæзынгæнæг. Рагон Ромы паддзах Нейрон, æмæ Ромы æндæр паддзæхтæ дæр-иу сæхи фен-хъæлдтой Хуыцæуттæ, æмæ уымæ гæсгæ нæ фæрæзтой, исчи ма æндæр хуыцæуттыл æу-уæнда, уый. Æмæ фæзмыдтой уыдон дæр Ду-нескæнæджы тых, фарн æмæ хъару. Скъуыддзаг кодтой адæмы хъысмæт, æгæрыстæмæй, исчи æнæ уыдонæй бар райсгæйæ мой скæна кæнæ ус æрхæсса, уый бар никæмæн уыди. Адæмы зæрдæйы æнкъарæнтæм дæр хъомыс хъуамæ дардтаиккой. Уæдæ уыдон сæхи иннæтæй хуыздæр не ‘нхъæлдтой, æви? Иннæтæй хуыздæр, æмæ, æгæрыстæмæй, Хуыцауæй хуыздæр йæхи чи æнхъæлдта, уыдонæн сæ фыццаг уыди Люцифер. Уый уыди зæдтæй рæсугъддæр, хуыдтой йæ Сæуæхсиды фырт. Иу рæстæджы йæхимæ æгæр хорз зынын райдыдта æмæ загъта, зæгъгæ, сæвæрон мæ бынат Бæрзонд Хуыцауæй уæлдæр, æмæ йын райсон йæ бартæ. Науæд афтæ рæсугъд æмæ диссаг дæн, æмæ уымæй къаддæр цæмæн хъуамæ уон. Цы бартæ мын ис лæвæрд, уыдон мын фаг не сты, хъуамæ æппæт бартæ дæр уой мæхи, æппæт дуне дæр уа мæ къæхты бын.

Уæдæ адæттыл куы ахъуыды кæнæм, æмæ йыл дунейы бодзтæ дæр куы ахъуыды кæной, уæд бамбардзысты, чи кæй фырт у æмæ чи кæй фæзмы, уый фырт цæмæн у, æмæ уый цæмæн фæзмы, уыдæттæ. Æз та афтæ зæгъын, æмæ ацы дунейы фæзмæгой уæвыны бæсты æцæг, æнæхин æмæ æнæхæлæгæй цæрын бирæ хуыздæр æмæ æвæсмондæр у. Царды кæрон æмбаргæ суай, уый та ницы диссаг у, развæлгъау хъуамæ базмæла де ‘рхъуыды…

Годжыцаты Нелли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.