Сæдæ азы æххæст кæны, 1920 азы нын гуырдзы цы геноцид расидтысты, ууыл. Æниу афтæ зæгъæн нæй, уæды онг нын никуы сарæзтой геноцид, никуы бафæлвæрдтой ирон туг æмæ стæг скуынæг кæнынмæ, фæлæ уæддæр йæ гуырахст æмæ фæстиуджытæм гæсгæ ссæдзæм азы геноцид тугхъулондæрæй зыны нæ тугæй фыст историйы.

Фондз минæй фылдæр ироны маргæ акодтой, фæндæгтыл, лыгъды рæстæджы чи фæмард, низ цы удтæ ахаста, цы хъæутæ басыгътой, цы фæллой ахастой æмæ атардтой, уыдæттæ лыстæггай куы банымайæм, уæд, зæгъæн ис, Ирыстоны хуссар хайы цард фæстæмæ кæй алæууыд цалдæр æнусы бæрц. Куыддæр аив нæу ахæм абарст, фæлæ чи фæмард, уыдоны нымæцæй къаддæр нæ уыдысты, лыгъды фæстæ Хуссар Ирыстонмæ фæстæмæ цæрынмæ чи нал æрыздæхт, уыцы ирæттæ. Уый та нысан кæны демографион æнамонддзинад.

Уæддæр нын зонд-зонæн нæ фæцис, кæд нæ Беджызаты Чермен фæдзæхста – «ссæдзæм аз махæй кæмæй фæуа рохы, уый не ‘хсæн æлгъыст уæд фæлтау» – уæддæр. Ферох нæ, баууæндыдыстæм та сыл æмæ та нæ баййæфта ног геноцид. Нæ литературæйы цы кадавар уацмыстæ фæзынд геноциды тыххæй, уыдон дæр рохуаты баззадысты, куыд æмбæлы, афтæ сæ нæ зонгæ кодтам рæзгæ фæлтæрæн. Æмæ та ныл уымæй дæр фæтых сты не знæгтæ. Мах, цы нын сарæзтой, уый зæгъынæй дæр æфсæрмы кодтам, уыдон та сæхи тугтæригъæдтæ дæр махыл æвæрдтой. Хъуыды ма йæ кæнæм, нæуæдзæм азты райдианы гуырдзиаг Присы фыдæн йæ сывæллоныл авдæнмæ æхсæнгарз куы фæирвæзт… Сæ сывæллон амард сæхи къухæй, фæлæ дзы спайда кодтой, сæ хъæррахстæй æгас зæххы къорийы адæмты æркæсын кодтой сæхимæ. Сæ фысджыты цæдисы сæрдар Джансугъ Чарквиани Руставелийы проспектыл авдæн рахæс-бахæс кодта æмæ хъæр кодта, ирæттæ, дам, нын нæ тау-уидаг скъуынынц…

Уæдæ мах цы Хуыцауы æлгъыст фестæм, нæ рыстæй риссын цæмæннæ зонæм?.. Иу къуырийы размæ фыстам нæ газеты, цæмæй нæ республикæйы æхсæнадон организацитæ, фæсивæд, ветерантæ, сфæлдыстадон интеллигенцийы минæвæрттæ сидтытæ арвыстаиккой алы рæттæм, цæмæй нын нæ геноцид банымайой…

 Куыднæ стæй – йе ‘рфыг дæр ничи фезмæлын кодта!..

Цымæ мах бынаты гуырдзы æмæ мæхъæл куы уыдаиккой, уæд цытæ кæниккой, цымæ – сæ фæздæгæй Хуыцауы искæдæм лидзинаг фæкæниккой. Махæн та ис, цы зæгъæм, фæлæ нæ зæгъинæгтæ авд дуарæхгæдæй дарæм, нæ ныхас, нæ хъæрзын нын ничи хъусы, цыма нын геноцид нæ, фæлæ нæ цæхæрадонмæ дур дæр ничи баппæрста…

Æмæ стæй рацæуæм æмæ нæ риутæ ныххойæм, æрцæуæн цæмæн нæй, уыдæттæ дæр фæдомæм, кæйдæрты æнæхъуаджы азымы фæдарæм…

Стæй зын бамбарæн у, ирон адæмы геноциды кой æрмæст Хуссар Ирыстоны цæмæн хъуамæ кæнæм? Ирыстонæн йæ цæгат хай дæр ирон куы у… Гуырдзы та ирæтты цæрæн бынатмæ гæсгæ нæ цагътой, фæлæ национ нысаниуæгмæ гæсгæ…

Цæй, ныфс, дам, фæстагмæ амæлы. Чизоны нæм бахъара, афтæ цæрæн кæй нæй, ахæм цардæй цæргæйæ нæ сомбоны хурхыл кæй хæцæм. Кæд бирæ цæмæндæрты байрæджы, уæддæр ма ис гæнæн, цæмæй нæхи сраст кæнæм нæ хъысмæт æмæ историйы раз.

 Цалдæр боны размæ йæ цардæй ахицæн Джиоты Гафи, ссæдзæм азы геноциды хабæрттæ ма чи рыййæфта, йæхиуыл сæ чи бавзæрста, уыцы, сæдæ астаздзыд сылгоймаг. Æнæ-хъæн афæдзы дæргъы фæхъавыдыстæм йемæ фембæлынмæ, истæмæйты йæ бафæрсынмæ, фæлæ нын афоныл ницы æнтысы – сау мæрмæ ахаста йæ зæгъинæгтæ.

Ныр, кæй зæгъын æй хъæуы, Хуссар Ирыстоны нал ис ахæм адæймаг, нæ геноцид чи рыййæфта, уый тыххæй нын æвдисæны хуызы «удæгас» хабæрттæ чи ракæна. Фæлæ адæмы мысæнуат æнæбын денджыз у – алчи дæр цыдæр хæбæрттæ хъуыста йæ хистæртæй, куыд сæ цагътой, куыд сæ сырдтой, уыдæтты тыххæй. Зымæгон даргъ æхсæвты-иу бинонтæ, сыхæгтæ, хъæубæстæ иу ранмæ куы æрæмбырд сты, уæд-иу сæ ныхасы сæйраг уæды хабæрттæ уыдысты. Йæхиуыл сæ чи бавзæрста, ахæм æвдисæнтæ нал ис не ‘хсæн, фæлæ сын сæ хабæрттæм чи хъуыста, чи сæ бахъуыды кодта, уыдон хæсджын сты, цæмæй сæ фæхæццæ кæной сæ нысанмæ.

Гъемæ нæм ахæм фæндиаг ис, не ‘мбæстæгтæ уыцы историон æрмæджытæ куы нæ бахæлæг кæниккой нæ газеты редакцийæн. Табуафси, æнхъæлмæ уæм кæсæм. Мыхуыр кæндзыстæм æмæ адæмы рæгъмæ хæсдзыстæм, нæ геноцидыл дзурæг цыфæнды æрмæджытæ дæр. Уый нæ æвæджиаг хæс у. Абоны фæлтæрæн нæй, абон саразæн цæмæн ис, уый ма саразыны бар. Историйæн фыссæн æмæ аразæн ис алы бон дæр, историйы хъæуы алцы дæр.

Уæ хорзæхæй, ма фæзивæг кæнут.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.