Хорз у, гуырдзы нын дыууынæм азы цы геноцид расидтысты, уый нæм æппынфæстаг хъарын кæй райдыдта, нæ дзуринæгты сæйраг дзуринаг кæй ссис, уый. Фæлæ цæмæдæр гæсгæ нæ хъуыды æмæ нæ цæстæнгас аздæхтам æрмæстдæр уымæ: цал ирон хъæуы басыгътой, цал ироны амардтой, цал ироны фæхауæггаг кодтой… Хъæуы уыдæттыл риссын, уыдæтты рæгъмæ хæссын, фæлæ, цæмæдæр гæсгæ, уыдæттыл æгæр фестæм æмæ нæ рохуаты зайынц, уыцы геноциды фæстиуджыты риссагдæр фарстатæ.

Мæнæ нæ иууыл риссагдæр фарсты кой куыд ничи кæны, афтæ!..

Цавæр фарст ма у, фæрсут? Ирон адæмы геноцидыл æрмæст Ирыстоны хуссар хай цæмæн риссы æмæ дзуры, ирон адæмæн иумиаг рыст ма хъуамæ уаид?.. Бæхы саргъыл æвæрд хордзентæй иу куы æрисай, уæд иннæ цы фæуыдзæн? Æрхаудзæн, æндæр цы хъуамæ фæуа – иннæ фарс куы ницæуылуал хæца, куы ницыуал æй урома, уæд уымæн дæр цынæ æрхаугæ ис!.. Нæуæдзæм азты райдианы та нын ам радон геноцид куы расидтысты – ам, ома, Ирыс-тоны хуссар хайы, уæд… Туджы лæсæн-ты бын та нæ куы фæкодтой, уæззау блокадæйы нæ скуынæгмæ, фæхуыдыгмæ бирæ куы нал хъуыд, раст ахæм рæстæджы бабырстой мæхъæл Ирыстоны цæгат хаймæ. Уым дæр нын геноцид аразынмæ æрхъавыдысты. Хуссар Ирыстон йæхæдæг арты цæхæры уыд, фæлæ йæ равдæлд йæ цæгатаг хайы фарсмæ балæууынмæ дæр. Ма балæууыдаид, ма йæ равдæлдаид? Æмæ уæд абон Ирыстонæн цæгат дæр уаид æмæ хуссар дæр?..

Омæ нын уæдæ кæд иу хъысмæт ис, уæд нын нæ рыст иумæ дих кæнгæ цæмæннæ у? Майы мæйы фынддæсæм бон Цæгат Ирыстоны Президенты барамындæй æрцыд нымад ирон æвзаджы боныл. Æмæ?.. Уый тыххæй цы – Хуссар Ирыстоны йæ нæ нысан кæнынц?.. Абон Ирыстонæн йæ цагат хайы цæмæннæ кæнынц, сæдæ азы кæуыл сæххæст, уыцы геноциды кой? Уæд та æндæр адæмты, номхуындæй – не знæгты цæст-мæ… Цæмæй нæ цыфыддæр знæгтæ дыууæрдыгæй дæр афтæ ма нхъæлой æмæ ма хъуыды кæной: адонæн се хсæн иудзинад нæй æмæ уымæй спайда кæнын хъæуы…

Уый иу фарст. Иннæ – цæмæннæ æвæрæм алы æмвæзадтыл дæр Ирыстоны скæсæн хай, йæ рæсугъддæр æмæ дзадджындæр кæмттæй иу – Тырсыгомы фарст? Абон «Райгуырæн бæстæ – фæсарæнты» кæй хонæм, кæнæ кæддæр ахуыргæндтæ «Централон Ирыстон» кæй хуыдтой, уыцы алæмæты комбæсты фарст. Ирон адæмæн сæ басудзын æмæ скуынæг кæныны геноцид фагыл куы нæ банымадтой æмæ ма гуырдзыйæн Хуссар Ирыстонимæ уæлæмхасæнæн кæй ныллæвар кодтой, уыцы Тырсыгомы фарст. Геноциды сæдæ азы нысан кæнын, ноджы дæр æй зæгъæм, æрмæст сыгъд хъæуты æмæ мæрдты нымæц нымайынæй у?

Афтæмæй та ацы риссаг фарстыл уыцы комбæсты цæрджытæ риссын рай-дыдтой йæ тæккæ тæвдыл æмæ фæдисы хъæр кодтой, абонау алцæмæн æргомæй дзурæн куы нæма уыд, уыцы рæстæджы дæр.

Æрхæссæм дзы иу цæвиттон. 1925 азы Къобы зылды цæрæг ирæттæ фыстæг ныффыстой Цæгат Ирыстоны къухдариуæгад æмæ æндæр инстанцитæм ахæм сæргондимæ «Мах та цы фæуæм?». Фыстæджы текст мыхуыр кæнæм йæ орфографи æмæ æндæр растфыссынады æууæлтæм æнæбавналгæйæ:

«Ацы ныхæстæ бакæсгæйæ бирæ йæхинымæр зæгъдзæн: «Цы уæ фæнды, уый». Фæлæ хъуыддаг афтæ нæу, цы нæ фæнды, уый куы уаид, уæд ма сагъæс дæр цæуыл кæниккам.

Байдайæм та Къобæй.

Къобы зылды цæрæг адæм сты 487 хæдзары бæрц. Сæ хъуыддæгтæ сты иууылдæр Гуырдзыстоны зыгъуымыр-дæм.

Цас пайда нын у, Гуырдзыстонимæ нæ хъуыддаг иу кæй у, уый? Фыццаджыдæр зæгъæм ахуырдзинады тыххæй. Советон хицауад архайы ууыл, цæмæй мæгуыр талынг адæм ахуыр кæной æмæ рухсмæ цæуой. Къобы зылды цæрæг адæм та рухсмæ нæ, фæлæ талынгæй-талынгмæ дæр цæуынц, уымæн æмæ сын нæй æххуысгæнæг, уымæн æмæ сын сæ фæсивæдæн нæ уадзынц скъолаты бынæттæ. Нæ фæсивæд бæргæ раппар-баппар кæны йæхи, кæд исты базонид, фæлæ фæндаг дæттæг нæй.

Гуырдзыстоны советон хицауад ис ныр цыппар азы. Уыцы цыппар азы нæ фæсивæдæй скъолатæм бахауд æрмæст дыууæ лæппуйы: иу рабфакмæ, иннæ та – партион скъоламæ, уыдон дæр тых æмæ амæлттæй. Афтæ «хорз» цæстæй кæсы гуырдзыйы хицауад Къобы зылды цæрæг адæммæ, афтæ «хорз» нын дæттынц фæндаг размæ.

Нæ иннæ хъуыддæгтæ дæр афтæ цæуынц. Фæсивæдæй алчи дæр куы базоны йæ бон, Гуырдзыйы рдыгæй йæ хъуыддагæй кæй ницы рауайдзæн, уый, уæд та йæхи Дзæуджыхъæуы рдæм айсы æмæ фæзæгъы: цом æмæ та нæхи ирон адæммæ ацæуон, уыдон мын кæд æркæсиккой мæ тыхст, мæ талынгдзинадмæ æмæ мын радтиккой фæндаг размæ – рухсмæ. Дзæуджыхъæуы та фыддæр: бафæрсынц æй: кæцон дæ, æмæ куы фæзæгъы Къобаг, уæд фæзæгъынц, – æмæ кæцæй æрхаудтай ардæм, уæхи рдыгæй агур бынат скъолайы, ам дын зын уыдзæн скъоламæ баха-уын, зæгъгæ.

Афтæ тыхсты мидæг сты нæ фæсивæд ахуыры тыххæй.

Афтæ зын ран сты Къобы зылды цæрæг адæм Гуырдзы æмæ Хуссар Иры хсæн.

Афон у уыцы хъуыддаг рабæрæг кæнын æмæ Къобы зылды Цæгат Ирмæ бафтауын, цæмæй нæ цард фенцондæр уа, æмæ нæ фæсивæд дæр ма уой æнæхай скъолатæй».

 Диссаг куыднæ у – нæ туг не стæг адæм нæм 95 азы размæ райдыдтой сидын, цæмæй сын баххуыс кæнæм сæ зын уавæрæй фервæзынæн. Фæлæ никæмæ фехъуыст сæ хъæрзын. Æмбарæм æй, советон системæ бар нæ лæвæрдта ахæм домæнтæм хъус дарынæн. Фæлæ ныр нал ис Советон цæдис, ныр национ интерестыл сдзурыны тыххæй Сыбыры хай никæйуал кæнынц. Ныр ис æргомæй сдзурыны бар нæ фыдæлты тугæй æлхæд зæххытыл, нæ фыдæлты уæлмæрд-тыл. Мах сыл нæхæдæг куынæ сдзурæм, уæд сæ кой дæр ничи скæндзæн. Фæлæ сыл хъуамæ сдзурæм иумæ – цæгатæй хуссармæ. Æмæ мачи зæгъæд афтæ: куы сдзурæм, уæд дзы цы рауайдзæн?

Мах уал нæ хæс сæххæст кæнæм, сдзурæм, куыд æмбæлы афтæ æмæ стæй бæрæг уыдзæн. Сывæллон гуылыл куы-нæ скæуа, уæд ын гуыл ничи ратдзæн!..

Кæд нæ фæнды нæ сомбоныл хъуыды кæнын, уæд хъуамæ рагацау батыхсæм, уыцы сомбон кæм араздзыстæм, ууыл дæр. Абон нæ къухы цы кадавар зæххы гæппæл ис цæгатæй хуссармæ, уый нæ фыдæлтæ-алантæ галдзарм схониккой, сæ къухы цы зæххытæ уыд, уыдонимæ абаргæйæ.

Тырсыгом та йæ æрдзон равæрд æмæ фадæттæй уæлион дзæнæт у. Фосдардæн Хуыцауæй кургæ æмæ æнæаргæ бынат, туризмæн та – Швейцарийы цæст æм фырхæлæгæй рахаудзæн…

Уæлдæр рæгъмæ цы фыстæг рахастам, æрмæст уымæй дæр бæрæг у, цы хъизæмæрттæ æвзæрстой, куыд сæ дæлдзиныг кодтой, хæрдмæ скæсын сæ куыднæ уагътой, фæлæ уæддæр… Æр-кæсæм ма, цалынмæ цæдис нæ ныппырх, уæды онг дæр цас адæм цард уыцы цардиппæрд уæлион дзæнæты: Абанойы – 60 адæймаджы, Базилæны – 90, Бурмæсыгы – 10, Джимарайы – 70, Десы – 40, Уæллаг Окрахъаны – 80, Дæллаг Окрахъаны – 40, Четырсы – 90, Къобы – 50, Ногхъæуы – 90, Ресы – 40, Суатъисы – 60, Телсы – 50, Ухаты – 90, Цоцолты – 20 æмæ афтæ дарддæр.

Ныр федзæрæг æмæ схауæггаг сты, се уæнгтæ айвазыны, царды амæлттæ кæныны бар сын кæй нæ уыд, уый аххосæй. Фæлæ сæ историон бынат куы ссарой, Хъырым æй куыд ссардта, афтæ, уæд та сæ ирон зарæгимæ царды хъæр райхъуысдзæн.

Нæй нын абон дæр нæ фыдæлты уæзгуытыл сдзурыны бар? Цæмæннæ? Худинаг у, искæмæй æфсæрмы кæнæм?.. Омæ уæдæ мæхъæл цæмæннæ æфсæрмы кæнынц?.. Уыдон нын, бынтон дæр сын ницы бындур æмæ æфсон ис, афтæмæй нæ истори æмæ нæ фыдæлты куы исынц, уæд мах нæ зæххы гæппæлты кой скæнынæй дæр цæмæн æмæ кæдмæ хъуамæ æфсæрмы кæнæм?..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.