Адæймаг куыд рæзы, афтæ ирдæй ирддæр фæкæнынц йæ уды миниуджытæ, йе ‘взыгъддзинæдтæ. Дменисы хъæуы цæрæг Сагкаты Кузьма дæр кæй æхсæн рæзт, уыдон æнæхатгæ нæ уыдысты, лæппуйæн йæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ йæ азтæй бирæ раздæр кæй цæуынц, уый.

Кузьма райгуырд æмæ схъомыл Дменисы хъæуы. Астæуккаг скъола та  каст фæцис Ксуисы скъолайы. Йæ ныййарджытæ Васили æмæ Екатеринæмæ кæд ахуырдзинад нæ уыдис, уæддæр-иу арæх дзырдтой, зæгъгæ, æвзонг адæймагæн сæйраджыдæр бауарзын кæнын хъæуы куыст. Цы кæстæр куыст бауарза, ахæм кæстæр та царды алы хатт дæр ссары йæ бынат. Æмæ æрмæст дзургæ нæ кодтой, фæлæ архайгæ дæр. Цыфæнды куыстытæм дæр сæ сывæллæтты кодтой семæ æмæ кæд райдианæй сæ бон æххуыскæнын нæ уыд, уæддæр уыдтой сæ мад æмæ фыды архайд æмæ уыдон цы арæзтой, ууыл цайдагъ кодтой. Раст кæй кодтой, уый та фæбæрæг фæстæдæр. Куысты фæрцы сæ алчи дæр ссардта, йæхи  æмæ йе ‘ввахс адæмы зæрдæтæ цæмæй барухс кодтой, ахæм цард.  Сæ иу – Григол та ссис Социалистон Куысты хъайтар.

Кузьма хорз хъомылдзинад кæй райста, уый тынгдæр фæбæрæг, Советон Æфсады рæнхъытæм æм куы æрсидтысты, йе ‘фсæддон хæс куы фыста, уæд. Цалдæр мæйы баслужбæ кæныны фæстæ цы æфсæддон хайы службæ кодта, уый командиртæ Васили æмæ Екатеринæйæн фе-хъусын кодтой сæ фырты æнтыстыты тыххæй, фæстæдæр та сын, ахæм фырт кæй схъомыл кодтой, уый тыххæй загътой бузныг. Йе ‘фсæддон хæс хорз кæй æххæст кодта, уый ма фæбæрæг уымæй дæр, æмæ йæ райгуырæн хъæумæ æрыздæхт хорзæхтимæ, хистæр сержанты чины.

Кузьмайы куыстуарзондзинад ноджы тынгдæр фæбæрæг, æфсады рæнхъытæй куы ‘рыздæхт, уæд. Цалдæр къуырийы фæстæ бацыд æмæ шофырæй кусын райдыдта Дменисы колхозы. Йæ куыстмæ æнæзивæг кæй уыд, йæ хъус æм лæмбынæг кæй дардта æмæ йæ хорз кæй базыдта, уый тыххæй, фæстæдæр нысан æрцыдис  колхозы инженер-механикæй. Ам кусгæйæ, ноджы хуыздæр зынын райдыдтой æнтыстытæм йæ тырнындзинæдтæ. Йæ ахæм хорз æнтыстыты тыххæй колхозы иу хыгъдон æвзæрстыты æмбырды рæстæджы Кузьма нысан æрцыдис колхозы сæрдарæй. Бæрнондæр æмæ стырдæр хæстæ æххæст кæнын æнцон нæ уыдис Кузьмайæн, фæлæ та ам дæр куыстмæ йæ раппæлинаг ахасты фæрцы уадид зынын райдыдтой йе ‘нтыстытæ. Ноджы тынгдæр ыл баууæндыдысты районы уæды разамынд æмæ нысан æрцыдис районы «Агропромсервис»-ы директорæй. Техникæмæ æвзыгъд æмæ куыстуарзаг Кузьмамæ уыдис бирæ хъуыдытæ æмæ фæндтæ. Райдыдта сæ æххæсткæнын дæр, фæлæ… 

Фехæлд, буц æмæ сæрыстыр кæмæй уыдыстæм, алкæмæн дæр нæ уарзон чи уыд, уыцы стыр æмæ хъомысджын паддзахад. Адæмтæ кæрæдзимæ æнæуынон цæстæй акастысты, бирæ рæтты ссыгъдысты хæсты æртытæ. Кæд адæм катайы ныххаудтой, бирæтæ нал зыдтой, сомбон цы уыдзæнис, уый уæддæр хорз хатыдысты, алкæмæн дæр сæ йæ фыдыбæстæ, райгуырæн къуым бахъахъхъæнинаг кæй фæцис, уый. Хуссар Ирыстонмæ Тбилисæй фыццаг æртхъирæнтæ хъуысын райдыдтой, фæстæдæр та къордгæйттæй цæуын райдыдтой Ирыстонмæ æмæ алыгъуызон фыдбылызтæ арæзтой горæты алыварс хъæуты. Кузьма дæр уæд слæууыд, Дменисы чи хъахъхъæдта, уыдонимæ. Ам дæр спайда кодта йæ фæлтæрддзинад, йæ зонындзинæдтæй æмæ 2004 азæй цалынмæ ирон адæм се знæгтыл нæ фæуæлахиз сты, уæдмæ æххæст кодта батальоны командиры хæдивæджы хæстæ.

Хæст хæст у, уæззау хæс æр-хаудта Дменисы бахъахъхæныныл цы батальон архайдта, уый хæстонтæм дæр, фæлæ Кузьмайы ныфс æмæ хъару никуы асаст. Сæтгæ нæ, фæлæ ма йæ дæлбар хæстонтæн дæр уырнын кодта, тагъд гуырдзиаг мæнгард фыдгæнджытæ Ирыстонæй æгады тард кæй æрцæудзысты, уый.

Хæсты рæстæджы ирон адæм цы уавæрты цардысты, цы зынтæ бавзæрстой, уый абон махæй алчи дæр зоны, фæлæ алчи нæ зоны, уæд бирæ аскъуыддзаг кæнинаг  фарстатæ Кузьма йæхимæ кæй иста æмæ сæ кæй скъуыддзаг кодта, уый. Æппынæдзух архайдта, цæмæй хъæуы цæрджытæ бирæ рæстæг ма уой  ссад æмæ æндæр продукттæ цух.

Уыцы уæззау бонтæй рацыд 12 азы, фæлæ абон дæр Кузьмайæ хъæуы цæрджытæ æвæрынц стыр ныфс. Рухс кæннод доны хæххытыл исты фыдбылыз куы æрцæуы, уæд, кæд тагъд йе стай азы йæхи баисты, уæддæр никуы базивæг кæны. Ра-уары æххуысгæнджытæ æмæ цухдзинад иуварс æрцæуы афоныл.

Æппæтмæ дæр йæ ахæм ахастæн паддзахады разамынад кæны æмбæлон аргъ æмæ кад. Фæстаг азты Кузьма хорзæхджын æрцыд цалдæр юбилейон æмæ Хуыбылты Валерийы майданæй.

                                                                                              ГÆЗЗАТЫ Иван     

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.