СЫВÆЛЛОН СКЪОЛА КУЫ  ЦУХ КÆНА

Сывæллæтты хъомыл кæныны рæстæджы ныййарджытæй бирæтæ æмбæлынц ахæм проблемæйыл, куыд ахуыры рæстæджы скъола фæцух кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, хистæр кълæсты ацы проблемæ фæактуалондæр вæййы æмæ уый тынгдæр мæсты кæндзæн, куыд ныййарджыты, афтæ ахуыргæнджыты дæр.

Уымæ гæсгæ бирæтæн актуалон свæййы фарста: «Сывæллон фæцух кæны скъола. Цы хъæуы аразын?», фæлæ цалынмæ хъæртæ кæнын æмæ ныры фæлтæр фесæфт, зæгъгæ,  мах рæстæджы ахæмтæ нæ уыд, уыдæттæ дзурын райдайат, уæдмæ ахъуыды кæнут ууыл, цы уыд сымах рæстæджы. Зæрдыл æрлæууын кæнут, уæхæдæг цæмæн цух кодтат уроктæ, кæд уый иу хатт, кæннод дыууæ хатты уыд, уæддæр. Уæды ахасты аххосæгтыл куыд ахъуыды кæнат, уæд фарстайæн, цы саразон, зæгъгæ, дзуапп æрцæудзæн йæхигъæдæй.

Æрмæстдæр ахæм ситуацийы, цы æмæ куыд хуыздæр бакæной, уый чи нæ зоны, уыдонæн мæнæ цалдæр амынды.

Сывæллон уроктæ куы цух кæна, уæд, фыццаджыдæр, сбæрæг кæнын хъæуы, цæмæн афтæ кæны. Бацархайут, цæмæй сын базонат, йæ ахуыргæнджытæй, мыййаг, конфликты сты се ‘мкъласонтимæ, кæннод скъолайы иннæ ахуырдзаутимæ. Йæ иумæйаг уагахастæй йын проблемæтæ ис æви нæ. Уыдон, чизоны, ахуыргæнджыты цæсты ма хауой, фæлæ сын уа бæрæг серьезон фæстиуджытæ.

 

Аххосæгтæ

Сывæллоны, гæнæн ис, скъоламæ йæ зæрдæ нæ хæссы, уымæн æмæ уым æппæт дæр зын бамбарæн у, кæннод та уый развæлгъау зоны, цæмæй йæ бафæрсдзысты, уый.

Дыккаг вариантмæ хауынц отличниктæ-змæнтджытæ, кæцытæ раджы ахызтысты, скъолайон программæ цы домы, уыцы æмвæзадæй. Уыдон, æнæуыйдæр æппæт дæр зонынц æмæ ма цæмæн цæуынц ацы скъоламæ. Ахæм рæстæджы æнæмæнг сбæлвырд кæнын хъæуы, цæуыл хардз кæны йæ рæстæг скъолайæн æддейæ æмæ ацы процессмæ хъæуы хъус æрдарын. Партæйы фарсмæ «æнкъардæй бадыны» бæсты, сывæллон гæнæн ис фылдæр базона æмæ йæхицæн исты пайдайы архайд кæна.

Æмæ кæд сывæллон цух кæны скъола, уымæн æмæ йæм рæстæг æрвитын хуыздæр кæсы цавæрдæр æнæуаг æмбæлттимæ, кæцытæ, бæрæг нæу, куыд бандавдзысты ууыл,  уæд уыдон та сты уæлдай тæссаг симптомтæ.

 

Уынаффæтæ – ныййарджытæн

Фæлæ уæддæр иууыл тæссагдæр симптом у сайын. Сывæллон сайын куы райдайа, бæрæг у,  цыдæр æмбæхсы, уый. Ахæм рæстæджы сывæллонимæ хъæуы æргомæй ныхас кæнын, цæмæй уыл баууæнда. Бафæлварут, радзурут ын, тынг хорз æй кæй æмбарут, уый, зæгъгæ, йæ рæстæджы сымахæн дæр уæ бон кæй нæ уыд партæйы фарсмæ бирæ рæстæджы бадын, æддейæ хорз боныгъæд кæй уыд, уый тыххæй.  Хатт уроктыл кæронмæ бадын-иу уын зын кæй уыд. Бацархайут йæ бахъæлдзæг кæныныл, ацæут компромиссыл. Афтæмæй гæнæн ис æмæ аскъуыддзаг кæнат ахсджиаг проблемæ. Сывæллон куы фæхата, баууæндæн уыл ис, уæд гæнæн ис бинонты ‘хсæн ахастытæ дæр фæхуыздæр уой.

Практикæ куыд æвдисы, уымæ гæсгæ æнæпайда у уе ‘мбæлтты, кæннод зонгæты фæлтæрддзинад райсын, уымæн æмæ алы сывæллон, у  индивидуалон æмæ удгоймаг, кæцы нæу æндæрты хуызæн.

Ууæндут уæ сывæллæттыл, фæлæ уæ рох ма уæт, рæстæгæй-рæстæгмæ сæм уæ хъус дарат се ‘нтыстдзинæдтæм æмæ куыд цæуынц скъоламæ, уымæ. «Фæстæмæ раздахæн кæмæн нæй, уыцы момент»  къухæй куы аирвæза, уæд тынг зын уыдзæн сывæллоны ахаст æмæ психикæйы исты фæивын.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.