Æнæмæнг, нæ адæм адæмон хæдзарады хицæн æмæ хицæн къабазты цæуынц размæ, ис сын æнтыстытæ, зæрдæйы фæндиаг фæстиуджытæ. Уый хорз у, æгайтма нæ чысыл, фæлæ размæдзыд дзыллæ сгуыхтдзинæдтæ æвдисынц æмæ уымæй кад кæнынц сæхицæн дæр æмæ æндæртæн дæр, нымад сты æндæр адæмты ‘хсæн. Нымады та куы вæййы, уæд сæ йæ базонын дæр фæфæнды, цы адæмыхаттæй у, зæгъгæ. Æмæ кæуылты æхсызгон вæййы зæрдæйæн, ирон æмбæстаг та кæй фес-гуыхт зонад æмæ техникæйы, культурæ æмæ аивады. Уый, фыццаджыдæр нацийæн йе стыр кад æмæ амонд у. Æмæ нацийæн та сæйраг йе ‘взаг кæй у, уый руаджы вæййæм нæхицæй сæрыстыр, æгайтма æндæр адæмты хсæн дзыхъхъы лæуд не стæм, зæгъгæ. О, нацийæн та сæйраг йе ‘взаг у, уый руаджы фæхæссæм нæ сæртæ бæрзонд, нæ удварны хæзнатæй уымæн вæййы сæрыстыр. Фæлæ цæмæй наци рæза, цæуа, бонæй-бон тыхджындæр кæна, уый тыххæй мыхуыры дзырд æнæмæнг хъæуы.

Нæ адæм бахъуыды рæстæджы кæрæдзимæ æнгом æрбалæууынц, искæй къæхты бын сæхи не скæндзысты. О, уый бахъуыды заман, фæлæ та стæй нæхи ауадзæм, цыма нын дарддæры хæстæ сæххæст кæнын нал хъæуы, нæхи афтæ æнæмæтæй февдисæм. Цæ-виттон, азæй азмæ къаддæр кæны, ирон периодикон мыхуыр чи рафыссы, уыдоны нымæц æмæ уый та у катайаг хъуыддаг. Æрæджы, периодикон мыхуыр куы фыстон, уæд мын «Югоспечать»-ы агентаты хистæр Саулохты Зоя катайгæнгæ дзырдта, ирон периодикон мыхуыр рафыссыныл æмбæстæгтæ сæ къух кæй исынц, уый тыххæй. Ацы ахсджиаг кампанимæ раздæр азты уыд хорз хъусдард, йæ рафыссын-иу кæмæн бахæс кодтой, уый æнкъардта бæрндзинад æмæ æдзухдæр архайдта, цæмæй ацы ахсджиаг хæсæй йæхи иуварс мачи кæна. Афтæ уыд раздæр азты, æмбæстæгты царды уавæртæ хуыздæр куы уыдысты, уæд дæр. Раст у, ныр царды авналæнтæ скадавар сты, фæлæ уæддæр се ‘хсæн хъæуы агитацион куыст кæнын, цæмæй рафыссой рæстæгыл газеттæ. Науæд ма æркæсæм, цы мæгуырау нымæцтæ уын хæссын уæ размæ, 21 июнмæ нæ республикæйы цæрджытæ цас рафыстой бынæттон газеттæ æмæ журнал, уыдон. Зæгъæм, газет «Хурзæрин» рафыстой 215 иуæджы, «Южная Осетия»-363, « Республика»-324 æмæ журнал «Фидиуæг» та 38 иуæджы. Уæдæ фæтагъддæр хъæуы мыхуыр рафыссыныл, цæмæй нæ алчи дæр иса æмæ кæса бынæттон ирон газеттæ æмæ журнал « Фидиуæг».

Хуыбиаты Н.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.