Не ‘хсæнæй фæхъуыд Ирыстоны адæмон фыссæг, поэт, драматург, публицист, литературæиртасæг, тæлмацгæнæг, Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты сæйраг зонадон кусæг, Гуырдзыстоны ССР-йы Зонæдты академийы уæнг-корреспондент, Хетæгкаты Къостайы æмæ «Нарты фæткъуы»-йы премиты лауреат Джусойты Нафи Григорийы фырт.

Ирыстоны исчи Нафийы ном куы сдзуры, уæд алчидæр уыцы тæккæ бамбары, дзырд кæуыл цæуы, уый. Джусойты Нафи Григорийы фырты лæггæдтæ ирон адæмæн иттæг бирæ сты.

Джусойты Нафи райгуырд 1925-æм  азы 27-æм февралы Къуыдаргомы, æмыдзаг æмæ куыстуарзон бинонты æхсæн.

1941-æм азы 20-æм июны Джусойты Нафи æнтысгæйæ каст фæци Кировы хъæуы астæуккаг скъола. Уæд, дыууæ боны фæстæ, райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Уымæй 32 боны фæстæдæр та Джусойты Нафи Советон Цæдисы бирæ æндæр æмбæстæгтау, ссис салдат. Æрмæстдæр 1945-æм азы ноябры фæуды уымæ æрхауд йæ уарзон хæхтæм æрыздæхыны амонд. Нафи Григорийы фырт кадимæ хаста ирон лæджы ном, уыимæ иумæ уыд æнувыд фæллойгæнæг, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты салдат.

Хæсты фæстæ Джусойты Нафи йæ цард снывонд кодта йæ адæмæн, йе ‘взаг, литературæ æмæ культурæйæн лæггад кæнынæн…

Ирыстонæй æттейæ уый бирæ рæтты зыдтой, куыд фыссæг, философ, æхсæнадон архайæг, афтæ. Нæ бæстæйы къухдариуæгады фæндонмæ гæсгæ 2015 аз расидтæуыд Джусойты Нафийы азæй, уымæн æмæ куыд фыссæг, афтæ йæ фæллойæ æмæ зонадон архайдæй дæр уый стыр хайбавæрд бахаста ирон филологимæ.

Джусойты Нафийы рухс ном мыггагмæ цæрдзæн йæ раттæг адæмы, стæй йæ Ирыстонæн æттейæ чи зыдта, æппæт уыдон зæрдæты.

Рухсаг у!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.