(Мæ хъуыдыйæгтæ)

Адæймаг бонæн ног хабар кынæ хъуса, уæд йæ хъустæ хæрæджы хъустау стыр кæнынц, зæгъгæ, дзуры адæмон æмбисонд.

Æвæццæгæн ныртæккæ бирæтæ фехъуыстаиккой биороботты кой. Биороботты хъуыды ист у зонадон-фантастикон уацмыстæй. Йæ мидис уый мидæг ис, æмæ, цыма адæймаджы зонд баиугæнæн ис роботы «уæнгтимæ», æмæ уæд уый уыдзæн æнахуыр тыхджын æмæ зондджын чидæр, æви цыдæр?.. Бынтон æрæджыдæр ма уый махмæ диссаг каст, æмæ йыл иттæг æууæндгæ дæр ничи кодта бынтон рæуæууæнк сабитæй дарддæр. Ныр уыцы хъуыддаг кæд æгасæй нæма сæххæст, уæддæр биороботты фæзындмæ бирæ нал хъæуы.

Цæвиттон роботтæ аразæг фирмæ Хенсен роботикс «сфæлдыста» адæймагæнгæс роботтæ София, Хан, Бина æмæ æндæрты. Уыдонæй алкæмæн дæр ис йæхи арæхстдзинæдтæ æмæ сæрмагонд миниуджытæ. Се ‘ппæты диссагдæр у София. Уымæн йæ бон у цыфæнды зын политикон фарстыл дæр уынаффæ кæнын, фарстытæн дзуаппытæ дæттын. Афтæ зындгонд сси, æмæ йын Саудаг Аравийы радтой æмбæстагдзинад. Ис ын йæхи роботон бæллиц – адæймагыл фæуæлахиз уæвын.

Иннæ диссаджы робот-гуманоид та у Хан. Уый дæр у тынг дзырдарæхст æмæ ныхмæ лæууын фæразы цавæрфæнды быцæуты дæр. Æрæджы дзы хъазгæ-хъазын сирвæзт, зæгъгæ, мын рæхджы уыдзæн мæхи сæрмагонд æфсад.

Бина-48, зæгъгæ уыцы робот ныртæккæ у иунæг робот-студент. Уый ахуыр кæны Америкæйы уæлдæр ахуыргæнæндæттæй сæ иуы философон факультеты. Уымæн та йæ бæллиц у базырджын ракетæтыл йæ бар куы цæуид æмæ дуне йæ дæлбар куы уаид.

Æвзæр зæрдæ сын нæй ацы къæцæлæй чындзытæн! Хъазын хъазын у, фæлæ уыдонæн сæ арæхстдзинæдтæ кæнынц уæрæхæй уæрæхдæр. Ахæм рæстæг æрцыди, æмæ терминаторы хабар сæцæги. Фæлæ терминатор адæймаджы хæрзиуæгæн арæзт уыд, ацы роботтæн та се ‘фсæн зæрдæты кæд ныридæгæн ахæм бæллицтæ ис, уæд дарддæр та цы кæндзысты! Ныридæгæн уыдон баивтой адæмы бирæ куыстуæтты, æмæ æгæрыстæмæй хæринаггæнæнты дæр. Уыдон «къухтæй» конд хæринагæй чи ацаходыдта, уыдон зæгъынц, зæгъгæ сæ «армæй кондæн» æмбал нæй!

Æрæджы Уæрæсейы информацион каналтæй иуы дзырд цыди роботты диссаджы миниуджытыл, ома тагъд рæстæджы уыдонæн сæ бон уыдзæн адæймаджы йæ царды бирæ фадгуыты раивын, уыцы нымæцы æнæ уæвгæ цы у, ахæм хъуыддæгты дæр…

Кæй зæгъын æй хъæуы, адæттыл ныр дис кæнын нал хъæуы, фæлæ сæм хъæуы хъус æрдарын, уымæн æмæ цы дуджы цæрай, уый дын хъуамæ æнæзонгæ ма уа, науæд дзы æнцонтæй ис фесæфæн, фæдзæгъæл уæвæн. Æмæ æппæт адæттæ, чизоны, афтæ тæссаг нæ уаиккой, уымæй фыддæр цаутæ дзы куынæ фæзындаид, уæд.

Цæвиттон, æрæджы социалон хызæджы апарахат ахæм информаци, ома Уæрæсейы горæттæй иуы сывæллæтты буары хъуамæ æвæрд æрцæуа чысыл электрон чип (хоры гагайы йас чысыл электрон нæмыг) , цæмæй, ома, сын фесафынæй тас ма уа. Ацы хъуыддагæн ныридæгæн ис бирæ фарсхæцджытæ. Уыцы чип канд æдасдзинады тыххæй нæу, фæлæ дзы æвæрд уыдзысты адæймаг чи у æмæ цы у, уый, стæй йæ финансон æвæрæнты тыххæй зонæнтæ. Ахæм чип чи сæвæра, уымæн йæ бон æнцонтæй уыдзæн, тагъд рæстæджы цы электротехникон цардуагон лæггæдтæ фæзындзæн, уыдонæй пайда кæнын. Æвæргæ та йæ кæнынц афтæ: судзин аразæны йæ бавæрынц æмæ йæ бауадзынц цармы бын. Фæлæ уыиæ иумæ йæ цард æмæ йæ фæндæгтæ æдзух уыдзысты фæрсырдыгæй хъусдарды бын. Кæйдæр хинæйдзаг «цæст» ын уындзæн йæ алы фезмæлд, хъусдзæн ын йæ алы сныхас дæр. Афтæмæй адæймаг æнустæй æнустæм цы сæрибардзинадмæ бæллыд, уымæй æнæ ацаходгæйæ бахаудзæн æнæзынгæ амынæты.

Уæдæ роботтæ адæмы хуызæн суыдзысты, уый цас диссаг у, кæд æмæ адæм роботты хуызæн суæвынмæ хъавынц, уæд!

Æниу адæймагмæ уарзт æмæ хæларады æнкъарæнтæ куынæ уа, уæд роботæй хъауджыдæр нæу.

Уæдæ бахизæм нæхи, цæмæй ма суæм къæцæлæй чындзытæ, уæм, æрдз, дунескæнæг нæ цахæмæй рантысын кодта а-дунемæ, ахæм.

Годжыцаты Нелли 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.