20-æм декабры Тедеты Георгийы номыл Цхинвалы 1-æм музыкалон скъолайы уагъд æрцыд  ногазон хыгъдон концерт. Концерты хайад райстой музыкалон скъолайы фортепиано, хор, скрипкæ, гитарæ, аккордеон, вокалон æххæсткæнынады, домрæйы хайадты хъомылгæнинæгтæ. Музыкалон скъолайы традицион ссис æрвылаз дæр ахæм бæрæгбонон концерттæ уадзын.

Зал уыд бæрæгбонвæлыст. Сывæллæттæ уæлдай рæсугъддæр уыдысты бæрæгбонон уæлæдарæсы.Мадзалмæ æрбацыдысты горæт Цхинвалы администрацийы культурæ, фæсивæд æмæ спорты управленийы хистæр Тасойты Игорь, ацы управленийы æндæр минæвæрттæ, сывæллæтты ныййарджытæ. Мадзал амыдта РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Котолиты Тамарæ. Уый раарфæ кодта залы æрæмбырдуæвджытæн се ‘ппæтæн дæр Ног азы æрбалæуды цытæн.

Бæрæгбонон концерт байгом кодтой ацы скъолайы хоры кæстæр кары хъомылгæнинæгтæ РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Тасойты Валентинæйы къухдариуæгадæй. Уыдон сæххæст кодтой æртæ зарæджы: «Осенний вальс», «Это наша зимушка – зима», «Мы желаем счастья вам». Уый фæстæ концерт адарддæр кодтой иннæ æххæстгæнджытæ, кæцытæ тырныдтой сæ арæхстдзинад иттæг хорз равдисынмæ. Залы хъуыстысты зынгæ ирон композитортæ Æлборты Феликс, Гæздæнты Булат, Плиты Мураты уацмыстæ, афтæ ма композитортæ Ф. Бах, В. Моцарт, П. Чайковский, А. Шнитке, А. Ермолов, Д. Штейбельт æмæ æндæрты уацмыстæ.

Алы музыкалон уацмыс дæр цымыдисон вæййы, йе ‘ххæстгæнæг æй куыд сæххæст кæна, текст куыд сахуыр кæна æмæ йын йæ характер сценæмæкæсæгæн куыд равдиса, уымæ гæсгæ. Программæ адарддæр кодта 1-аг къласы ахуыргæнинаг Хаситы Линæ, сæххæст кодта оперон зарæг «Музыкант – турист».  Кæд сценæйыл ахуыргæнинæгтæ чысыл тыхстысты, уæддæр сæ арæхстдзинад тынг хорз равдыстой 2-аг къласы ахуыргæнинæгтæ  Гобозты Аннæ, Тедеты Дмитри æмæ Гасситы Мария, Гатыгкоты Линæ, Дзабиты Моникæ, 3-аг къласы ахуыргæнинæгтæ Леонтьев Клим æмæ Джиоты Вадим. Гæбæраты Дианæ æмæ Гасситы Нинæ сæххæст кодтой зарæг «Вереница легких нот», Гуыцмæзты Арианнæ аккордионыл иттæг хорз сæххæст кодта композитор Гæздæнты Булаты уацмысæй скъуыддзаг «Хонгæ»-йæ ахуыргæнæг – РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Куымæридтаты Тинæйы. 4-æм къласы ахуыргæнинæгтæ – Гобозты Роман, Къацты Мария, Букуылты Еленæ, Гулиты Артур, Плиты Аннæ, 5-æм æмæ 6-æм кълæсты ахуыргæнинæгтæ Гæджиты Кирæ, Пæррæстаты Аннæ, Хаситы Ланæ, Тасойты Анастасия, Быценты Аннæ-Мария, Тасойты Илонæ æмæ æндæртæ дæр тынг хорз сæххæст кодтой сæ номыртæ.

Сценæмæкæсджыты зæрдæтæ барухс кодта йæ аив цагъдæй 7-æм къласы ахуыргæнинаг Биазырты Алан дæр. Уый сæххæст кодта композитор Æлборты Феликсы уацмыс «Чызджыты кафт».

Кæронбæттæны концерты иумæ азарыдысты хоры хистæр кары хъомылгæнинæгтæ æмæ ацы скъолайы ахуыргæнджытæ, РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг Дзадтиаты Маринæйы сæргълæудæй сæххæст кодтой цалдæр зарæджы. Концерты иумиагæй уыд 45 номыры. Сывæллæттæ уыдысты тынг хорз цæттæ æмæ сыл æрæмбырдуæвджытæ æмбæлдысты тыхджын къухæмдзæгъдимæ.

Концерты фæуды Тасойты Игорь раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн. Уæлдай бузныджы ныхæстæ загъта, ахæм хорз концерт чи бацæттæ кодта, уыдонæн. Музыкалон скъолайы директор Тедеты Маринæ та алкæцы ахуыргæнинагæн дæр йæ сæххæстгонд номыры фæстæ кодта зæрдылдарæн лæвар.

 

Чертхъоты Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.