Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр сæ рауагъдонтæн диссаджы бæрæгбонон мадзал бацæттæ кодтой Хуриты Гивийы номыл Цъинагары астæккаг скъолайы коллектив сæ директор Гуссойты Ласкойы сæргълæудæй. Ацы бонмæ рагæй цæттæ кодтой сæхи куыд ахуыргæнджытæ, афтæ ахуыргæнинæгтæ дæр.

26-æм майы Цъинагары Культурæйы хæдзар уыд бæрæгбонвæлыст, хъуыстысты дзы музыкæйы æхцон зæлтæ. Уыцы бон уым фæстаг дзæнгæрæг айзæлыд 5 рауагъдонæн. Ссис боны 11 сахат æмæ райдыдта цытджын линейкæ. Рауагъдонтæн арфæйы ныхæстæ зæгъыны сæраппонд уырдæм фæуазæг сты РХИ-йы Парламенты депутат Гæбæраты Таймураз, РХИ-йы Дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар Джиголаты Хасан, Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Гулиты Владимир. Мадзалмæ æрбацыдысты скъолайы коллектив, ахуырдзаутæ, хъæубæсты цæрджытæ.

Цытджын линейкæ байгом кодтой мадзаламонджытæ – скъолайы ахуырдзаутæ Хуыбылты Аннæ æмæ Уазæгты Дианæ. Рауагъдонтæн зæрдæбын арфæтæ ракодта Гуссойты Ласко, бафæндыд æй уыдонæн  иууыл  хуыздæр фæндиæгтæ  сæ  дарддæры царды. Арфæйы ныхæстæ ма сын загътой уазджытæ дæр. Гæбæраты Таймураз  рауагъдонтæн бакодта зæрдылдарæн лæвæрттæ. Джиголаты Аннæ сæххæст кодта цалдæр зарæджы, ахуыргæнинæгтæ бакастысты æмдзæвгæтæ.

Мадзал бацæттæ кодта рауагъдонты къласгæс Хуыбылты Дианæ. Мадзалы кæрон рауагъдонтæ æмæ æрæмбырдуæвджытæ иумæ акафыдысты ирон национ кафт «Симд». Фæстаг дзæнгæрæджы бæрæгбон рауад тынг цымыдисон.

ХУЫБЫЛТЫ Ленæ,

Цъинагар

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.