Зынгимӕ хъазӕн нӕй, фӕзӕгъынц. Ӕцӕгдӕр, зынгсирвӕзт цы егъау фыдбылызтӕ расайы, уый ӕмбӕрстгонд у, ӕмӕ хъуамӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, уӕм къӕрцхъусдӕр, стӕй куы бахъӕуа, уӕд та ӕнауӕрдонæй тох кӕнын фӕразӕм йӕ ахуыссын кӕныныл. Фӕлӕ фылдӕр хатт афтӕ нӕ рауайы ӕмӕ уый та йӕ фӕдыл расайы дзӕвгар материалон зиӕнттӕ.

Нӕ республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты Министрады зынгхуыссынгӕнӕнир-вӕзынгӕнӕг фыццаг фадыг ӕрбынат кодта Цхинвалы ӕмӕ архайы, ӕмбӕстӕгтӕ цӕрӕнбонты цӕуыл фӕфыдӕбон кӕнынц, уыцы исбон бахъуыды рӕстӕджы зынгӕй бахъахъхъӕныныл. Хайады хистӕры хӕдивӕг дӕлбулкъон Чысиаты Ирбег куыд радзырдта, афтӕмӕй зынгсирвæзты фыдбылыз сцырын кӕныны, фылдӕр аххосджын сты ӕнахъомтӕ ӕмӕ иуӕй-иу хистӕр кары ӕмбӕстӕгты ӕнӕмӕт ахаст. Нӕ горӕты бирӕ ис, хицау кӕмӕн нал ис, фӕсвӕд ӕнӕхъусдардӕй чи аззад, ахӕм пырх хӕдзӕрттӕ. Уыцы бынӕтты хатт фӕхъазынц ӕнахъомтӕ, бафӕлварынц исты дзы ссудзыныл ӕмӕ уӕд арты гуылфӕнтӕ сӕхи хӕрдмӕ сивазынц. Дыккаг та уый, ӕмӕ зынгсирвӕзты рӕстӕджы рӕстӕгыл нӕ фӕсидынц зынгхуыссынгӕнджытӕм. Уыдон сӕхи тыхтӕ ӕмӕ фӕрӕзты фӕрцы фӕархайынц йӕ ахуыссын кӕныныл. Иугӕр йемӕ тох гæнæн куынӕуал вӕййы, ӕрмӕстдӕр нӕм уӕд фӕдзурынц, фӕлӕ уӕд та байрӕджы вӕййы, зынджы амӕттаг бавӕййынц дзӕвгар материалон ӕргъадтӕ.

Нӕ республикӕйы зынгсирвӕзтытӕ тынг арӕх вӕййы. Чысиайы фырт куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ ацы аз ӕрмӕст июлы мӕйӕ сентябры ӕмбисмӕ ӕрцыд 45 зынгсирвӕзтӕй фылдӕр. Зӕгъӕм, зынгсирвӕзтытӕ уыд Заводы, Сомихаг, Коцойты Арсены номыл уынгты ӕмӕ ӕндӕр рӕтты. Ацы фадыджы кусджытӕ бахъуыды рӕстӕджы зынг хуыссын кӕнынмӕ фӕтагъд кӕнынц республикӕйы хъӕутӕм дӕр. Раст у, районты дӕр ис, зынг бамынӕг кӕнын йӕ комкоммӕ хӕс кӕмӕн у ӕмӕ йӕ ахуыссын кӕныныл чи кусы, ахӕм фадгуытӕ. Фӕлӕ цалынмӕ Знауырӕй Аунеуы хъӕумӕ цӕуой, уӕдмӕ рацӕудзӕн дзӕвгар рӕстӕг. Цхинвалмӕ та уыцы хъӕу ӕввахсдӕр у ӕмӕ йӕм фыццаг фадыджы зынгхуыссынгӕнджытӕ ӕвӕстиатӕй ацӕуынц.

Цхинвалы горӕты фыццаг фадыджы ӕдӕппӕт ис 70 адӕймаджы. Караултӕ ивынц цыппар хатты ӕмӕ алы караулы суткӕйы дӕргъы сӕ хӕстӕ феххӕст кӕнынц 16 кусӕджы. Бафӕндыд мӕ хуыздӕр кусджыты нӕмттӕ ранымайын, фӕлӕ Чысиайы фырт уыцы фӕндоныл не сразы,уымӕн ӕмӕ сӕ алчи дӕр йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ бӕрндзинады цӕстӕй кæсы. Тыхст рӕстӕджы фезмӕлынц цырд. Уымӕй дарддӕр ма сын сӕ уавӕр фӕрог кӕнынӕн ӕххуыс вӕййы, 30 метры йӕ бӕрзӕнд кӕмӕн у, ахӕм асин. Тыхст рӕстӕджы  адӕймаджы бынмӕ ӕрхизын кӕнын ӕнцон нӕ вӕййы, фӕлӕ йыл фӕлтӕрд ӕмӕ цырд кусджытӕ бацархайынц хъаруджынӕй. Кусджыты физикон ӕмӕ хъӕуӕг фӕлтӕрӕнтыл цайдагъ кӕнынц бынаты, ис сӕм фаг техникӕ, дон ӕмӕ ӕндӕр ахӕмтӕ.

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.