Бæрæгбонты календары Сылгоймæгты дунеон бон 8-æм мартæн ис йæхи сæрмагонд бынат. Уый у иууыл рухсдæр æмæ цинæйдзагдæр бæрæгбонтæй сæ иу, кæцыйы бирæ азты дæргъы нысан кæны æгас адæймагад. Уалдзæгимæ уый æрцæуы алы хæдзармæ, алы бинонтæм дæр уæздан æнкъарæнтæ гуырын кæнгæйæ.

Сылгоймагæн Ирыстоны стыр кад кæнын бирææнусон традици у. Уымæ гæсгæ сылгоймæгты дунеон бон стыр цины æнкъарæнтимæ банысан кæнынц нæ республикæйы культурон уагдæтты æмæ иумиагахуырадон скъолаты. Ныр дæр та, ахæм рæсугъд мадзал бацæттæ кодтой нæ горæты Анахарсисы номыл библиотекæйы кусджытæ нæ горæты дыккæгæм скъолайы хистæр кълæсты ахуырдзаутимæ.

Мадзалмæ æрбацыдысты æмæ дзы хайад райстой  2-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ, сæ ахуыргæнджытæ, горæты библиотекæты сæр­гълæуджытæ, РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ, Хуссар Ирыстоны Абхазы æххæстбарджын минæвар Елбачиты Алан, ХИПУ-йы ирон литературæйы историйы кафедрæйы сæргълæууæг Плиты Гацыр, ХИПУ-йы хистæр ахуыргæнæг Плиты Серго.

Мадзаламонæг ахуырдзаутæ сæ раныхæсты банысан кодтой, зæгъгæ, нæй ахæм къабаз экономикæйы, зонады, культурæйы æмæ æхсæнадон царды, цыран сæхи нæ равдыстой нæ зынаргъ сылгоймаг фæллойгæнджыты аудаг къухтæ, цымыдисгæнæг зонд, хæдзардзин ахаст æмæ уды хъармдзинад. Нæ сылгоймæгтæ хайджын кæмæй сты, уыцы хорз миниуджытæ – хъæппæрисдзинад, удвидардзинад æмæ адæймагдзинад махæн алы уысм дæр ахсджиаг сты. Удуæлдай куыстæй Ирыстоны сомбон аразгæйæ, нæ сылгоймæгтæ нæ рох кодтой, æрдзæй сын лæвæрд чи у, уыцы хæс дæр: бинонты хъармдзинад æмæ райгуырæн бæстæйæн æмбæлон кæстæртæ схъомыл кæнын дæр. Сылгоймаджы куырыхон зонд дардыл у. Нæлгоймаг тыхджын у, фæлæ йæм уæддæр йе ‘ххуысы къух дары сылгоймаг.

Бæрæгбонон мадзалмæ æрбацæуджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодта Плиты Гацыр. Уый бæстонæй радзырдта, ирон сылгоймаг нæ царды цы ахсджиаг бынат æрцахста, уый тыххæй.

«Ирон сылгоймаг йæ царды бонты уæззау фæндæгтыл фæцыд æмæ сын фæрæзта, цалынмæ Стыр октябры революци нæ фæуæлахиз æмæ сылгоймаг йæ бартæ йæ къухмæ нæ райста, уæдмæ. Советон дуджы хорздзинæдтæ дардыл уыдысты, фæлæ уыдоны æхсæн кæуылты уыдысты сылгоймаджы бартæ, нæлгоймæгты æхсæн рарттывта сæ уды рæсугъд сконд. Царды сæрыл цы стыр тохтæ цыд, цы стыр ивындзинæдтæ хаста ног дуг, уым ирон сылгоймæгтæ дæр активон хайад райстой. Ног дуг сылгоймæгты ракодта размæ, царды гуылфæнмæ, бафтыдта сæ фæллойадон фæндагыл нæлгоймæгтимæ иумæ. Уæд  хуыздæр бамбæрстой нæлгоймæгтæ, цардæн æнæ сылгоймаг аразæн кæй нæй. Уæд нæм фæзындысты Мад – хъайтартæ, зонад, техникæ, медицинæ æмæ æндæр къабæзты раззагон – цæвиттойнаг сылгоймæгтæ. Ног дуг ирон сылгоймæгты ракодта царды фæндагыл, рухсдзинадмæ, амондджын цард аразынмæ. Фæлæ фæзындысты знæгтæ æмæ рацарæзт æмæ демократийы номæй æдзæллагмæ æркодтой æмæ абон дæр кæнынц адæмы цард æмæ рæсугъд хæрзиуджытæ. Æмæ та фæтыхстис ирон сылгоймаг. Ирыстоны зæххыл ссыгъдис хæсты арт æмæ ирон сылгоймаджы сæрыл ногæй сау кæрдæн ныббæттын кодтой. Фæлæ та уæддæр нæ фæтасыд ирон сылгоймаг, уый нæ, фæлæ та ам дæр балæууыдысты сæ нæлгоймæгты, сæ хæцæг хъæбулты фарсмæ æмæ сын сæ ныфсыл ныфс æфтыдтой. Цард ивындзинæдтимæ баст у, цæуынц уыцы ивындзинæдтæ махмæ дæр мæ хуыздæр кæны нæ сылгоймæгты цард дæр», – загъта Плиты Гацыр.

Йæ раныхасы кæрон уый зæрдæбын арфæтæ ракодта ирон сылгоймæгтæн се ‘ппæтæн дæр, цæмæй уой амондджын, хъæлдзæг, цæрдхъом, зæрдæрухс. Йæ хъусдард адæхта чызг-фæсивæдмæ, цæмæй сæ сомбоны фæндæгтыл фылдæр, хуыздæр, биноныгдæр ныхъхъуыды кæной. Сылгоймаджы фарн æмæ æгъдауæй æххæст куыд уой.

Мадзалы раныхас кодта РХИ-йы Культурæйы министры хæдивæг Дзеранты Джульеттæ.

«Хуыцау махæн, зæххон адæмæн, балæвар кодта мады зæрдæйы æнæкæрон уарзт. Мад у, уыцы адæймаг, кæцы дын радта цард æмæ дын кæддæриддæр дæхицæй фылдæр фæцин кæндзæн де ‘нтыстытыл. Дæхицæй тынгдæр та фæрисдзæн дæ зындзинæдтыл. Мады зæрдæ хаты дæ алы къахдзæф дæр æмæ нæ зоны æнцой. Æвæццæгæн зæххы къорийыл алцæмæн дæр ис ссарæн: хъæздыгдзинад, стыр кад æмæ номæн, фæлæ уæддæр уыдонимæ нæй абарæн мады лæггад æмæ уарзондзинадæн. Уымæ гæсгæ мæн ирон сылгоймаджы номæй раарфæ кæнын фæнды æгас дунейы сылгоймæгтæн дæр. Уадз æмæ амондджын уæд зæххы къорийыл æппæт сылгоймæгтæ дæр», – банысан кодта Дзеранты чызг.

Бирæ хъарм æмæ рæсугъд абарстытæ сарæзта сылгоймаджы тыххæй Плиты Серго дæр.

«Сылгоймаджы тыххæй дзурын æнцон нæу. Сылгоймаг у, абарæн кæимæ ницæмæн ис, ахæм! Сылгоймагæй хуыздæр гæнæн ис æмæ уа æндæр сылгоймаг. Фæлæ, уæддæр мæнмæ афтæ кæсы, æмæ ирон сылгоймагæй хуыздæр, уымæй рæсугъддæр æмæ фæрнджындæр нæй. Уымæ гæсгæ, абон махæн сæйраг у, нæ фыдæлтæй нæм сылгоймаджы тыххæй цы рæсугъд æгъдæуттæ æрхæццæ сты, уыдон бахъахъхъæнын. Абон сылгоймаг алы фадыджы дæр слæууыд нæлгоймаджы æмрæнхъ. Фæлæ æппæт уыдæттæм нæ кæсгæйæ, мæн уæддæр фæнды, цæмæй нæ чызджыты удыхъæды аккаг бынат ахсой уæздандзинад æмæ æгъдау», – загъта уый.

Йæ раныхасы кæрон уый цæстуарзон арфæтæ ракодта ирон сылгоймæгтæн. Йæ цæст сын бауарзта æнæниздзинад æмæ амондджын цард.

Мадзалы ахуыргæнинæгтæ раныхасгæнæгæй раныхасгæнæджы æхсæн кастысты Чехойты Оляйы, Тасойты Ботаз æмæ Плиты Ильяйы фыст æмдзæвгæтæ мады, сылгоймаджы тыххæй.

Зæрдæбын уыдысты сылгоймагæн йæ арфæтæ Хуссар Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Абхазы Елбачиты Аланæн дæр. Йæ раныхасы уый банысан кодта, нæ республикæйы хæдбардзинад бахъахъхъæнынмæ стыр кæй уыд нæ сылгоймæгты хайбавæрд. «Уыдон æдзухæй уыдысты нæ хæцæг лæппуты фарсмæ æмæ сын сæ ныфсыл ныфс æфтыдтой, сæ тыхыл та – тых. Уымæ гæсгæ æз зæгъдзынæн афтæ: сылгоймаг ды дæ нæлгоймагæн йæ ныййарæг, ды йын радтай цард. Сылгоймаг ды дæ, нæлгоймагæн йæ цинтæ æмæ йæ зынтæ дихгæнæг. Амондджын æмæ цардæфсæст ут!», – загъта Алан.

 Сылгоймаджы тыххæй бирæ хъарм ныхæстæ загъта нæ горæты 12-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг Санахъоты Ирæ.

Мадзалы хайад райста æмæ дзы мады тыххæй цалдæр зарæджы сæххæст кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Æлборты Малхаз æмæ уымæй мадзал ноджы фæаивдæр.

Кæронбæттæны Анахарсисы номыл республикон библиотекæйы директор Кокойты Валерия раарфæ кодта мадзалмæ æрбацæуджытæн. Уый уæлдай хъусдард аздæхта ахуыргæнинæгтæм, сæ ахуыргæнæг Бестауты Аллæмæ, ахæм рæсугъд мадзал библиотекæйы кусджытимæ иумæ кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй æмæ сæ схорзæхджын кодта грамотæтæй.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.