Сылгоймæгты æппæтдунеон бон – ахсджиаг æмæ алкæмæн дæр уарзон бæрæгбон. 8-æм март – цинхæссæг уалдзыгон бæрæгбон. Ацы бон сылгоймæгтæн кæнынц лæвæрттæ, фæдзурынц сын рæсугъд ныхæстæ, арфæтæ.

Уалдзæджы ацы рæсугъд бæрæгбон уæрæхæй банысан кæнынц Ирыстоны дæр. Бæрæгбон, куыд алы аз, афтæ ныр дæр 8 марты банысан кодтой Цхинвалы районы Дменисы хъæуы дæр. Мадзал бацæттæ кодтой Культурæйы хæдзары директор Икъаты Ануси æмæ библиотекæйы кусджытæ Джиголаты Заремæ æмæ Æлборты Мадинæ.

Уыцы бон хъæуы библиотекæ уыд бæрæгбонвæлыст. Къулыл конд плакаттыл ставд дамгъæтæй фыст уыд рæсугъд ныхæстæ сылгоймæгтыл, мæдтыл –  ахæмтæ, куыд

«Æнустæм дын

Кæндзысты кад,

Нæ цин, нæ фарн –

Сылгоймаг, мад!» æмæ æндæртæ.

Мадзалмæ æрбахуыдтой бирæсывæллонджын æвзонг мæдты – авд сывæллоны мад Кокойты Элинæ æмæ фондз сывæллоны мад Козаты Каринæйы.

Икъаты Ануси йæ ныхас райдыдта зæрдиаг арфæтæй. Уазджытæн æмæ æппæт Ирыстоны сылгоймæгтæн йæ зæрдæ загъта, цæмæй сын канд бæрæгбæтты нæ, фæлæ æрвылбон дæр дзурой рæсугъд ныхæстæ. «Рагæйдæр Ирыстоны сылгоймагæн уыд стыр кад. Сылгоймаг у къона хъармдарæг. Сылгоймаджы зондджын ахаст æмæ йе ‘нувыддзинад бинонты фидар кæнынц. Уадз æмæ уæ цуры кæддæриддæр аккаг нæлгоймæгтæ уой!» – загъта Икъаты Ануси.

Хъæуы администрацийы номæй арфæтæ ракодта Дзанайты Заретæ. Йæ раныхасы уый банысан кодта, зæгъгæ, ивгъуыд рæстæджы бирæ зындзи-нæдтæ æвзæрста ирон сылгоймаг, цæмæй йæ бынат ссардтаид æхсæнады. Бирæ азты дæргъы уымæн æхгæд уыдысты йæ фæндæгтæ ахуырмæ, зонадмæ, аивадмæ. Æмæ абон нæ сылгоймæгтæ стыр хайбавæрд хæссынц нæ бæстæйы рæзтмæ. Дæлæмæ нæ уадзынц сылгоймаджы кад. Уыдонæй бирæтæ кусынц æхсæнады бæрнон бынæтты, кад æмæ радимæ æххæст кæнынц сæ разы æвæрд хæстæ…

Сылгоймагæн, мадæн иунæг ном йедтæмæ нæй. Мад алы æвзагыл дæр мад у, – дзуры дарддæр мадзалы хайадисæг, скъоладзау  Джиголаты Аланæ. Фыццаг хатт уый ном сдзурæм мах. Райгуырæн бæстæ, фыдæлты зæххимæ дæр ын уымæн барæм йæ ном. Уыдонæй зынаргъдæр, уыдонæй сыгъдæгдæр нын ницы ис дунейыл. Нæй мады аккаг ныхæстæ ссарæн. Мады уарзтæй тыхджындæр ницы ис.

«Мад, дæ хæрзтæ æз куыд кæнон рох!

Ма мын райс æнафоны зæрдæниз.

Æз дæу тыххæй афæлдахин хох,

Мин азы мæ фæндиаг фæцæрис», – поэты ацы æмдзæвгæйæ бакæрон кодта йæ ныхас Аланæ.

Уалдзæджы, сылгоймæгты, мæдты тыххæй ирон поэтты æмдзæвгæтæ аив бакастысты ахуырдзаутæ Джиголаты Аланæ æмæ Амандæ, Хацырты Каринæ æмæ Фатимæ, Уалыты Аслан, Лолоты Сережа æмæ æндæртæ.

Мадзалы кæрон уазджытæн радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уыдон та сæхирдыгæй бузныджы ныхæстæ загътой мадзаларазджытæн, сæ бæрæг-бон сын кæй барæсугъд кодтой, уый тыххæй.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.