Цымыдисон мадзал ауагътой 8-æм марты цытæн Цхинвалы районы Хелцуайы хъæуы культурæйы хæдзары Сатихъары иумæйаг скъолайы ахуыргæнинæгтæ. Мадзал сорганизаци кодтой культурæйы хæдзары директор Лолоты Джульеттæ æмæ Сатихъары хъæуы библиотекæйы сæргълæууæг Æлборты Маринæ. Аив фæ­лыст клубмæ æрæмбырд сты сывæллæтты ныййарджытæ. Бæрæгбонон арфæтæ ракодта Хелцуайы хъæуы культурæйы хæдзары хореограф Джыгкайты Хаджумар. «8-æм март у канд сылгоймæгты нæ, фæлæ ма нæлгоймæгты уарзондæр бæрæгбон. Мах дæр сымахау фенхъæлмæ фæкæсæм ацы рæсугъд уалдзыгон бонмæ. Алы нæлгоймагæн дæр зынаргъ сты йæ мад, йæ хо, йæ чызг, йæ цардæмбал. Уымæ гæсгæ уын нæлгоймæгты номæй арфæ кæнын, мæ зæрдæ уын зæгъы, фыццаджыдæр, æнæниздзинад. Зæрдæрайгæйæ куыд цæрат, маст куыд никуы фенат, уыцы амонд уæ уæт!», – загъта Хаджумар

Ахуыргæнинæгтæ дæр зæрдиагæй арфæ кодтой сылгоймæгтæн, балæвар сын кодтой дидинджытæ. Кафыдысты, зарыдысты, дзырдтой æмдзæвгæтæ сылгоймаджы цытæн. Равдыстой сын пьесæйæ скъуыддзæгтæ дæр. Ролтæ афтæ аив сæххæст кодтой æмæ сыл мадзалмæ æрбацæуджытæ сæмбæлдысты къухæмдзæгъдимæ.

Мадзалы кæрон культурæйы хæдзары директор Лолоты Джульеттæ раарфæ кодта ахуыргæнинæгтæн, сылгоймæгты зæрдæтæ кæй барухс кодтой, уый тыххæй. «Фæнды мæ цæмæй уат æнæниз, хъомыл кæнат сабыр арвы бын. Алы хатт дæр рæхсут уæ мæдтæн арфæ кæнынмæ. Сымах махæн стут курдиатджын кæстæртæ. Абон цы мадзал сарæзтат сылгоймæгты цытæн, уый æхцондзинад æрхаста алкæмæн дæр. Мæ цæст уын уарзы æнæниздзинад, ахуыр-фæразондзинад, æмæ ирон æгъдæуттыл æнувыд уæвын».

Райгондæй баззадысты мадзалæй канд хистæр кары адæм нæ, фæлæ сывæллæттæ сæхæдæг дæр.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.