Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон кæм нæ банысан кæнынц. Ацы нысаниуæгджын боны цытæн цымыдисон мадзал уагъд æрцыд Знауыры районы Балтайы астæуккаг скъолайы дæр. Сорганизаци йæ кодтой ацы скъолайы райдиан кълæсты ахуыргæнæг Харебаты Венерæ æмæ физкультурæйы ахуыргæнæг Уалыты Заринæ.

Мадзалмæ фæуазæг сты сывæллæтты ныййарджытæ, Балтайы хъæуы цæрджытæ, хъæууон администрацийы кусджытæ, уæрæсейаг арæнгæрон заставæйы арæнхъахъхъæнджытæ сæ цардæмбæлттæ æмæ сывæллæттимæ. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ ацы скъолайы кæй ахуыр кæны уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджыты сывæллæттæй 9 ахуырдзауы.

Мадзал амыдтой Харебаты Венерæ æмæ 6-æм къласы ахуыргæнинаг Беппиты Дианæ. Мадзалы нысан уыд рæзгæ фæлтæры хæрзæгъдауон-патриотон æнкъарæнтыл, Райгуырæн бæстæ уарзыныл ахуыр кæнын. Скъоладзауты Уæрæсейы æфсады сырæзты историимæ базонгæ кæнын æмæ афтæ дарддæр.

«Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон нысан кæнын райдыдтой 1918 азы, куыд Сырх Æфсады райгуырæн бон, афтæ. 1946 азæй бæрæгбон хуынд Советон Æфсады æмæ Æфсæддон-денджызон флоты бон. 1995 азы 10-æм февралæй та – Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон», – дзырдта мадзаламонæг.

Æрæмбырдуæвджытæн арфæйы ныхæстæ загътой Балтайы астæуккаг скъолайы директор Гас-ситы Мая, Балтайы хъæууон администрацийы сæргълæууæг Санахъоты Ростом, скъолайы ахуыргæнæг Гæджиты Сиранæ, арæнгæрон заставæйы хистæры хæдивæг Ердос Турдубеков, арæнхъахъхъæнæг Андрей Король, арæнхъахъхъæнджытæ-ныййарджытæ Сергей Лузанов æмæ Рустам Магометов.

 «Уæрæсейаг Æфсад хъомысджын у. Уый конд у алыгъуызон æфсæдтæй, куыд мотоæхсæг, танкон, ракетон, десантон, авиаци, денджызон флот, фистæг æфсадæй», – дзырдта мадзаламонæг. Ахуыргæнинæгтæ бакастысты æмдзæвгæтæ куыд иронау, афтæ уы-рыссаг æвзагыл дæр, азарыдысты æфсæддон зарджытæ «Три танкиста», «Наша армия самая силь-ная», «Я служу России» æмæ æндæртæ. Равдыстой инсценировкæ-тæ «Рота, подъем», «В военкомате» æмæ афтæ дарддæр. Уагъд сын æрцыд конкурстæ «Меткий стрелок», «Составь слова», «Веселые танкисты», «Русские военные пословицы» æмæ афтæ дарддæр. Мадзалы ма уагъд æрыд блиц-æрфарст  æмæ уыци-уыцитæ.

Мадзал рауад цымыдисон, æрæмбырдуæвджытæ баззадысты райгондæй æмæ бузныджы ныхæстæ дзырдтой йæ организатортæн.

БЕППИТЫ Мадинæ,

Балтайы астæуккаг

скъолайы ахуыргæнæг

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.