Нæ республикæйы æхсæнад банысан кодта 23 февралы Фыдыбæстæ хъахъ-хъæнæджы бон. Ацы бæрæгбон  цытджын æгъдауæй банысан кодта горæты централон библиотекæйы коллектив дæр. Мадзал бацæттæ кодта библиотекæйы хистæр библиотекарь Тедеты Эльзæ. Бæрæгбонон мадзалмæ æрхуындæуыд библиотекæйы чиныгкæсджыты, уыцы нымæцы горæты скъолаты ахуырдзауты дæр.

Мадзал бæрæгбонон арфæтæй байгом кодта библиотекæйы директор Прокопенко Иринæ.  Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæн æмæ йæ æрæмбырдуæвджытæн бафæндыд фидар æнæниздзинад, цъæх арвы бын  дидинæфтаугæ сæрибар Ирыстоны цæрын, цыбыртæй радзырдта бæрæгбоны сырæзты историйы тыххæй, банысан кодта советон дуджы дæр æмæ ныр дæр ацы бæрæгбоны ахсджиаг нысаниуæг.

«Нæ  дадатæ, нæ фыдтæ стыр хъару æмæ сгуыхтдзинæдтæ равдыстой Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы немыцаг фашизмы ныхмæ тохты. Къаддæр сгуыхтдзинад нæ равдыстой нæ фæсивæд ивгъуыд æнусы 90-æм азтæй 2008 азы августмæ тохты. Уыдон та сæ Райгуырæн бæстæ хъахъхъæдтой гуырдзиаг фашизмæй. Нæ адæмæй бирæтæ сæ цард нывондæн æрхастой Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл. Абон махæн нæ хæс у уыдоны рухс нæмттæ нæ рох кæнын, сыгъдæгæй сæ нæ зæрдæты дарын, удæгас чи баззад, уыдонæн та цыт æмæ кад кæнын», – банысан кодта Прокопенко Иринæ.

Дарддæр библиотекæйы кусджытæ дзырдтой, сæ хæстæджытæй Фыдыбæстæ чи хъахъхъæдта, уыдоны тыххæй. Коцты Людæ радзырдта йæ дыууæ æфсымæры тохвæн-дæгты тыххæй, кæцытæй сæ иу тох кодта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæрыл, иннæ та хайад иста Абхазы тохты. Стыр хъыгагæн, уыдон сæ дыууæ дæр хæсты фæстæ зæрдæнизтæ райстой æмæ фæзиан сты.  

Мадзалы организатор Тедеты Эльзæ та йæ мысинæгтæ радзырдта 1991 азы 6 январы горæт Цхинвалмæ гуырдзиаг «милицийы» дæлхæйттæ куы æрбацыдысты, уый тыххæй. Уыцы рæстæджы сын цæрæнуат нæ уыд æмæ цалынмæ æххуырст цæрæнуат агуырдтой, уæдмæ йæ бинонтимæ цард уазæгдон «Ирыстон»-ы æмæ йæхи цæстæй федта, æхсæвы 4 сахатыл уазæгдон æмæ Театралон фæзуат гуырдзиæгтæй куыд байдзаг сты, уый. Радзырдта, тасы бын куыд раивæрзтысты уырдыгæй, уыдæтты тыххæй.

23 февралы бæрæгбоны æмæ 1989-2008 азты цауты тыххæй сæ мысинæгтæ дзырдтой библиотекæйы иннæ кусджытæ – Сланы Наташæ, Габодзе Маринæ, Хъотайты Маринæ, Букуылты Маринæ, Колыты Азæ, Гуыззыдтаты Этери, Къæбулты Азæ. Къæбысты Валентинæ  радзырдта йæ хъæбулы хъæбул Битеты Хохикы тыххæй, кæцы 2008 азы августы хæсты рæстæджы фæмард æмæ йæ амæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд паддзахадон хорзæхæй.

Мадзалы активон хайад райстой скъоладзау чиныгкæсджытæ Тедеты Арсен, Гуыбаты Хетæг, Уалыты Дианæ, Гасситы Мария æмæ Анисæ, Дыгъуызты Аланæ æмæ Батыр, Хъоцыты Владик æмæ иууыл кæстæр чиныгкæсæг Джиоты Мария. Уыдон аив бакастысты хæстон лæппутыл Галуанты Людмилæйы фыст æмдзæвгæтæ,   докладтæ сарæзтой 23 февралы тыххæй, азарыдысты хæстон темæйыл фыст зарджытæ.

Нæ уацх.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.