Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министрады Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды сырæзтыл 30 азы сæххæсты цытæн нæ горæты киноконцертон зал «Чермен»-ы уагъд æрцыд цытджын æмбырд. Уыдонæн уыцы бон арфæ кæнынмæ æрбацыдысты бæстæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, барадхъахъхъæнæг æмæ тыхон структурæты минæвæрттæ, милицийы къорды ветерантæ æмæ æхсæнады минæвæрттæ.

Мадзалы хæдразмæ цытджын уавæры къорды службæгæнджытæ залмæ æрбахастой Паддзахадон æмæ Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды тырысатæ.

Бæрæгбонон æмбырды ацы къорды службæгæнджытæн йæ арфæйы ныхасы фæстæ Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб æрдзырдта къорды сырæзты историйыл, куыд æнæмæнгхъæуæг уыд барвæтк æмæ фыдракæнддзинады ныхмæ тохы йæ сырæзт. Ацы къорды службæгæнджытæй бирæтæ хъазуатон тох фæкодтой гуырдзиаг агрессорты ныхмæ хæстон архайдтыты рæстæджы, бирæтæ та сæ цард нывондæн æрхастой Фыдыбæстæйы сабырады сæрыл.  Уыдон æхсæн сты Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды фыццаг командæгæнæг Гæззаты Вадим, Сиукъаты Таймураз, Санахъоты Гришик, Гæбæраты Станислав, Дзабиты Геннади, Гуыбаты Зураб, Зæгъойты Анатоли, Тедеты Таймураз, Михайленко Сашæ, Коцты Таир æмæ æндæртæ. Уыдон, зæгъгæ, нæ хъуыдыкæнынады баззайдзысты ныфсхаст-дзинад æмæ хъæбатырдзинады æвдисæнтæй, æцæг патриоттæй.

2008 азы августы Гуырдзыстоны агрессийы рæстæджы ацы къорды хæстонты хъæбатырдзинад æмæ фæндвидардзинады дæнцæгтæ бирæ сты. Сæ цардыл æнæауæрдгæйæ, къорд æвзонг кусджытæ слæууыдысты лæбурæг агрессоры ныхмæ. Знаги-мæ уыцы æнæмсæр тохы се службæйон хæстæ æххæстгæнгæйæ фæмард сты Мæл-дзыгаты Сослан, Быценты Гайоз, Дзæххойты Валери, Къæбысты Алан, Плиты Тамаз æмæ Санахъоты Алан.

Министры хæстæ æххæстгæнæг бахатыд цытджын æмбырды хайадисджытæм, цæмæй æмырæй алæугæйæ ссарой, алы рæстæджыты къорды службæгæнджытæй чи фæмард, уыдоны рухс нæмттæ.

«Ныртæккæ æхсæнадон фæтк хъахъхъæныны хъуыддаджы фæлтæрд æмкусджыты æмрæнхъ лæууынц Сæрмагонд къорды æвзонг кары хæстонтæ дæр. Уыдон дæр стыр кадимæ хынцынц, ацы дæлхайы йæ уæвынадæй фæстæмæ цы кадджын традицитæ æрбиноныг, уыдон. Гуырдзиаг агрессийы рæстæджы сæ ныфсхастдзинад æмæ хъæбатырдзинады æмæ сæ фæндвидар архайды тыххæй уыдонæй бирæтæ хорзæхджын æрцыдысты паддзахадон хорзæхтæй. Уыцы нымæцы паддзахадон бæрзонд хорзæх орден «Уацамонгæ»-йæ», – банысан кодта министры хæстæ æххæстгæнæг.

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли мадзалы рæстæджы банысан кодта, зæгъгæ, 30 азы æрмæст бæрæгбон нысан кæныны цау нæу. Уыцы азты дæргъы къорды дæлхæйттæ рацыдысты уæззау фæндæгтыл, æвдыстой хъæбатырдзинад æмæ лæгдзинад.

Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, Милицийы къорды фыццаг командир Гæззаты Вадимы хъарутæ ахъазгæнæг уыдысты сæрмагонд къорд аразынæн. Республикæйы террторийыл фыдракæнддзинады ныхмæ тох æмæ барвæтк ифтонг кæнын уыд сæ æвæджиаг хæс æмæ йæ æххæст кодтой намысджынæй.  Уый фæдыл сын бузныджы ныхæстæ загъта Бибылты Анатоли.

Уый ма банысан кодта Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæрыл йæ цард чи ра-уæлдай кодта, уыцы службæгæнджыты хъæбатырдзинад.

«Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорд у иунæг ахæм дæлхай, кæцы æнæ бардзырдтæй слæууыд æмæ хъахъхъæдта нæ бæстæйы хæдбардзинад, йæ хæстонтæ æвдыстой æцæг патриотизм, афтæмæй. Уæ куыст æмæ принципиалондзинад бирæ-бæрцæй бæлвырд кæнынц уæ профессионализм æмæ бæрзонд моралон æргъадтæ», – банысан кодта Президент.

Бæстæйы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ хатт фехъусæн ис бирæ æфхæрæн ныхæстæ милицийы кусджыты номыл. Фæлæ зын зæгъæн у, æнæ барвæткхъахъхъæнæг органтæй бæстæйы цы цæудзæн, уый. Ныртæккæ уыдон хъаруты руаджы нæ бæстæйы биноныг цæуы сабыр цард.

Бибылты Анатолийы ныхæстæм гæсгæ сæ æмслужбæгæнджыты, сæ хæлæртты сафгæйæ, уæззау политикон цаутæм нæ кæсгæйæ, милицийы къорды службæгæнджытæ цыдысты размæ æмæ æппæтдæр арæзтой бæстæйы æмæ нæ адæмы хæрзæбонæн. Зæрдыл æрлæууын кодта, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады сæрыл йæ цард нывондæн чи æрхаста, хъæбатырдзинад чи æвдыста, уыдон кæй баззайдзысты нæ мысынады.

«Æз мæхæдæг æвдисæн дæн, сæрмагонд къорды хæстонтæ 2008 азы Тбеты хъæумæ хæстæг кæй лæууыдысты позициты, уымæн. Уыдон æвдыстой ныфсхастдзинад æмæ æхсардзинад, уыцы æргъадтæ ныртæккæ лæвæрд цæуынц къорды æвзонг фæлтæрмæ», – банысан кодта уый.

Бæстæйы сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта ацы къорды ветеранты номыл, уыдон, зæгъгæ, ныртæккæ дарддæр дæр архайынц æмæ кусынц нæ адæмы хæрзæбонæн.

«Ныртæккæ бирæтæ милицийы куыстмæ кæсынц хуымæтæг цæстæй. Мидхъуыддæгты министрады алы кусæджы хæс у, цæмæй йыл адæм æууæндой. Дзабиты лæппуйы амæлæты цау ма хъуамæ æрцыдаид, æмæ ма хъуамæ уыдаит барвæткхъахъхъæнæг кусæджы ныхмæ амарыны бафæлвæрд дæр. Мæнмæ тынг диссаг кæсы уыцы хъуыддаг, æмæ иуæй-иу политикон тыхтæ кæй нæ уынынц милицийы кусджыты ныхмæ физикон æгъдауæй, кæнæ æхсæнгарзæй спайдагæнгæйæ амарынмæ бафæлвæрд. Фæлæ сын уыйхыгъд, стæм хъуыддæгтæ та свæййынц политикон æхсæнгарз.

Закъоны раз мах не ‘ппæт дæр стæм æмхуызон – милицийы кусæг дæр, паддзахадон кусæг дæр æмæ хуымæтæг æмбæстаг дæр», – банысан кодта Президент. Уымæ гæсгæ æрсидт æмткæй Мидхъуыддæгты министрады кусджытæм, цæмæй сæ архæйд-тытæ уой закъоны фæлгæтты, уымæн æмæ уыдоныл ис стыр бæрндзинад.

Мидхъуыддæгты министрады Сæрмагонд нысаниуæджы къорды сырæзтыл 30 азы сæххæсты цытæн бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатолийы бардзырдмæ гæсгæ ацы къорд хорзæхджын æрцыд Кады орденæй.

Милицийы къорды сырæзты райдиантæй йæ рæнхъыты чи уыд, уыдонæй сæ иу ветеран Козаты Джемал бæрæгбонон арфæйы ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, 30 азы равдыстой, кæй хъуыдыстæм, æмæ дарддæр дæр кæй хъæуы ацы къорд, уый. Уый абарст сарæзта къорды сырæзты уæды æмæ ныртæккæйы уавæрæн.

«Бæстæйы æхсæнадон-политикон уавæр дæр æндæр уыд, бынтон æндæр уыд алыварсонæй ифтонгад дæр. Къорды уæды сæргълæууæг, дзæнæттаг Гæззаты Вадимы куырыхон зондахасты руаджы биноныг цыдысты бирæ хъуыддæгты, уыцы нымæцы къорды идейæ дæр. Фæдзæхста нын нæ адæмы æддагон знагæй æмæ бæстæйы мидæг барвæтк хъахъхъæнын», – банысан кодта уый.

Йæ ныхæстæм гæсгæ Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды тырысайыл цы фыст ис, «Кад цардæй зынаргъдæр», уый сæрыстырæй æххæст цыд алы рæстæджы дæр. Æрсидт къорды абоны службæгæнджытæм, цæмæй хъуыды кæной сæ истори, уымæн æмæ уый чи нæ хъуыды кæны, уымæн фидæн нæй.

Милицийы сæрмагонд нысаниуæджы къорды службæгæнджытæй бирæтæ паддзахадон æмæ ведомствæйон хорзæхтæ райстой Президент Бибылты Анатоли æмæ Мидхъуыддæгты министры хæстæ æххæстгæнæг Пухаты Мерабы къухтæй. Бæрæгбонон мадзал адарддæр хиирхæфсæн мадзалæй. Къорды хæстонтæ сæ æвзыгъддзинæдтæ равдыстой цæттæдзинады алы хуызтæй.

 КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.