15 февралы Хуссар Ирыстоны Компартийæн уыд æвзæрстыты агъоммæйы  съезд, цыран хайад райстой 118 делегаты, æрхонгæ адæм.

Боны фæткы ахсджиагдæр фарстатæй иу уыд РХИ-йы Президенты бынатмæ кандидат раразмæ кæнын.

Мадзалы раныхас кода партийы лидер Коцты Станислав. Уый радзырдта Парламенты куысты компартийы æнтыстыты тыххæй æмæ банысан кодта, президенты бынатмæ  кандидат цæй тыххæй размæ кæнынц, уый.

«Мах куыд хæдбар, парламентон парти, кæцыйæн æхсæнады ‘хсæн ис авторитет, афтæ, республикæйы президентон æвзæрстыты хайад ма райсæм, уый нæ бон нæу. Махæн уыд дыууæ варианты: кæнæ нæхи кандидат хъуамæ раразмæ кодтаиккам, кæнæ та кандидаттæй искæцыйы фарсмæ балæууыдаиккам, фæлæ нæ партийы пленумы аскъуыддзаг кодтам нæхи кандидат раразмæ кæнын. Уымæн æмæ нæм ис аккаг адæм, кæцытæ сарæхсдзысты президенты бынаты æмбæлон куыст бакæнын», – загъта РХИ-йы Компартийы сæргълæууæг Коцты Станислав.

Партийы лидер ма зæрдыл æрлæуын кодта 2020 азы æхсæнадон-политикон кризис, Парламенты оппозицион партитæ куы растадысты æмæ протесты хуызы Театралон фæзуатмæ куы рацыдысты.

Коцты Станислав банысан кодта, зæгъгæ, уыцы рæстæджы кæд Компарти фæндон бахаста, цæмæй æхсæны лæг суа уыцы процессы, уæддæр ын йæ фæндон ницæмæ æрдардтой, уымæн æмæ бæрæг уыд, къухдариуæгад æмæ оппозицийы ‘хсæн компромисс кæй нæ уыдаид, уый.

«Политикæ уынгмæ куы ранхъæвза, уæд æй фæстæмæ баздахын фæзын вæййы. Æвæццæгæн нын цыдæр хуыцау баххуыс кодта, æмæ уыцы кризис фыддæр ныхмæлæудмæ нæ рахызт», – загъта Коцты Станислав.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, фæстаг рæстæджыты республикæйы æхсæнадон-поли-тикон уавæр кæд сабыр у, уæддæр уый рæстæгмæ у, уымæн æмæ та æвзæрстыты рæстæджы уавæр фæкарздæр уыдзæн. Иууыл карздæр та уыдзæн, бюллетентæ куы нымайой, уæд. Партийы лидер бафæдзæхста партийы уæнгты, цæмæй стыр бæрндзинадимæ архайой, сæ химæрайсгæ хæстæ æххæст кæной, адæмы æмæ фидæн фæлтæры хæрзиуæгон цардыл хъуыды кæнгæйæ.

Уый фæстæ президенты бынатмæ раразмæ кодтой историон зонæдты кандидат, ХИПУ-йы лектор Тадтаты Таймуразы кандидатурæ. Йæ автобиографи йын бакаст горæты Компартийы сæргълæууæг Кокойты Асиат.

Ныхасы рацыд Парламенты депутат Гаглойты Малхаз. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Тадтаты Таймураз у рæстагон æмæ æгъдауджын адæймаг, сау хъуыддæгтимæ баст нæу. Уый кæд Белоруссы райгуырд æмæ схъомыл, уæддæр зæрдæйæ уыд Ирыстонимæ. Абон дæр йæ хъуыдытæ сты нæ адæмы хæрзæбонимæ баст.

Тадтаты Таймураз йæхæдæг куыд ра-дзырдта, афтæмæй сæрыстыр у, 25 азы компартийы уæнг кæй у, уымæй. Партийы рæнхъытæм æй райстой Уæрæсейы Федерацийы. Радзырдта советон дуджы Хуссар Ирыстоны хорздзинæдтæ æмæ æнтыстыты тыххæй.

Загъта, не ‘хсæнады иудзинад кæй нæй, уый тыххæй дæр. Йæ хъуыдымæ гæсгæ ууыл дзурæг у, иу чысыл республикæйы уыйас партитæ кæй ис, уый  æмæ  президенты бынатмæ 25 кандидаты кæй раразмæ кодтой, уый дæр. Цæвиттонæн æрхаста Ныгуылæны размæдзыд паддзахадты, АИШ-ы, цыран ис дыгай, æртыгай партитæ.

«Чизоны социалистон паддзахад ма саразæм, фæлæ нæ фæнды  рæстагон, намысджын адæймæгты æхсæнад саразын, политикон цæстæнгасмæ нæ кæсгæйæ, цыран уыдзæн иудзинад.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, йæм «никуы уыд ахæм амбицион плæнттæ, фæлæ мæ парти раразмæ кодта æмæ кæрæдзийы фарсмæ куы æрбалæууæм, уæд нæ къухы бафтдзæн, цы плæнттæ нæм ис, уыдон сæххæст кæнын».

Уый фæстæ ауагъдæуыд сусæг хъæ-лæсæппæрст Тадтаты Таймуразы кан-дидатурæ президенты бынатмæ раразмæ кæныны тыххæй, кæцыйы фæстиуæгæн 110 делегаты схъæлæс кодтой Тадтаты Таймуразы пайдайæн.

ОСИАТЫ Индирæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.