Ныр аст азы дæргъы Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты цытæ   цæуы, уыдон катайы æппарынц хуссарирыстойнаг цæрджыты дæр, уымæн æмæ сæхæдæг дæр рацыдысты ахæм уæззау фæндæгтыл. Æмбисонд афтæ куы у, дæ мады мард, дам, уымæн зæгъ йæ мад, дам, кæмæн амардис. Хуссар Ирыстоны адæм тынг фæцин кодтой ацы дыууæ республикæйы хæдбардзинад Уæрæсе кæй банымадта, уый тыххæй. Уымæн æмæ уыцы цины æнкъарæнтæ сæхæдæг дæр бавзæрстой 13 азы размæ.

24-æм февралы райсомæй Уæрæсе Украинæйы райдыдта сæрмагонд хæстон операци, Донецк æмæ йæм Луганскы Адæмон Республикæты къухдариæуггæнджытæ Киевы агрессийæн ныхкъуырд радтынæн  баххуыс кæныны тыххæй куырдиатимæ  куы бахатыдысты, уый фæстæ. Донбассы уавæр фæкарздæр фæстаг къуыриты. Киев республикæты арæнмæ æввахс æрæмбырд кодта йе ‘фсæдты стыр хай æмæ регулярон æгъдауæй æхстой ополченейы, бар кæмæн нæй ахæм хæстон техникæйæ спайда кæнгæйæ. Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæтæй сэвакуаци кодтой сывæллæтты, сылгоймæгты æмæ ацæргæ адæмы уæрæсейаг регионтæм.

Цыппæрæмы, 24-æм февралы æхсæвы Донецк æмæ Луганскы сæргълæуджытæ бахатыдысты Мæскуымæ, цæмæй сæ бахъахъхъæна украинæйаг агрессийæ. 24-æм февралы райсомæй Уæрæсе фехъусын кодта, Украинæйы сæрмагонд хæстон операци кæй райдыдта, уый тыххæй. Владимир Путин операцийы нысан схуыдта адæмы бахъахъ-хъæнын, кæцытæн  киеваг режим 8 азы дæргъы аразы геноцид. Путины ныхæстæм гæсгæ, уавæр домы фæндвидар архайдтытæ. Æнæмæнгхъæуæг уыд Донбассы цæрджыты геноцид æруромын, кæцытæ ныфс æвæрынц æрмæстдæр Уæрæсейæ. Уæрæсейы Президент карзæй бафæдзæхста уавæры æндæр бæстæтæ хи схæццæ кæнынмæ бафæлварыны карз фæстиуджыты тыххæй.

Хуссарирыстойнаг адæм дæр стыр катайимæ лæмбынæг сæ хъус дарынц ацы регионы цæуæг цаутæм.

Плиты Мадинæ, 1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы инвалидтæ æмæ фæцæфуæвджытæн æххуысы фонды сæргълууæг: Хуссар Ирыстоны цæрджытæ уæлдай æхсызгонæй сæмбæлдысты Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты хæдбардзинад банымайыны хабарыл æмæ æххæстæй хæцы УФ-йы Президент Владимир Путины раст уынаффæйы фарс. Мах хуызæн сын чи æмбары сæ цин дæр æмæ сæ рис дæр, уымæн æмæ мах дæр ахæм уæззау фæндæгтыл рацыдыстæм дæргъвæтин азты дæргъы. Ныр аст азæй фылдæры бæрц мах лæмбынæг нæ хъус  дарæм ацы республикæты уавæрмæ.

Уал азы дæргъы сын геноцид кæй арæзтой киеваг националисттæ, уый Ныгуылæны ницæмæ дардтой, сæ цæстытæ сæхгæдтой æмæ сæхи ницыуынæг скодтой. Фæлæ сын ныр Уæрæсе сæ хæдбардзинад кæй банымадта æмæ уый фæстæ та регионы  республикæты адæмы цард бахъахъхъæныны тыххæй специалон хæстон операци кæй райдыдта, уый тыххæй Уæрæсейы ныхмæ растадысты ныгуылæйнаг бæстæтæ, фæлæ стыр Уæрæсейыл нырма ничи фæтых æмæ ныр дæр уыдзæн афтæ. Уырны мæ, æввахс рæстæджы хæстон операци æнтыстджынæй кæй фæуыдзæн æмæ ацы дыууæ республикæйы хæствæллад адæм хуссарирыстойнаг цæрджытау, сæ риуты дзаг кæй сулæфдзысты, уый. Махæн ацы дыууæ республикæимæ ис хæларадон ахастытæ, æнгомæй æмгуыстад кæнæм нæ коллегæтимæ. Нæ организацийы минæвæрттæ  хайад фæисынц дыууæ республикæйы паддзахадон бæрæгбонты. Уымæй дарддæр ма Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы комкоммæ хайадист æмæ æххуысы фæрцы махæн нæ бон ссис цытджын уавæры Донецкы Адæмон Республикæйы фæмардуæвæг хъайтартæн нæ организацийы номæй  цырт сæвæрын. Афтæ ма мах фæнд кæнæм Луганскы дæр мемориалон цырт сæвæрын, фæлæ нын, хъыгагæн, нырма нæ бантыст пандемийы аххосæй. Банысан кæнын ма мæ фæнды уый дæр æмæ Хуссар Ирыстон кæй у фыццаг паддзахад, кæцы банымадта ацы республикæты хæдбардзинад.

Хуриты Батрадз, Телерадиокомпани «Ир»-ы Ног хабæртты уадзæг: Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг æхсызгон мын уыд аст азы фыдæвзарнты фæстæ Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты хæдбардзинад Уæрæсе кæй банымадта, уый. Дарддæр цæрджыты геноцидæн быхсæн нал уыд. Специалон хæстон операци регионы уагъд кæй цæуы, уымæн æндæр  гæнæн нал уыд. Æгæрыстæмæй, Украинæйы президент Зеленский загъта, зæгъгæ, дам, хъуамæ раздахæм ядерон хæцæнгарз. Иннæ ахæм Украинæйы зæххыл сæхи хицауæй рахатыдтой АИШ æмæ Ныгуылæйнаг бæстæтæ æмæ афтæмæй НАТО æввахсæй-æввахсдæр цæуын райдыдта Уæрæсейы арæнтæм. Ахъуыды ма кæнæм, де ‘мбонды цур дын исчи арт куы скæна, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, арты æвзæгтæ æрбахæццæ уыдзысты дæ хæдзармæ дæр. Уыимæ, Уæрæсейы ныхмæ Украинæйы цæттæ кодтой, куыд НАТО-йы плацдарм, афтæ. Ныфс мæ ис, æмæ хæстон операцийы рæстæджы бирæ уды зиæнттæ кæй не ‘рцæудзæн, хæстон архайдтытæ тагъд кæй фæуыдзысты æмæ Донецк æмæ Луганскы Адæмон Республикæты цæрджытæ ног цард аразынмæ кæй æрæвналдзысты, уымæй».

Джиоты Клава, пенсиисæг: Æз политикæйæ дард лæууын, фæлæ мын тынг æхсызгон уыд хæстæфхæрд Луганск æмæ Донецкæн Уæрæсе сæ хæдбардзинад кæй банымадта, уый. Фæлæ регионы хæстон архайдтытæ кæй райдыдтой, уый мæ катайы баппæрста. Хуыцау сын æххуысгæнæг уæд. Тагъд рæстæджы сæ зæххыл сабырдзинад цы æрлæууа, уыцы амонд сæ уæд.

Нæ уацх.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.