Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы бон, ӕмӕ Хъахъхъӕнынады министрады сырӕзтыл 30 азы сӕххӕсты цытӕн ӕрӕджы Паддзахадон драмон театры уыдис цытджын æмбырд. Хайад дзы райстой бӕстӕйы бӕрнон кусджытӕ – Парламенты сӕрдар Æлборты Алан, Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы Федерацийы Æххӕстбарджын минӕвар Марат Кулахметов, Хъахъхъӕнынады министрады минӕвӕрттӕ, министрадтӕ ӕмӕ уагдӕтты сæргълæуджытӕ, парламенты депутаттӕ, хӕстон архӕйдтыты ветерантӕ, ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ ӕмӕ ӕхсӕнады минӕвӕрттӕ.

Ацы нысаниуӕгджын бӕрӕгбоны нӕ фарсмӕ ӕрбалӕууыдысты ӕфсымӕрон Республикӕ Абхазы Хъахъхъӕнынады министрады минӕвӕрттӕ, министры хӕдивӕг Нодар Авидзбайы сӕргълӕудӕй.

Хайадисджытæн равдыстой националон ӕфсады сырӕзт ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады рӕзты уӕззау фӕлварӕнты хайад  цы фӕндвидар ирон лӕппутӕ истой, уыдон тыххӕй документалон киноныв.

Æмырæй алæугæйæ ссардæуыд Хуссар Ирыстоны хъайтарты рухс нæмттæ.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг Гаглойты Аланы арфӕйы ныхӕстимӕ мадзалы хайадисджыты базонгӕ кодта Æдасдзинады советы нымӕрдар Плиты Анатоли. Арфæйы дзырдæуы, зæгъгæ, ацы бон схонæн ис Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты алы фæлтæрты хъæбатырдзинад æмæ хъайтардзинады бонæй. Уымæн æмæ Райгуырæн бæстæйы æдасдзинад у æмæ уыдзæн бæстæйы алы æмбæстаджы æвæджиаг хæс дæр. Нæ зæхмæ уарзондзинад, паддзахады историйæн аргъ кæнын – уыдон кæддæриддæр уыдзысты адæмы æнæаивгæ хæрзæгъдауджын æргъадтæ.

Райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинад  – алы æмбæстаджы æвæджиаг хæс

Дарддæр дзырд цыд Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтæ куыд рæзтысты, йæ службæгæнджытæ сæхиуыл куыд нæ ауæрстой, сæ бæрзонд профессионализм куыд æвдыстой, уыдон тыххæй. Уымæн у Ирыстон сæрыстыр  йæ фырттæй. Не ‘фсæддонтæ сæ райгуырæн зæхх уарзынц, ныфсхаст сæ туджы ис æмæ хъахъхъæнынц Фыдыбæстæйы сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад.

Уæлдай бузныджы ныхæстæ айхъуыст хæстон архæйдтыты ветеранты номыл, кæцытæ нысаниуæгджын хайбавæрд хастой нæ Гарзджын тыхты хæстон хъомысадмæ. Гуырдзиаг агрессийы рæстæджы удуæлдай тох кодтой фыццаг рæнхъыты, хъахъхъæдтой нæ бæстæйы суверенон рæзты бартæ.

Мах, зæгъгæ, нæ сæрæй ныллæг кувæм фæмардуæвæг хъайтарты мысынады раз, уыдон сгуыхтдзинад æнæмæлгæ у, рохгæнæн сын нæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады æфсæддон службæгæнджытæ дарддæр кæнынц, сæ размæ чи службæ кодта, уыдон традицитæ, хуыздæр кæнынц сæ профессионалон цæттæдзинад, сæ разылæууæг хæстæ бæстон кæнынц эффективонæй.

Ныртæккæ нæ хъахъхъæнджытæ Донбассы Специалон æфсæддон операцийы активон хайад исынц æмæ æвдисынц æнæбауырнинаг хъæбатырдзинад неофашистты ныхмæ. Уыцы зæххыл цы тыхты ныхмæ тох цæуы ныртæккæ, уыдон Гуырдзыстонæн æххуыс кодтой Хуссар Ирыстоны адæмы ныхмæ æфсæддон агресси уадзынмæ.

Бæстæйы къухдариуæгад бæрзонд аргъ кæны нæ хъахъхъæнджыты æрвылбонон куыстæн, ноджыдæр æххуыс кæндзæн, раззаг рæнхъыты чи ис, уыцы хæстонтæн. Нæ дызæрдыг кæнæм ууыл, æмæ Специалон æфсæддон операци кæронмæ кæй бахæццæ уыдзæн Уæрæсейы Федерациимæ нæ иумиаг уæлахизæй.

Арфæйы ныхæстæ ма загъдæуыд æппæт Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты номæй Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады 4-æм æфсæддон базæйы æмæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы Федералон æдасдзинады советы Арæнгæрон управленийы афицертæ æмæ салдаттæн, кæцытæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхты дæлхæйттимæ иумæ ныфсджынæй хъахъхъæнынц нæ зæххыл сабырад.

Хуссар Ирыстоны Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнджыты нысаниуӕгджын боны тыххӕй арфӕ ракодта бӕстӕйы Хъахъхъӕнынады министр Марат Павлов. Банысан кодта, ацы бон кӕй у ӕфсӕддон службӕгӕнджыты, ӕфсӕддон службӕйы хайадисджытӕ ӕмӕ ветеранты бӕрӕгбон, кӕцытӕ сӕ царды хуыздӕр азтӕ снывонд кодтой Хуссар Ирыстоны сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинадӕн. Уыдон се ‘ппӕт дӕр егъау хайбавӕрд бахастой ӕддагон ӕфсӕддон агресси, ӕбуалгъ æмæ тугдзых знагимӕ тох кӕныны хъуыддагмӕ.

Министры ныхӕстӕм гӕсгӕ йӕ дӕлбар уагдоны службæгæнджытæ æмных сты, Стыр Фыдыбӕстӕйон хӕсты тохы быдырты цы иумиаг хъайтардзинад ӕвдыстой, уымæ.

«Нӕ фыдтӕ ӕмӕ фыдыфыдтӕ морӕгъуыз емынӕйӕ ӕрмӕст сӕ Райгуырӕн бӕстӕ не ссӕрибар кодтой, фӕлӕ ӕгас Европӕйы. Ног историон реалитӕ афтӕ сты, ӕмӕ фӕлвӕрдӕуы истори ногӕй фӕивынмӕ, дызӕрдыггаг кæнынц, советон адӕм фашизмы кӕй ныддӕрӕн кодтой, ууыл. Фӕлӕ мах хъуыды кӕндзыстӕм советон салдаты ӕнӕмӕлгӕ сгуыхтдзинад», – банысан кодта уый.

Марат Павлов бузныджы ныхӕстӕ загъта Специалон æфсæддон операцийы вазыгджын хӕстон операцитӕ цы ӕфсӕддон службӕгӕнджытӕ ӕххӕст кӕнынц, уыдоны тыххæй. Уым, зӕгъгӕ, уӕхски – уӕхск уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтимӕ нацистты дæрæн кӕнынц Хуссар Ирыстоны ӕмбӕстӕгтӕ дӕр ӕмӕ ӕвдисынц сӕрибаргӕнӕг ӕмӕ хъахъхъӕнӕг ӕфсӕддоны иууыл хуыздӕр миниуджытӕ.

Бӕрӕгбоны цытӕн Абхазы Хъахъхъӕнынады министр Владимир Ануайы номӕй арфӕйы ныхӕстӕ бакаст инӕлар-майор Нодар Авидзба.

«Ацы бон Хуссар Ирыстонӕн ахсджиаг бӕрӕгбонтӕй сӕ иу у. Бӕстӕйы ӕфсад рацыд кадджын фӕндӕгтыл, цыран нысан цӕуынц ӕхсарджын хӕстонты хъӕбатыр сгуыхтдзинӕдтӕ. Мысдзыстæм Райгуырӕн бӕстӕйы сӕрибардзинад ӕмӕ хӕдбардзинады тыххӕй сӕ цард чи радта, уыцы хъахъхъӕнджыты сгуыхтдзинад. Хъуыды кӕндзыстӕм, абхазаг адӕммӕ ӕххуысмӕ фыццӕгтӕй цы ирон ӕфсӕддон-бархионтӕ ӕрцыд, уыдон сгуыхтдзинӕдтӕ», – дзырдта уый.

Мадзалы кæрон ӕрӕмбырдуӕвджытæн бакастысты телтæ. Министрады сырӕзты юбилейон бонмӕ цы арфæйы телтæ æрæрвыстой, уыдоны ӕхсӕн уыд Уӕрӕсейы Федерацийы Хъахъхъӕнынады министр Сергей Шойгуйы арфӕ дӕр.

Бæрæгбонон рæнхъæйлæуд

Уыцы бон ӕфсӕддон городокы уагъд ӕрцыд сӕрмагонд сконды бӕрӕгбонон рӕнхъӕйлӕуд. Хайад дзы райстой Хуссар Ирыстоны УФ-йы минӕварад ӕмӕ Республикӕ Абхазы Хъахъхъӕнынады министрады делегаци.

Гвардийы булкъон Марат Павлов йӕ раныхасы банысан кодта, ацы бон кӕй нысан кӕнӕм хъӕбатырдзинад, хъарудзинад ӕмӕ ныфсхастдзинады бӕрӕгбон. Ацы сыгъдӕг бон у, йӕ конституцион ӕмӕ ӕмбӕстагон хӕс, территориалон ӕнӕхъӕндзинад ӕмӕ паддзахадон суверенитет бахъахъхъӕныны тыххӕй намысджын ӕмӕ аккагӕй чи ӕххӕст кодта, уыдоны бон.

Райгуырæн бæстæйыл æнувыддзинад  – алы æмбæстаджы æвæджиаг хæс

Уый мадзалы хайадисджытӕн ноджыдӕр арфӕ ракодта Фыдыбӕстӕ хъахъхъӕнӕджы ӕмӕ РХИ-йы Хъахъхъӕнынады министрады сырӕзтыл 30 азы сӕххӕсты боны цытӕн. Хӕстон архӕйдтыты ветерантӕ ӕмӕ ӕфсӕддон службӕӕнджытӕн, сӕ бинонтӕн йӕ цӕст бауарзта фидар ӕнӕниздзинад, уӕнгрогдзингад хӕрзиуджытӕ ӕмӕ сабыр арв. Министрады сӕрмагонд скондӕн та службӕйы дарддӕры ӕнтыстытӕ.

Цытджын рӕнхъӕйлӕуды рӕстӕджы ӕфсӕддон службӕгӕнджыты иу къорд хорзӕхджын ӕрцыдысты радон ӕфсӕддон хорзӕхтӕ, майдантӕ, цытджын грамотӕтӕ, арфӕйы фыстӕджытӕ ӕмӕ хорз нысӕнттӕй.

Къæбулты Марина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.