УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы делегацийы, йæ сæргъ Дунеон хъуыддæгты фæдыл комитеты уæнг, УФ-йы Федерацийы Совет æмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмгуыстады фæдыл къамисы æмсæрдар Сергей Цеков, афтæмæй йæхимæ райста РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Хицауады Сæрдар æхсызгонæй фембæлд уазджытыл. «Уе ‘рцыд нын кæддæриддæр æхсызгон у æмæ мæ фæнды, цæмæй уæ балцытæ махмæ уой арæхдæр. 2015-17 азтæн Инвестицион программæ æнтыстджынæй фæцис, кæцыйæ райгонд у УФ-йы Хицауады Сæрдары хæдивæг Александр Хлопонин. Мах бузныг стæм Уæрæсейы Федерацийæ, æппынæдзух нæм йе ‘ххуысы къух кæй дары, уый тыххæй».

Пухаты Эрик æрдзырдта, ивгъуыд аз нæхи фæрæзтæй бюджетмæ цы æфтиæгтæ æрбацыд, уыдоны тыххæй дæр.

Сергей Цеков банысан кодта, зæгъгæ, Уæрæсейæн ис фадат Хуссар Ирыстонæн стыр æххуыс бакæнынæн. Æмгуыстад кæндзыстæм дарддæр дæр. Къухтæ фыст æрцыдысты  дæс азы мидæг бирæ алыгъуызон сразыдзинæдтыл. Реализаци цæуы Æмцæдисад æмæ æмгуыстады фæдыл бадзырд, нæ хæс та, зæгъгæ,  у, сымахæн цы проблемæтæ ис, уыдон скъуыддзаг кæнын.

Пухаты Эрик ма уазджытимæ æрдзырдта ахæм социалон нысаниуæгджын фарстатыл, куыд РХИ-йы æмбæстæгтæн пенси снысан кæнын, мады капитал, æнæниздзинады фадыджы специалисттæ бацæттæ кæнын æмæ а.д. «Республикæ рæзы, эксплуатацимæ лæвæрд цæуынц ног медицинон уагдæттæ. Уыдонæн æлхæд æрцыд нырыккон медицинон ифтонггæрзтæ. Хъæуы дæсны специалисттæ, кæцытæ æдæрсгæйæ кусой. Уымæ гæсгæ кадрон фарст вазыгджын у республикæйæн», – дзырдта Хицауады Сæрдар.

Сергей Цеков загъта, зæгъгæ, саразын хъæуы лæмбынæг информаци уыцы актуалон фарсты тыххæй. «Нæ къамис уыцы фарстатæм æркæсдзæнис æмæ сæ уый фæстæ æрæвæрдзæн Федерацийы Советы раз. Чизоны нæ бон нæ бауа фарстатæ уыцы иурæстæджы æххæстæй аскъуыддзаг кæнын, фæлæ ныфс дæттæм, цадæггай кæй æрцæудзысты скъуыддзаг».

Сергей Цеков Республикæ Хъырымы минæвар кæй у  УФ-йы Федерацийы Советы, уый тыххæй Хицауады Сæрдар банысан кодта, РХИ-йы делегаци ацы бонты Хъырымы Республикæимæ дыууæфарсон базарадон, экономикон, зонадон-техникон æмæ гуманитарон æмгуыстады тыххæй суагъæйыл къухтæ кæй æрфыстой. «Ялтайы IV-æм Æхсæнадæмон экономикон форумы фæлгæтты дыууæ фарс кусдзысты æмгуыстады фарстатыл, кæрæдзиæмбарынады, кæрæ-дзийæн аргъ кæныны æмæ æууæнчы принциптыл æнцойгæнгæйæ Уф æмæ РХИ-йы закъæттæм гæсгæ», – загъта РХИ-йы Хицауады Сæрдар.

 Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.