УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы делегацийы минæвæрттæн кусæгон балцы фæлгæтты Хуссар Ирыстоны Парламенты минæвæрттимæ æмгуыстады фæдыл уагъд æрцыд къамисы иумиаг рабадт.

Парламенты Сæрдар Гасситы Петр бузныджы ныхæстæ загъта рабадты хайадисджытæн æмæ сын йæ цæст бауарзта æнтыстджын куысты фæндиæгтæ.

Рабадты боны фæткы уыдис Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырды реализаци закъондæттынадон æгъдауæй ифтонг кæныны мадзæлтты фæдыл раныхас. Ацы фарсты тыххæй  раныхас кодта Хуссар Ирыстонæй къамисы æмсæрдар РХИ-йы Парламенты Æддагон æмæ æхсæнпарла-ментон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы стыр Бадзырд у ахсджиаг Хуссар Ирыстонæн. Дзырд цыд, Бадзырды фæлгæтты цы сразыдзинæдтыл фыст æрцыд къухтæ, уыдон куыд реализаци цæуынц, уыдæттыл.

«Мах къамисы рабадты фæлгæтты дзырдтам ахсджиаг фарстыл, кæцы комкоммæ хауы æнæхицауадон организациты куыстмæ, цæмæй хуссарирыстойнаг организацитæн сæ бон уа архайын æнтыстджынæй, куыд нæ республикæйы территорийыл, афтæ уымæй дарддæр дæр», – банысан кодта Коцты Игорь.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы фарстмæ Уæрæсейы Федерацийы кæсынц серьезон цæстæнгасæй. Уымæн æмæ фæстаг рæстæджыты Уæрæсейы фылдæр кæнынц æхсæнадон организацитæ, кæ-цытæ кусынц, социалон нысаниуæг кæ-мæн ис, ахæм проекттыл.

«Уæрæсейы фенæн ис, паддзахад æмæ æхсæнадон секторæн кæй фæзынд хъуыддагон æмахастытæ. Мах Федерацийы Советы руаджы æмæ нæ иумиаг къамисы куысты фæлгæтты ацы фарст æрбæстон кæныныл архайæм, цæмæй не ‘хсæнадон организацитæ сæ уæрæсейаг коллегæтимæ ссарой иумиаг æвзаг, æмæ хуссарирыстойнаг æхсæнадон организациты минæвæрттæн сæ бон уа уæрæсейаг гранттæ райсын», – загъта Коцты Игорь.

Сергей Цеков ныфс бавæрдта, хуссарирыстойнаг æхсæнадон организациты минæвæрттæн кæй баххуыс кæндзысты уæрæсейаг гранттæ райсыны хъуыдда-джы. Ацы фарстыл дарддæр бакусыны фарст хаст æрцыд къамисы радон рабадтмæ.

Рабадты рæстæджы къамисы куысты хайадисджытæ æркастысты, цæмæй Федерацийы Советы аппараты кусджытæ дих кæной сæ хуссарирыстойнаг коллегæтимæ закъондæттынадон архайд иф-тонг кæныны фæдыл сæ куысты фæлтæрддзинад. Сергей Цековы ныхæстæм гæсгæ, Федерацийы Советы аппараты къорд æхсæз адæймаджы скондæй æрцæудзысты ацы азы дыккаг æмбисы Хуссар Ирыстонмæ.

УФ-йы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы æмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмгуыстады фæдыл къамисы радон рабадт нысан æрцыд ацы аз ноябрь-октябры мæймæ. Уымæ гæсгæ фæрстæ рахастой уынаффæ, цæмæй сæ радон рабадт уагъд æрцæуа Хъырымы Республикæйы.

Къамисы куысты рæстæджы ма дзырд цыд, Федерацийы Советы минæ-вæрттæ хайад кæй райсдзысты нæ республикæйы парламентон æвзæрстыты хъусдарджыты хуызы.

«Мах мæ коллегæтимæ, куыд иннæ азты, афтæ ацы аз дæр Хуссар Ирыстонмæ æрцæудзыстæм парламентон æв-зæрстыты рæстæджы хъусдарджытæй. Ныфс мæ ис, æвзæрстытæ, куыд иннæ азты, афтæ ныр дæр уагъд кæй æр-цæудзысты закъонон æмæ демократон домæнты фæлгæтты», – банысан кодта Сергей Цеков.

Керчь æмæ Цхинвалы горæтты ‘хсæн æфсымæрон ахастыты тыххæй сразы-дзинадыл къухтæ фыст æрцæудзæн æв-вахс рæстæджы Хъырымы.

«Мах бирæ хъуыды кодтам, Хъырымы кæцы горæтимæ саразæм ахæм бастдзинæдтæ, æмæ фæндон рахастам, уыцы горæт Керчь кæй уыдзæн. Историйæ мах зонæм, бирæ ирон æмбæс-тæгтæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы сæ сæртæ нывондæн кæй æрхастой горæт Керчы фашисттæй ссæрибар кæныны рæстæджы. Æмæ нæм тынг раст фæкаст, уыцы æфсымæр-дзинад ацы горæтимæ саразын», – банысан кодта Сергей Цеков. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы сразыдзинад цæттæ у æмæ йыл къухтæ фыст æрцæудзæн дунеон экономикон форумы рæстæджы Ялтæйы.

Куыд зонæм, афтæмæй уæрæсейаг æрдзон газ Хуссар Ирыстонмæ уагъд æрцыд 2009 азы газуадзæн «Дзуарыхъæу  – Цхинвал»- ы руаджы, кæцы у дунейы иууыл бæрзонддæр рæтты цæуæг хахх. Хуссар Ирыстон сомбон гæнæн ис нымад æрцæуа газ дæттыны фæдыл транзитон территорийыл, уыцы нымæцы Гуырдзыстонмæ дæр. Уый тыххæй къамисы рабадты дзырдта æхсæнпарламентон къамисы уæрæсейаг хайы æмсæрдар Сергей Цеков.

«Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны хицауадты ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты сразыдзинадыл гом акционерон æхсæнад «Газпром-Южная Осетия»-йы акцитæ æлхæнын æмæ уæй кæныны фæдыл. Хуымæтæг æмбæстагæн сразыдзинады мидис, гæнæн ис, ахсджиаг ма уа, фæлæ йæ мах сымахимæ зонæм, арæзт кæй æрцыдис егъаумасштабон газуадзæн хахх», – дзырдта Цеков.

Коцты Игорь къамисы куыстæн хатдзæгтæ саразыны фæстæ бузныг загъта уæрæсейаг коллегæтæн сæ иузæрдион архайд æмæ Хуссар Ирыстонмæ ахасты сæ хæрзиуæгон архайды тыххæй.

Къамисы иумиаг рабадты куысты фæдыл Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæнпарламентон къамисы æмсæрдæрттæ Коцты Игорь æмæ Сергей Цеков сæ къухтæ æрфыстой иумиаг суагъæйыл. Уый фæстæ кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ,

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.