Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы уæнгтæ, Дунеон хъуыддæгты фæдыл Федерацийы Советы комитеты уæнг, УФ-йы Федерацийы Совет æмæ Хуссар Ирыстоны Парламенты æмгуыстады фæдыл къамисы æмсæрдар Сергей Цековы сæргълæудæй знон кусæгон балцы уыдысты Хуссар Ирыстоны. Йе сконды ма уыдысты Федерацийы Советы социалон политикæйы фæдыл комитеты уæнг Бибикова Еленæ, Аграрон-хæлцадон политикæ æмæ æрдзæй пайда кæныны фæдыл комитеты уæнг Фадзайты Арсен, къамисы бæрнон нымæрдар Поздняков Александр æмæ Сергей Цековы æххуысгæнæг Чернявская Ксения.

Делегацийы уæнгты йæхимæ райста Парламенты Сæрдар Гасситы Петр. Уый банысан кодта, æхсызгонæй кæй æмбæлынц уæрæсейаг уазджытыл. Кæддæриддæр нын, зæгъгæ, æхсызгон у уæ балц Хуссар Ирыстонмæ. Фадзайты Арсенмæ ахасты Парламенты Сæрдар загъта, уый кæй ис йæ райгуырæн зæххыл æмæ йын, зæгъгæ, æфсымæры салам зæгъæм.

Сергей Цеков банысан кодта, хорз зæрдæйы равгимæ кæй фæбалц сты Хуссар Ирыстонмæ. Мах, зæгъгæ, адарддæр кæндзыстæм, нæ размæ чи куыста, уыдоны фæрнджын хъуыддаг.

«Уæрæсе кæддæриддæр стыр æххуыс кодта æмæ кæндзæн Хуссар Ирыстонæн. Иумиаг æмгуыстад дарддæр кæндзæн æмæ дыууæ бæстæты адæмтæ цæрдзысты иумæ хæларæй. Ирыстоны трагикон цауты фæстæ, 2008 азæй фæстæмæ не ‘хсæн къухтæ æрфыстæуыд бирæ сразыдзинæдтыл. Реализаци цæуы Æмцæдисад æмæ интеграцийы фæдыл бадзырд дæр. Федерацийы Советы хæс та у æххуыс кæна æмæ йæ хъус дара, сымахæн цы проблемæтæ ис, уыдонмæ»,- дзырдта Цеков.

Куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ ныридæгæн бæрæг у, бæстæйы кæй ис,  цæуыл хъæуы кусын, уый æмæ арæзт цы цæуы, уый адарддæр кæнын. Сергей Цеков, куыд хъырымаг, афтæ банысан кодта, Хуссар Ирыстонимæ уæззау фæндæгтыл кæй рацыдысты. Хъырым дæр Хуссар Ирыстонау уыд æндæр бæстæйы дæлбар, уыцы рæстæг уыдонæн дæр уæззау æмæ вазыгджын уыд. Ирыстоны, зæгъ, уымæн нымайæм æфсымæрон, хæларадон бæстæйыл.

Гасситы Петр ма дзырдта Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы скондмæ раздахын æмæ интеграцийы фарстытыл, гуырдзиаг геноциды тыххæй, зæгъгæ, уыцы æнæуынондзинад ирон адæммæ æххæссы суанг 1920 азтæй фæстæмæ. Фæлæ, зæгъгæ, рæстдзинады стыр тых ис æмæ уыцы рæстдзинад мах фарс ис.

Фадзайты Арсен бахатыд Хуссар Ирыстоны Парламенты спикермæ, цæмæй сын рахицæн кæной æхсæнадон химæисæны нысанæн хатæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хорз хъуыддæгтыл сæ бон у бандавын æмæ сæ фæнды пайдайы хъуыддæгтæ саразын, æрмæст æрцæуын æмæ ацæуынæй дарддæр. Зæрдыл æрлæууын кодта, Паддзахадон Думæйы депутат куы уыд, уæд ын ацы бæстыхайы кæй уыд хатæн: «Фæнды мæ, цæмæй нæ æмгуыстад ноджы æнгомдæр уа, уый тыххæй нæ делегацийæн химæисæн хицæн æрцæуа, æмæ уым исæм æмбæстæгты. Ныфс мæ ис, æмæ уымæн хорз фæстиуæг кæй уыдзæн».

Парламенты Сæрдар банысан кодта, сæ фæндон æхсызгонæй æххæст кæй æрцæудзæн.

Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Парламенты Æддагон политикæ æмæ дунеон бастдзинæдты фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь æмæ Парламенты Сæрдары хæдивæг, Хъахъхъæнынад æмæ æдасдзинады фæдыл комитеты сæрдар Харебаты Сергей.

Фембæлды официалон хайы фæстæ Гасситы Петр æмæ Сергей Цеков кæрæдзийæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ.

Къæбулты Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.