Разагъды, номхæссæны лæгтæ цардæн фидар бындурæвæрæг сты, фыдæлты æгъдæуттæ, фарн æмæ намыс цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц, сыгъдæгзæрдæ, æууæнкджын адæймаджы удвæллой стырдæр æрдзон лæварыл нымайынц. Адæмимæ рæстæй уарзонæй цæрын нæ сæйраг хæс кæмæн у, рæстæджы фыдæх кæуыл нæ фæуæлахиз, йæ уды фарн ноджы бæрзонддæр кæмæн фæци, ахæм адæймæгтæй фидауы цард, уыдон сты бирæ хорзæхты аккаг. Ахæмыл банымайæн ис Наниты Суликъойы дæр.

1944 азы Наниты Нафи, йæ удыхай Багаты Надя сæ аст хъæбулимæ Хуссар Ирыстоны Начърепайы хъæуæй ралыгъдысты Цæгат Ирмæ æмæ æрцардысты Тарскæйы хъæуы. Сывæллæттæй, сæ иуæй иннæ чысылдæр: Верæ, Замирæт, Суликъо, Хазби, Венерæ, Земфирæ, Геор æмæ Мурат. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ, уæззау æмæ хæринагæй кадавар азты, аст æнахъом сабиимæ ныййарджытæн æнцон нæ уыд. Фæлæ адæмы фарн тыхджын у, уыцы уырыд рæстæджы адæм кæрæдзийыл æнувыддæр уыдысты. Рæсугъд арфæ зæрдæбынæй куы дзурай, уæд циндзинад хæссы адæмæн, цæхх æмæ къæбæр рæдауæй куы дæттай, уæд раттæджы къухмæ бæркад æртывæрæй здæхы. Хуыцауæн табу, Нафи æмæ Багиан бынаты бардуаг æмæ быдыры зæдтыл бинонты бафæдзæхстой, æмæ царды цæхæрадоны зиууон хуымгæнæгæй басгуыхтысты. Хистæр – кадджын, кæстæр – арæх цы мыггаг, хæдзарвæндаг æмæ бинонтæ сты, уыдонæн амондджын æмæ рæсугъд фидæн ис. Царды уæрæх фæндаг сын парахатæй ном у.

Ныййарджыты удыфыдæбон æмæ раст хъомыладæй цыппар æфсымæры æмæ цыппар хойы царды арфæйаг фæндагыл рæствæндаг фесты. Царды нысан раст сæвæрынæй йæ сæххæст кæнын зындæр у.

Нафи æмæ Надяйы хъæбултæ хæсты сывæллæттæм хауынц, æххормаг, уазал, бæгъæмвад æмæ уæлæдарæс, гуыбыны хæлцæй кадавар уыдысты. Се ‘мкарæнтимæ нæ банкъардтой сабийы дуг æмæ æвзонгады æхцондзинад. Стыр Фыдыбæстæйон хæст адæмæн сæ хъæлдзæг цардбæллондзинад фескъуыдта. Ахæм æндыгъд, тызмæг рæстæг Нафи æмæ Надяйы хъæбултæ цыдысты скъоламæ, тырныдтой ахуырмæ, æмæ се ‘ппæт дæр каст фесты астæуккаг скъола. Зæнæджы кæстæртæ цалдæрæй райстой уæлдæр ахуырад скъолайæ уæгъд рæстæг сывæллæттæн сæ бон цы уыд, уымæй фидар æнцой уыдысты ныййарджытæн цæхæрадоны, фосмæ зилыны æмæ иумæйаг коллективон хæдзарады куысты. Фæскуыст-иу бинонтæ сæ фæллад уагътой хъæлдзæгдзинад, кафт æмæ фæндыры удрæвдауæг зæлтæм. Цас хъару æмæ цæстырухс хъуыд дыууиссæдз азы шофыры куыстæн? Растдæр уал азы фæкуыста шофырæй Суликъо. Советон дуджы кад æмæ табуйаг уыдысты кусæг æмæ зæхкусæджы фыдæбон. Суликъойæн лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны Транспорты кадджын кусæджы ном, бирæ арфæйы гæххæттытæ, æхцайы лæвæрттæ.

Хæдзармæ чындз амонды къах куы бавæры, уæд ын куырыхон хистæрты куывд вæййы, каркау бæдулджын куыд уа, тулдз бæласау уидагджын, Сатанайау рæдау æфсин. Мæхъиты Екти æмæ Сланты Нуцæйы рæсугъд чызг Зæирæйыл æрцыдысты кувæджы уаз куывд. Суликъоимæ æмвæнд, æмзонд разындысты, уый та нысан кæны, дыууæ уды æцæг уарзтæй кæрæдзийы куы ссарынц, уæд уый у царды стыр хæзна. Амондджын сты, уарзондзинадæн стыр аргъ чи кæны, цырагъау ын æрхуыссынæй чи тæрсы, царды сын цы ‘взаринаг вæййы, уый æмдих чи кæны. Дзыллæйы, дыууæ мыггаджы ‘хсæн фæрнджын бинонтæй цæрын амонды хос у æмæ дзы Дунескæнæг æмæ бæсты фарн æртывæрæй фæхай кодта Суликъо æмæ Зæирæйæн. Кæстæртæй амонд ныййарджыты иууыл стырдæр хæрзиуæг у. Мад æмæ фыд схъомыл кодтой хорз кæстæртæ: чызг Жаннæ фæцис уæлдæр ахуырад, у ныййарæг мад. Лæппутæ Чермен æмæ Руслан, се ‘мкъæйттимæ хистæрты фарн рæсугъдæй хæссынц. Зæирæ æмæ Суликъойæн сæ зæрдæ зæгъы, сæ азты хыгъд 100 азы сæрты куыд ахиза, уарзты хурзæрин цæуæд уæ фарсмæ, тавæд уæ йæ хъарм æмæ цинхæссæг тынтæй. Азæй-азмæ, бонæй-бонмæ хъæлдзæгдзинад хъуысæд уæ фæрныг хæдзарæй.

Гуылæрты Барис

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.