ЙÆ УДЫ ХОРЗ ÆМÆ ЙÆ ЗÆРДÆЙЫ ХОРЗÆН НÆЙ КÆРОН

Разагъды, номхæссæны лæгтæ цардæн фидар бындурæвæрæг сты, фыдæлты æгъдæуттæ, фарн æмæ намыс цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц, сыгъдæгзæрдæйæ, æууæнкджын адæймаджы удвæллой стырдæр æрдзон хæзнайыл нымайынц. Рæстæй, адæмимæ уарзонæй цæрын йæ сæйраг хæс кæмæн у, рæстæджы фыдæх кæуыл нæ фæуалахиз, йæ уды фарн ноджы бæрзонддæр кæмæн фæци, ахæм адæймæгтæй фидауы цард, уыдон сты бирæ хорзæхты аккаг.

Рагзамантæй абонмæ ирон адæммæ хистæр кадджын у. Фæлтæрæй фæлтæрмæ нæ алчидæр сæрыстыр вæййы мыггаджы дзырддзæугæ куырыхон лæгтæй. Наниты фæрнджын мыггаджы бирæ уыд æмæ ис цытджын æмæ кадджын лæгтæ. Хуыцауы комулæфт кæмæ хæццæ кодта, Наниты Андойы хуызæн, æрдз дзырдамондæй кæй фæхайджын кодта, куырыхон зонды хицау, нæртон удыхъæд, йæ кад æмæ намыс æппæт Ирыстоны номхæссæнæн баззад. Йæ таурæгътæ æмæ зонды ныхæстæй нæ ахуыргонд рухстауджытæ дзæвгар фæхъæздыгдæр кодтой Нарты кадджытæ æмæ фольклор. Абон дæр ма хистæр фæлтæрæн сæ хъустыл уайынц алагираг зарæггæнæг Наниты Сергейы аив зарджыты зæлтæ. Наниты мыггаджы номдзыд спортсментæн дæрддыл айхъуыст сæ ном. Нанитæн сæ равзæрд у Уæлладжырæй, Цæразоны байзæддаг сты Холстæй. Фæстæдæр Нанитæ фæсхох Дзауы район Начърепамæ раивтой сæ цæрæн. Уырдыгæй рацыдысты 1944 азы Наниты Нафи, йæ уды хай Багаты Надя сæ аст хъæбулимæ Цæгат Ирмæ æмæ æрцардысты Тарскæйы. Сывæллæттæй сæ иуæй иннæ чысылдæр: Верæ, Замирæт, Суликъо, Хазби, Венерæ, Земфирæ, Геор æмæ Мурат.

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ, уæззау æмæ хæринагæй кадавар азты аст æнахъом сабиимæ ныййарджытæн æнцон нæ уыд. Фæлæ адæмы фарн тыхджын у, уыцы уырыд рæстæг адæм кæрæдзийыл æнувыд уыдысты. Рæсугъд арфæ зæрдæбынæй куы дзурай, уæд циндзинад хæссы адæмæн, цæхх æмæ къæбæр рæдауæй куы дæттай, уæд радтаджы къухмæ бæркад æртывæрæй здæхы. Хуыцауæн табу, Нафи æмæ Багиан бинонты бынаты бардуаг æмæ быдыры зæдтыл бафæдзæхстой æмæ царды цæхæрадоны зиууон хуымгæнæгæй басгуыхтысты. Хистæр кадджын, кæстæр арæх цы мыггаг, хæдзарвæндаг æмæ бинонтæ сты, уыдонæн амондджын æмæ рæсугъд фидæн ис. Царды уæрæх фæндаг сын парахатæй гом у. Ныййарджыты уды фыдæбон æмæ раст хъомыладæй цыппар æфсымæры æмæ цыппар хойы царды арфæйаг фæндагыл рæствæндаг фесты. Царды нысан раст сæвæрынæй йæ сæххæст кæнын зындæр у. Тæхудиаг сты, сæ ныййарджыты хæрзтæ, лæггад, хъиамæт сæ зæрдыл цы хъæбултæ дарынц, дывæрæй сæ бафидыныл чи архайы, ахæм кæстæртæ номхæссæн æмæ фæзминаг сты. Бæндæн фидар вæййы, йæ тæгтæ æнгом быд куы уой, уæд, дыууæ цардæмбалы кæрæдзийыл куы аудой, кæстæрты – сомбоны ныфсыты фæллойы сгуыхтдзинæдтæй  зæрдæрухс куы уой, уæд царды хорзæх семæ æмдзу кæны. Нафи æмæ Надяйы хъæбултæ хæсты сывæллæттæтм хауынц, æххоммаг, уазал, бæгъæввад æмæ уæлæдарæс, гуыбыны хæлцæй кадавар уыдысты. Се мкарæнтимæ нæ банкъардтой сабийы æмæ æвзонгады æхцондзинад. Стыр Фыдыбæстæйон хæст адæмæн сæ хъæлдзæг цардбæллондзинад фескъуыдта. Ахæм æндыгъд, тызмæг рæстæг Нафи æмæ Надяæйы хъæбултæ цыдысты скъоламæ, уыдысты зæрдæргъæвд æмæ се ппæт дæр фесты астæуккаг скъола каст. Зæнæджы кæстæртæ цалдæрæй райстой уæлдæр ахуырад. Скъолайæ уæгъд рæстæг сывæллæттæ, сæ бон цы уыд, уымæй фидар æнцой уыдысты ныййарджытæн цæхæрадоны, фосмæ зилыны æмæ иумæйаг колхозы куысты. Фæскуыст-иу бинонтæ сæ фæллад уагътой хъæлдзæгдзинад, кафт æмæ фæндыры удрæвдауæг зæлты.

Ныййарджыты фæстæ алы адæймаг дæр хæсджын у зæдты æмсæр ахуыргæнæгæй. Ахуыргæнæг хоны адæймаджы  кад æмæ æнтыстдзинæдты бæрзæндтæм, ахуырады зонындзинæдтæ нын цæстуарзонæй амоны. Царды райстбавæрынагæй цы ис, удварны хæзнатæ, мадæлон æвзаг, райгуырæн зæхмæ уарзондзинад, фыдæлты кады аккаг уæвыныл нæ рæствæндагмæ чи аразы, уый у цытджын æмæ уаз ном хæссæг – ахуыргæнæг. Нафийы байзæддаг сæрыстырæй фæзæгъынц, æгъдау, æфсарм,  мадæлон æвзаджы бардуæгтæ сты бинонтæ, ахуыргæнæг, скъола æмæ чиныг. Цард цæуы размæ, æруромæн ын нæй, йæ фæндаджы хорзæхæн кæмæн хæрзæбон хæссы, кæмæн – маст æмæ сагъæс. Наниты бинонтыл дæр йæ судзгæ цæхæр бакалдта. Нафи æмæ Надя мæрдтыбæстæм сæхирдыгæй фæкодтой чызг Венерæ æмæ фырт Хазбийы. Мæлæт, удхæссæг æгъатыр сты, Хуыцауы дæр нæ фæрсынц.

Уалдзæджы дидинæгкалгæ мæй майы Наниты Нафийы фырт Суликъойыл сæххæст 78 азы. Суликъойы хуымæтæг зæрдæйы уагахаст, хæлардзинад æмæ йæ уды рæстаг скондæн кæрон нæй. Цард цард у, алы адæймагыл дæр хæс æвæрд ис цардуагæй, фæлæ уыцы хæс се ппæт æмхуызон не ххæст кæнынц. Наниты хуыцауысконд лæгæй уый зæгъæн нæй, уый адæмы хорзæхæн цырагъау судзы. Иры зæххыл Нафийы фырт цæры лæгау-лæгæй, йæ æрдзон курдиат æмæ æрвылбоны царды хорзæхтæй йæ радтæг адæмæн бирæ лæггад кæны. Суликъойæн йæ сыхæгтæ: Æлборты Виктор, Дзитойты Мурат, Гæбуты Сергей, Куыдзæгты Додик, Хуыгаты фсымæртæ Тузар æмæ Барис, сывæллоны бонтæй иу мадызæнæг фсымæрау кæимæ цæры, уыдон Биазырты Федя æмæ Левæ, Джусойты Жорæ, Хуыгаты Евген, Наниты Зауыр, Мухтар Виссарионы фырт, Тъоройы фырт Акимимæ сæ хæлар ныхас æмæ фынгыл бадт æнæ Суликъо нæ фидауы. Бахъуаджы рæстæг тыхст адæймагæн феххуыс кæнынмæ та Нафийы-фыртæй рæвдздæр ничи у. Заводы поселочы кадджын хистæртæй Губаты Хазби Суликъойы тыххæй афтæ дзырдта: «Æхсæнады, царды æмæ адæмы хсæн йæ цардвæндаг Æрфæны фæдау бæрæг кæмæн у, уый йæ рæстуды хорзæхæй адæмæн фарн хæссæг у, йæ куырыхон арфæйы дзырдæй арв райы, дзыллæйæн – æвдадзы хос у, æлутон бурæмæдзау рæстаг адæмы кæрæдзийыл бæтты. Суликъо, мах дæ иузæрдион хæлæрттæ, дæ адæймагдзинадæн сæрныллæгæй табу кæнæм, зонæм, хъысмæтæй дæ удæн зæрдæйы фæндон бирæ лæвæрттæ нæ курыс, дæ радтæг адæмы хъуагæй  дæ нæ хъæуынц дунейы хæрзтæ æмæ цардамонд дæр. Афтæ дæр нæм кæсы, æппæт исбон æмæ мулк  дæ бар куы уаиккой, уæд сæ адæмыл уарыныл фæуис, фæлæ афтæ цæстуарзон дæ, æмæ дын не сфаг уаиккой. Æз мæхи амондджын хонын, Наниты Суликъоимæ Тарскæ æмæ Заводы поселочы иу хъæубæстаг кæй дæн, уый тыххæй».

Суликъо йæхи снывонд кодта механизатор æмæ шофыры дæсныйадæн, сабибонтæй бауарзта техникæ. Скъолайы фæстæ Советон æфсады ахицæн кодта йæ граждайнаг хæс æмæ иу бон дæр нæ баулæфыд, афтæ кусын райдыдта Тарскæйы Къостайы номыл колхозы шофырæй. Æртæ азы фæстæ раивта Дзæуджыхъæуы бæлццæттæ ласæн куыстуатмæ. Æртын фондз азы бакуыста, æмæ кæддæриддæр йæ автобус уыд ифтонг. Цæгат æмæ Фæскавказы нæ разындзæн ахæм горæт, Суликъо кæдæм нæ ласта бæлццæттæ. Никуы фехæлдта фæндагыл цæуыны уаг, æдзух уыд рæствæндаг æмæ хæрзæмбæлæг. Цас хъару æмæ цæстырухс хъуыд дыууиссæдз азы шофырæй кусынæн? Советон дуджы кад æмæ табуйаг уыд кусæг æмæ зæхкусæджы фыдæбон. Суликъойæн лæвæрд æрцыд Цæгат Ирыстоны транспорты кадджын кусæджы ном, бирæ арфæйы гæххæттытæ, æхцайы лæвæрттæ.

Хæдзармæ чындз амонды къах куы бавæры, уæд ын куырыхон хистæрты куывд вæййы, каркау бæдулджын куыд уа, тулдз бæласау уидагджын, Сатанайау рæдау æфсин. Мæхъиты Екти æмæ Сланты Нуцæйы рæсугъд чызг Зæирæйыл æрцыд кувæджы уаз куывд. Ныхыдзуар æмæ Мады-Майрæмæй арфæйаг фæци. Бинонтæ, хион къабазæн уарзон, Суликъоимæ æмвæнд, æмзонд, уый та нысан кæны, дыууæ уды æцæг уарзтæй куы ссарынц кæрæдзийы, уæд уый у цард æмæ стыр хæзна. Амондджын сты, уарзондзинадæн стыр аргъ чи кæны, цырагъау ын æрхуыссынæй чи тæрсы, царды сын цы взаринаг вæййы, уый æмдих чи кæны. Дзыллæйы, дыууæ мыггаджы хсæн фæрнджын бинонтæй цæрын амонды хос у, æмæ дзы Дунескæнæг æмæ бæсты фарн æртывæрæй фæхайджын кодта Суликъо æмæ Зæирæйы. Кæстæрæй амонд ныййарджыты иууыл стырдæр хæрзиуæг у. Мад æмæ фыд схъомыл кодтой хорз кæстæртæ: чызг Жаннæ райста уæлдæр ахуырад, у ныййарæг мад, Кæркусаты Ушангы бинойнаг. Лæппутæ Чермен æмæ Руслан, се мкъæйттæ Кокуаты Альбинæ æмæ Чсиаты Маринæимæ хистæрты фарн рæсугъдæй хæссынц.

Хорз сиахс бинонтыл нымад вæййы, Суликъойы уды сконды хорзæхæн стыр аргъ кæнынц каистæ Мæхъитæ. Зæирæ æмæ Суликъойæн сæ зæрдæ зæгъы, сæ азты хыгъд сæдæ азы сæрты куыд ахиза, уарзты хурзæрин цæуæд уæ фарсмæ, тавæд уæ йæ хъарм æмæ цинхæссæг тынтæй. Азæй-азмæ, бонæй-бонмæ хъæлдзæгдзинад хъуысæд уæ фæрныг хæдзарæй.

                                                 Гуылæрты Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.