Рацыд афæдз, Нафи не ‘хсæнæй куы фæхъуыд, уыцы бонæй

Ирыстонæн уыдис æмæ ис йæ цард адæмы фарнæн чи снывонд кодта, йæ фарн Сæнайы хохы бæрзæндæн кæмæн у, Иры дзыллæ æрвон уарзтæй кæй уарзтой, ахæм адæймаг – филологон зонæдты доктор, профессор, стыр ахуыргонд, прозаик, поэт, драматург, публицист, тæлмацгæнæг Джусойты Нафи. Ацы фæрнджын, зондджын, бирæфенæг æмæ зонæг, уæздан, цæстуарзон адæймаджы номимæ баст у нæ Ирыстоны, Цæгат Кавказы, стæй нæ бæстæйы литературæйы, нæ æвæджиауы æвзаджы, культурæйы, зонады рæзты æнæхъæн дуг.

Нафи йæ царды 60 азæй фылдæр фæкуыста йæ уарзон ирон адæмы хæрзæбонæн, сæ  ивгъуыдæн, ныры дугæн æмæ фидæны рухс цардæн. Цыфæнды хъуыддаг саразын, – паддзахадон уа, хæстон æви аивадон, – фылдæр иугай адæймæгтыл баст кæй вæййы, уый дызæрдыггаг нæу. Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй райдайгæйæ абоны бонмæ ирон нывæфтыд литературæ æмæ литературæзонынад æмткæй райсгæйæ, кæй сфæлдыстады зыны, ахæм фыссæг æмæ зонадон кусæг уыд Нафи. Йæ лæггæдтæ Ирыстон æмæ ирон литературæйæн, уæлдайдæр, ирон прозæ æмæ поэзийæн тынг бирæ сты. Æрмæст йæ дыууадæс поэтикон æмбырдгæндтæм ын куы æркæсæм, уæд дæр дисы бахаудзыстæм: куыд бантыст иу адæймагæн уыйбæрц хъомысджын уацмыстæ сфæлдисын?! Нафи ирон адæмы фарнæн кæй райгуырд, Иры дзыллæйæн йæ цард, йæ зонд кæй снывонд кодта, уый дызæрдыггаг никæмæн у. Куысты фæллад цы у, уый нæ зыдта, уый хуызæн адæймагæн у йæ бон ныфсджын æмæ æнæкъæмдзæс-тыгæй дзурын “зæрондæй схуыссын, сывæллонæй растын”.

Поэтмæ чиныгкæсджытæ йæ поэтикон уацмысты æмбырдгонд “Зын кары” фæстæ æнхъæлмæ кастысты ноджы стырдæр поэтикон æнтыстытæм. Фæндыдис сæ, цард æмæ дуджы цæсгом чи æвдыстаид, ахæм уацмыстæ бакæсын. Æмæ Нафийæ фыдæнхъæл нæ фесты. Балæвар сын кодта ноджы стырдæр поэтикон æнтыст – “Æнæном чиныг”, 1967 аз.

Чиныгыл ирон литературон критиктæ уайтагъд æрæвæрдтой сæ цæст. Дзаболаты Хазби æмæ Цæрукъаты Алыксандр æй банымадтой, уыцы рæстæджы цы уацмыстæ фæзындис, уыдонæй тæккæ ахадгæдæртæй иуыл. “Нæ поэттæй йæхи æмæ йæ рæстæджы тыххæй иууыл уæзгæдæр ныхас чи загъта, ууыл куы асагъæс кæнæм, уæд фыццаджы-фыццаг йæ ном зæгъын хъæуы Джусойты Нафийæн”. Афтæ дзурынæн сын уыд йæхи бындур – ацы чиныг, зæгъæн ис, у Нафийы бæрзонддæр хох. Æххæстæй дзы разынд поэты стыр курдиат. Мæнæ куыд фыста Джыккайты Шамил ацы чиныджы тыххæй:

 

Лæгыл фидауынц хорз ном

æмæ номдзыд,

Кад сæ лæгау йæ удвæллойæ

ссара,

Нæ йын уой хаст рæстаг туг

æмæ рондзæй,

Уынгæджы бон сæ, хъарм

кæрцау, нæ дара.

Æз а чиныгæн ном нæ дæттын

барæй:

Кæд хорз гуырд у, йæ

зæрдæйы æхсарæй,

Йæ зонды дзырд, иронвæндаджы

сарæй

Йæхицæн ном,

Хæрзæджы ном æссарæд!

 

Нафи дзырдаивады, поэзийы, прозæйы, публицистикæйы, драматургийы, литературæйы, историйы зонады, критикæ, философи, социологи, журналистикæйы, фольклор иртасыны, тæлмацы йæ хъæздыг миддунейы цы сфæлдыста, æрмæст уыдоны тыххæй дæр ын кад кодтой æмæ кæндзысты Ирыстоны, Цæгат æмæ Фæскавказы,Уæрæсейы дзырдаивады дæснытæ æмæ ахуыргæндтæ.

Нафийы сфæлдыстады сæрмагонд бынат ахсы ныййарæг мады фæлгонц, мадæлон æвзаг. Цы адæймаг йе ‘взаг, йæ Райгуырæн бæстæ нæ уарза, уымæй йæ адæмы аккаг хъæбул никуы рауайдзæн. Нафи дзырдта æмæ фыста: “Райгуырæн бæстæ саби хъуамæ бауарза авдæнмæ. Мад йæ риуы æхсыримæ йæ сывæллонæн хъуамæ бадара йæ мадæлон æвзагмæ уарзт. Сывæллон мадæлон æвзагыл куы нæ ахуыр кæна, уæд йæ зонд кæны къуымых, æмæ æрдзæй цы хорздзинæдтæ рахæссы, уыдоны хъомыс сæфы”. Нафийæн йæ зæрдæйы рæбинагдæр фæндиаг уыд, цалынмæ зæххы къорийыл цæрæг æмæ дзыхæй дзурæг уа, уæдмæ а-дунейыл хъуамæ хъуыса ирон лæджы зарæг æмæ ирон дзыхы дзырд!

Нафи уыд, ирон адæмы иудзинад, нæ фидæн æмæ культурæйы сæраппонд удуæлдай тох чи фæкодта, уыцы патриотты раззагдæртæй. Æвзагзонынады, æппæт литературæйы жанрты Нафи иунæг нæ уыд. Йæ алæмæты табуйаг курдиатæн ын фарны фæндаг байгом кодтой Иры адæмы хурыскаст Къоста, Секъа, Арсен, Елбыздыхъо, Нигер, Малиты Георги, Æрнигон Илас, Плиты Грис, Абайты Васо æмæ нæ иннæ номдзыд лæгтæ. Ахуырады критикон тохы Нафи иунæгæй уыд “хæстон”. Фæлвæрдтой йыл алы хуызты, фæлæ йæ нæ басастой. Нæ заманы ирон фысджытæй Æппæтцæдисон арæнмæ барджынæй чи рацыд, уый уыд Нафи. Уый хуымæтæджы нæ уыд, йæ центр Парижы кæмæн ис, уыцы литературон критикты дунеон ассоциацийы уæнг. Ирон литератортæй Нафи ссис Наукæты академийы фыццаг уæнг-уацхæссæг.

Нафи йæ царды бонты бирæ зынтæ бавзæрста. Æвирхъау фашистон Германы хæсты зынгсирвæзт бирæты амонд басыгъта. Бирæ курдиæттæ фесæфт йæ судзгæ цæхæры. Æбæрæгæй бæсты сæрвæлтау цас æвзонг, цæхæрцæст фæсивæд бабын?! Хæст адæмæй домдта æгæрон лæгдзинад, æмæ ирон адæмы хæстон хъæбултæ хæстмæ цыдысты мæлæт æмæ кады фæндагыл. Уыдоны ‘хсæн уыд Нафи дæр. Æрыгон хæстон Джусойты Нафи хæсты быдырæй фыста: “Æртæ хатты мæ хæстон писыртæ ныгæдтой, æртæ сау гæххæттыл æртæ хатты фæкуыдта мæ мад».

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фæстæ тох æмæ сæрибары зарæггæнæг Джусойты Нафийы курдиат Бонвæрнон стъалыйау,  æрттивгæ, арвайдæнау цæхæркалгæ сфæлдыстад йæхи раргом кодта, æмæ цытджын поэты систой уæларвы тыгъдадмæ. Ирон дзырдаивады, литературæйы, зонады, æвзагзонынады, драматургийы сыгъдæгзæрдæ æмæ æнувыд зиууон, зынгæ æхсæнадон архайæг Нафи у 400 наукон æмæ 12 монографийы автор. Ирон литературæйы зæрингуырдтæ: Къостайæн, Секъа, Елбыздыхъо, Нигер, Мамсыраты Темырболат æмæ нæ иннæ номдзыд фысджытæн уый бакодта хъæбул æмæ кæстæр æфсымæры лæггад – се сфæлдыстадон бынтæ сын зонадон æгъдауæй лæмбынæг равзæрста.

Фыццагдæр Нафийæн бантыст раиртасын æмæ ныффыссын ирон литературæйы истори. Нафи арфæйаг ныхас загъта Кавказы зындгонд фысджытæ: Илья Чъавчъавадзе, Акъакъи Церетели, Расул Гамзатов, Кайсын Кулиев, Алим Кешоков, Давид Кугультинов, Адам Шогенцуков æмæ иннæ зындгонд фысджыты тыххæй.

Нафийæн Уæрæсейы фысджыты ‘хсæн бирæ хæлæрттæ уыд. Уыдонæй бирæты сфæлдыстады тыххæй бирæ уацтæ ныффыста литературон газеттæ æмæ журналты. Нафийæн нæ бæстæйы литературон æхсæнады зынгæдæр минæвæрттæ стыр кад кодтой. Ирыстонæн цæргæцæрæнбон кæд исчи  удуæлдай æмæ биноныг лæггад фæкодта, уæд уый уыд нæ уæздан, куырыхон, разагъды Нафи дæр. Уый йæ фæстæ йæ раттæг адæмæн цы алæмæты уацмыстæ ныууагъта, уыдон æнустæм цæрдзысты нæ дзыллæйы зæрдæты, цæрæнбонтæм ныййарæг адæмы хæрзæбонæн хæсдзысты нацийы кад æмæ намысы ном.

Нафи уыд ирон адæмы фарн æмæ намысы дзырды тырыса. Нафийы ном æнустæм цæрдзæн нæ зæрдæты. Нафийы кад уæларвыл стъалыйæ æрттивдзæн! Нафийы уды фарн номхæссæнæн баззайдзæн! Зæды бынаты нын уыдзæн, кувдзыстæм ын кæддæриддæр йæ рухс ном æмæ йæ кадæн!

ГУЫЛÆРТЫ Барис

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.