Фыдыбæстæйон хæсты нæлгоймæгты æмрæнхъ фыдызнаджы ныхмæ хъазуатон тох кодтой сылгоймæгтæ дæр. Уыдонæй бирæтæн сæ нæмттæ баззадысты историйы æмæ сын сæ амæлæты фæстæ дæр лæвæрд цæуынц хорзæхтæ, кад  сын кæнынц сæ нæмттæн. Уымæн æмæ уыдон удуæлдай тох кодтой Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау, кæд сæ æрдз хæцæнгарзимæ архайынæн, кæнæ уæззау фыдæбонæн нæ рафæлдыста, уæддæр.

Соколова Нинæ райгуырд 1912 азы горæт Череповецкы. Йæ ныййарджытæ уыдысты бирæсывæллонджын бинонтæ, нæ сын уыд фаг кусæгдых æмæ Нинæмæ, куыд зæнæджы хистæр, афтæ тынг раджы æрхауд йæ мадæн æххуыс кæнын. Афтæмæй сабибонтæй фæстæмæ сахуыр ис уæззау куыстыл, уыд зындзинæдтæн фæразон æмæ æппæтмæ дæр æвзыгъд чызг. 1931 азы Нинæ каст фæцис астæуккаг скъола æмæ бацыд Доны транспорты инженерты институтмæ. Уым æнтыстджынæй сахуыр кæныны фæстæ æрвыст æрцыд Донбын сæрмагонд нысаниуæджы куыстыты экспедициты хайадмæ. Ацы хайад кодта фæдæлдонуæвæг объектты хæрдмæ исын, фæсарæйнаг æмæ фыдыбæстæйон науты ирвæзынгæнæн, наулæууæнты арæзтæдтæ æмæ донбын алыгъуызон хæтæлтæ уадзыны куыст. Экспедицийы сæргълæууæг Фотий Крылов цæмæй Нинæйæн бар радтаид доны бын 10 метрæй фылдæр æрфæны ныххизынæн, уый тыххæй хъуыд Михаил Калининæй сæрмагонд бардзырд райсын. Калинин радта ахæм бардзырд, æмæ ма Нинæйæн радта характеристикæ дæр, цыран дзырдæуыд: «Соколова Нинæ у æрыгон фæлтæрд специалист, æппынæдзух кусы  йæ зонындзинæдтæ рауæрæх кæныныл. У ныфсхаст æмæ æвзыгъд кусæг.  Æфсæддон-денджызон флоты фæлва-рæнтæ радта тынг хорз бæрæггæнæнтыл, уымæ гæсгæ нысан æрцæуæд гидротехникон хайы сæргълæууæгæй».

Ахæм характеристикæйы æмæ Михаил Калинины сæрмагонд къухфысты руаджы Нинæ ссис историйы фыццаг сылгоймаг дæлдондзог. 1939 азы Баренцы денджызæй райдыдтой йе службæйы фыццаг бонтæ. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдайынмæ Нинæ ссис экспедицийы 27-æм  отряды сæйраг инженер. Фыдыбæстæйон хæсты рæстæджы йæ дæлбар хайад кодта, æфсæддон архайдтыты фæстиуæгæн чи ныппырх, уыцы донбынты объектты æндидзынгæнæн куыстытæ, систой-иу доны бынæй фæдæлдонуæвæг хæцæнгæрзтæ, продукттæ. Æгæрыстæмæй артиллерион æмæ авиацион æхстыты рæстæджы дæр Нинæйы дæбар хайад никуы æрлæууыд йæ куыстæй. 1941 азы Невæйаг Дубровкæйы арæзт æрцыд аварион-ирвæзынгæнæн къорд, кæцыйы сæйраг хæстæм хауд танктæ æмæ артиллери ласынæн доны бынты фæндаг айгæрдын. Иуахæм хæстон архайдтыты рæстæджы фæдæлдон сты цалдæр науы продукттæ æмæ хæцæнгæрзтимæ. Уыдонæй Нинæйы ирвæзынгæнæн къорд доны бынæй систой 4 мин голлагæй фылдæр мæнæу æмæ блокадæйы уæвæг ленинградæгтæ, цалдæр боны æххормаджы фæстæ, райстой хойраджы продукттæ.  Æппæт хъуагдзинæдтимæ ма ленинградæгтæ æййæфтой æртаджы хъуагдзинад дæр. Уый та уыд æнæмæнгхъæугæ хæстон техникæ кусын кæнынæн. 

Ладогы цады доны бынты хъуыд аласын йедзаг æртаджы цистернæтæ, знаджы цæст сæ куыд нæ рахатыдаид, науæд уыд тынг тæссаг. Цалдæр боны æмгъуыдмæ Нинæйы отряд снывæзтой доны бынмæ цистернæтæ ныисын, иннæ фарсмæ сæ баласын æмæ сæ уым хæрдмæ сисыны фæндæгтæ. Уыцы аз ма дæлдондзогты раз æвæрд æрцыд Ленинграды фронт æмæ Мæскуыйы ‘хсæн телефоны бастдзинад сифтонг кæныны хæс. Телефоны хахх хъуыд донбынты ауадзын. Ам дæр та Нинæйы отряд равдыста фæлтæрддзинад æмæ цыбыр æмгъуыдмæ сифтонг кодтой бастдзинад. Иуахæмы Нинæ, Мæскуымæ куыстуатон балцы цæугæйæ, амбæлд Ленинграды фронты æндидзынгæнæн куыстыты сæргълæууæг Иван Зубковимæ æмæ йын загъта йæ ног фæнд, Ладогы доны бынты æртагуадзæн хахх ауадзыны тыххæй. Уыцы фæнд фæцыд Хъахъхъæнынады комитеты къухдариуæгады зæрдæмæ æмæ цыбыр рæстæджы фæстæ комитет йæ къух æрфыста донбынты æртагуадзæн хæтæл ауадзыны проектыл. Лæвæрд ын æрцыд хæрз цыбыр рæстæг – æдæппæт 50 боны. Легендарон æрыгон сылгоймаг Нинæ Соколова уыд уыцы  историон проекты автор æмæ йæ арæзтады сæйраг архайæг дæр. Ацы хæтæлы арæзтад домдта уæззау физикон тых, арæзтадон куыстæн гæнæн уыд æрмæстдæр знаджы сусæгæй æмæ уый хыгъд фæтагъдгонд  темптæй.  Нинæйы отряд ацы проектыл бакодта стыр куыст. Куыстыты бирæбæрцæй хъыгдардтой боныгъæдтæ, уыд дымгæ бонтæ æмæ цады уылæнтæ нæ лæвæрдтой фадат кусынæн. Фæлæ уыдæттæм нæ кæсгæйæ, хæтæлуадзæн куыстытæ фесты æмгъуыдæй раздæр. 29 километры дæрддзæгæн хæтæл, кæцыйæ 21 километры уыд доны бын 35 метры æрфæны, уагъд æрцыд 43 боны æмгъуыдмæ. Скæсæйнаг фарс æвæрд æрцыдысты дыууæ æртагдымсæн станцæйы æмæ ныгуылæйнаг фарс та сæвæрдтой фæсауæрцтæ æмбырдгæнæн мигæнæнæнтæ. Ацы историон арæзтады  руаджы блокадæйы уæвæг Ленинградмæ боны мидæг хæццæ кодта 400-600 тоннæйы судзæн æрмæг.  Ацы хæтæл бакуыста 1942 азы июны мæйæ 1943 азы фæззæджы онг. Уыцы æмгъуыдмæ Ленинград ифтонг æрцыд 50 мин тоннæйæ фылдæр æртагон æрмæджытæй.  Уыцы донбын æртагуадзæн хахх, стыр ахъаз кæй фæцис Ленинград ссæ-рибар кæныны тохты, уымæ гæсгæ йæ рахуыдтой «Царды артери».

Ладогы арæзтадон куыстыты рæстæджы Нинæ фæцæф ис дыууæ хатты. 644 сахаты, ома, 43 арæзтадон бонтæй 27 фæкуыста донбынты. Дыууæ хатты хорзæхджын æрцыд Сырх Стъалыйы орденæй, Фыдыбæстæйон хæсты 2-аг къæпхæны орден æмæ «Кады нысан»-ы орденæй.  Райста инженеры цин.

2001 азы 90-аздзыдæй йæ цардæй ахицæн ис Фыдыбæстæйон хæсты архайæг иунæг сылгоймаг – дæлдондзог Соколова Нинæ. Нинæйы ном хаст у Санкт-Петербурджы Сыгъзæрин чиныгмæ. Йæ ном ын сæнусон кæныны цытæн йæ райгуырæн боны 100 азы юбилеймæ йæ цæрæн хæдзары къулыл баконд æрцыд мемориалон фæйнæг.

Æрмæгыл бакуыста

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.