2008 азы августы хæсты рæстæджы Хуссар Ирыстоны цæрджытæй ам, бынаты чи баззад, уыдонæй алкæмæн дæр ис йæхи истори уыцы тугуарæн хæсты тыххæй. Мæлæты цæстытæм комкоммæ кастысты нæ хъæбатыр лæппутæ дæр, фæлæ уыдонæн тасдзинад сæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд, афтæмæй хъахъхъæдтой сæ Райгуырæн бæстæ, сæ фыдыуæзæг, бирæтæ дзы сæ цард нывондæн æрхастой нæ абоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрвæлтау.  Æнусон кад  уыцы хъайтартæн!

Сабыр цæрджытæй фондз боны хæсты рæстæджы ныккæндты чи бадт, уыдоны дæр никуы ферох уыдзысты уыцы тæссаг бонты цаутæ. Уавæр æндыгъдæй-æндыгъддæр кодта… Фæлæ нæ уæддæр нæ уырныдта, XXI-æм Олимпиадæйы рæстæджы Гуырдзыстоны уæды сæрхъæн президент М.Саакашвили ирон адæмы ныхмæ уæрæхмасштабон хæст расидтаид, уый. Уымæн æмæ-иу рагæй фæстæмæ дæр Олимпиадæты рæстæджы урæд æрцыдысты хæстон архайдтытæ, фæлæ…

Хъоцыты Мæдинæ, Исахъы уынджы цæрæг: «2008 азы 7-æм августы Цхинвалы уыд æнахуыр тæссаг сабырдзинад, æгæрыстæмæй, нал хъуыст машинæты хъæлæба дæр. Мах нæ сыхæгтимæ бадтыстæм нæ хæдзары кæрты. Изæры 10 сахатмæ æввахс кæрæдзийæн хæрз-æхсæв загътам æмæ схызтыстæм нæ фатертæм. Куыддæр æрхуыссыдыстæм нæ уæтты, афтæ райхъуыст тыхджын гуыпп, йæ хæдфæстæ ноджы æмæ ноджы фæтыхджындæр сты алыгъуызон хæцæнгæрзты æхстытæ. Бамбæрстам æй, хабар хорз кæй нæу, æмæ тагъд-тагъд ныххызтыстæм нæ хæдзары ныккæндмæ. Цыбыр рæстæгмæ уырдæм тыхстхуызæй æрбамбырд сты нæ сыхæгтæ иууылдæр. Уыцы тæссаг бонты нæ сыхаг лæппутæй цалдæрæй уыдысты постыты æмæ сæ мæдтæ уæлдай катайхуыздæр уыдысты. Мады зæрдæ зонаг фæхонынц, мады зæрдæ развæлгъау фенкъары алцыдæр. Тыбылты-Джиджджойты Зоя дæр зæрдæйæ банкъардта,  йæ уарзон хъæбулы хъысмæт хорз кæй нæу, уый. Тыхстæй рауай-бауай кодта ныккæнды къуымты.  Уалынмæ нæм æрбайхъуыст æнамонд хабар. Джетæ, дам, фæмард знаджы къухæй. Фæлæ хъæбулы сау хабары тыххæй  æнамонд мадæн ничи бауæндыд, зæгъын, цалынмæ йæм йæ хиуæттæ нæ фæхабар кодтой, уæдмæ. Бæргæ хорз адæймаг уыд Джетæ, сыхæгтæ йæ иууылдæр бирæ уарзтой, йæ хъæр ныхас ын никуы ничи фехъуыста, фæлæ йæ цард хæрз цыбыр разынд.

Нæ сыхæгтимæ мах цы бонтæ æмæ æхсæвтæ арвыстам, ныккæнды бадгæйæ, ууыл дзурын уæлдай у. Нæ корпус-иу тыхджын гуыппытæй афтæ нызмæлыд, æмæ-иу хатт ахъуыды кодтам, зæгъын, мыййаг, нæ корпусы пырхæнты бын куы фæуæм удæгасæй. Сылгоймæгтæй сæ иу йæхиуыл хæцын нал зыдта æмæ алы тыхджын гуыппы рæстæджы дæр йæ дзыхыдзаг хъæр кодта. Ныккæндмæ нæм     хъуыстысты алыгъуызон æнамонд цауты тыххæй цыфыддæр хабæрттæ. Фæлæ нæ Уæрæсе бахъахъхъæдта скуынæг кæнынæй».

Уалыты Дзерассæ: «2008 азы 8-æм августы тыхджын æхстытæ куы райдыдтой, уæд æз уыдтæн мæ фатеры, 4-æм уæладзыджы. Нæ корпусы фыццæгæм уæладзыджы та нын уыд магазин æмæ уырдæм æрхызтæн. Уæд æз   хъуыды кодтон, уым æхстытæй бамбæхсынæн æдас кæй у, фæлæ раст нæ разындтæн. Мæ цардæмбал Бесаты Леонид службæйы уыд æмæ йæм мæ зæрдæ ахсайдта. Телефонæй радзур-бадзур кодтон, фæлæ мын ничи дзуапп кодта. Æрмæстдæр мæм 8-æм августы райсомæй фæдзырдта Леонид æмæ мын загъта, зæгъгæ, æрæмбырд кæн документтæ æмæ бамбæхсут ныккæнды, гуырдзиаг танкæтæ, зæгъ, горæтмæ æрбахизæны сты. Фыртыхстæй ма цы акодтаиикам, уымæн ницыуал зыдтам нæ сыхæгтимæ. 8-æм августы райсомæй нæ корпусы цурмæ æввахс фехъуыстам тыхджын гуыпп æмæ сылгоймаджы тыхджын зæрдæскъуынæн хъыллист. Фæстæдæр куыд базыдтам, уымæ гæсгæ Джусойты бинонтæ хæстæй лыгъдысты, фæлæ сæ знæгтæ комкоммæ фехстой æмæ машинæйы басыгъдысты фыд æмæ йæ дыууæ хъæбулы. Мах уыдтам, машинæ куыд судзы, уый, фæлæ сын нæ бон баххуыс кæнын ницæмæй уыд. Æхстытæ иучысыл куы фæсабыр сты, уæд ма сæм балыгъдысты, фæлæ сæ æххуыс кæнын никæмæнуал бахъуыд…

Ацы æбуалгъ хабары фæстæ нæ тасдзинад фæтынгдæр æмæ æнхъæлмæ кастыстæм мæлæтмæ. Уæдмæ гуырдзиаг танктæ æрбабырстой горæтмæ æмæ райдыдтой адæмы марын, пырх кæнын. Танктæ нын æхсын райдыдтой нæ корпусы дæр. Фехстой мын мæ магазин дæр æмæ йыл зынг сирвæзт. Мах слыгъдыстæм, хъуамæ зынг ахуыссын кодтаиккам, фæлæ нæм дон нæ уыд. Уæд æй райдыдтам,  магазины цы бæгæнытæ æмæ минералон дæттæ уыд, уыдон æмæ змисæй хуыссын кæнын. Горæт куы ссæрибар, уæд фехъуыстам зæрæдæскъуынæн хабар. Нæ хорз сыхаг Багаты Амиран хъæбатырæй фæмард гуырдзиаг фашистты къухæй».

Гасситы Хадизæт, Къозоны фырты уынджы цæрæг: «Августы хæст куы райдыдта, уæд æз хæдзары уыдтæн. Куыддæр тыхджын гуыппытæ райдыдтой, афтæ æрæмбæхстæн мæ хæдзары ныккæнды. Фæлæ уым æдас кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ дыккаг æхсæв арвыстон мæ сыхæгтæ Багаты ныккæнды. Мæ хæдзары ‘рдæм куы ракастæн, уæд федтон, нæ кæрты кæй байдзаг сты гуырдзиаг абырджытæ. Æдас кæй нал уыд, уымæ гæсгæ мæ сыхаг Джиоты Варя æмæ йæ чызгимæ æмбæхсгæ-æмбæхсгæ æрбахæццæ стæм чысыл Шанхаймæ, уырдыгæй та нæ фæндаг скодтам Хъайтарты уынджы мæ чызджы хæдзармæ. Фæлæ Исахъы уынг-мæ куы схæццæ стæм, уæд уынджы цыд ивылд дон æмæ йæ сæрты ахизæнтæ нæ уыд. Фæлæ йæ цæрæнбон бирæ, иу æвзонг нæлгоймаг нын баххуыс кодта доны сæрты ахизынæн. Схæццæ стæм, Хъайтарты уынджы мæ чызг цы корпусы цæры, уырдæм. Кæсын æмæ 4-æм уæладзыджы мæ чызджы фатер цъыбырттысыгъд баци. Фырдиссагæй ма цы акодтаин, уымæн ницыуал зыдтон, фæлæ мæм ме сиахс Гæджиты Валери (ныртæккæ дзæнæты бадинаг) æрбауад, йæ къухтæ, йæ цæсгом сыгъдтытæ, афтæмæй. Тыхстгъуызæй мæ куы ауыдта, уæд мæ æрбахъæбыс кодта æмæ мын афтæ бакодта, зæгъгæ, хæдзæрттыл маст кæнын нæ хъæуы, æгайтма, зæгъ, сæрæгас стæм. Цы тас бавзæрстам, уый ныхæстæй ничи бамбардзæн». Зæгъын ма мæ фæнды уый дæр, æмæ Шанхайы лæппутæ цы хъайтардзинæдтæ равдыстой уыцы тæссаг бонты, уыдон диссагæн дзуринаг сты».

Чертхъоты Жанна

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.