Æлгъыстæй зындоны дзыназа

                                                                                                                    Цы лæг æрымысыд хæст.

Грис

08.08.08. Ацы бонмæ бакæсæм зæрдæрыстæй, фæлæ дзы сæрыстыр дæр стæм, уымæн æмæ дзы æгадæй нæ рахызтыстæм, лæджы фыдхор знæгтæ дæрæн æмæ тард æрцыдысты. Дыууæ хатты сæрыстыр та уымæн стæм, æмæ цæргæцæ-рæнбонты цæмæ бæллыдыстæм, уыдæттæ нæм æрхаудтой – систæм сæрмагонд паддзахад, ис нын нæхи Конституци, тырыса, гимн æмæ герб, картæйыл фæзынд паддзахад – Республикæ Хуссар Ирыстон- Алани.

Æппæт хорздзинæдтæ дæр ирæттæн сæ къухы бафтыдысты туджы аргъæй, фæлæ уыцы туг дарддæр калдаид, Стыр Уæрæсе нæм йæ къух куынæ фæдаргъ кодтаид, уæд.

Сыхаг куы бæзза, уæд хæдзары, хъæубæсты, нацийы кæнгæ æфсымæр у. Ахæм æфсымæрæй мах зонæм Стыр Уæрæсейы 1774 азæй абонмæ. Сыхаг куынæ бæзза, уæд ахæм сыхаг у знаг хæдзарæн, мыггагæн, нацийæн. Ахæм сыхагæй Хуссар Ирыстон зоны Гуырдзыстоны, Цæгат Ир та –  Мæхъæлы.

Ардыгæй зæгъæн ис – сыхагæй нæ амонд нæ фæцис, нæ лæггæдты, нæ хорздзинæдты дон йæ бынмæ аласта, цы нæм ис царды хорзæй, уыдон сæхирдæм ссивынц, сæ намыс, сæ цæсгомыл къух сисгæйæ.

«Мæстджын дзураг у»,- зæгъы нæ фыдæлты æмбисонд. Дыккаг геноцидыл бирæ ныхас, бирæ фыст æмæ загъд æрцыд мысингæгты хуызы дæр. Æцæг, уыдон фагыл банымайæн нæй, уымæн æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад, цал адæймаджы бабын кодтой, цал бинонты  басаухæдзар кодтой, цытæ бакодтой нæ горæтæн, нæ районтæн, нæ уæлмæрдтæ æмæ дзуæрттæн.

Мæрдты ингæны дуртæ æмæ æмбæндтæм чи æрхауд, уыдоны цы хъуамæ рахонай. Адæймаджы ном сæм не ‘мбæлы. Ирон лæджы тугæй худгæйæ рæгъытæ чи кодта, уыдон сырдтимæ абарæн дæр нæй.

Цы мæ фæнды зæгъын: цæрын бындуронæй Цхинвалы 1952 азæй абонмæ. Куыд рæзт, куыд цыд размæ Хуссар Ир, уыдæттæ уыдтон æмæ сæ зонын. Хорз зонгæ дæн 1920 азы геноциды æрмæджытимæ дæр.

Нæ фыдбоны сыхæгтæ Цæдисы ныппырхимæ нæ бæстæмæ куыд райдыдтой ныхилын,  тугтæ мысын, фыдракæндтæ  аразын, уыдон иууылдæр зонын. Згъудеры æрцæуæны лæппутæ кæрæдзи къухтыл куы ныххæцыдысты, уæд сæ цуры уыдтæн. «Хæлардзинад»-ы митингмæ куы æрбацыдысты, уæд мах та, интеллигенцийы иу къорд, нæ сæргъ Цыбырты Людвиг æмæ дзæнæтыбадинаг Мæргъиты Алекси, афтæмæй цыдыстæм Къаспмæ Тъогошвили Жорайы ныгæнæн бонмæ.

Хорз зыдтам, нæ сыхæгтæ сæхи кæй цæттæ кæнынц 7-æм августы æрбабырсынмæ. 7-æм августы мæ бинойнаг, сывæллæтты акодтон Дзæуджыхъæумæ. Изæры фæстæмæ æрыздæхтæн, кæд мæхи фронты тохгæнæгыл нæ нымадтон, уæддæр зæрдæйæ семæ уыдтæн, æрцæугæ хабæрттæ уыдтам æмæ хъуыстам мæ сыхæгтимæ.

Институты хæдзар кæй хонæм, уым цæрын абон дæр. Сыхæгтæй ам бирæ баззад, сæхи бааууон кодтой æнæбары ныккæндты. Мæ фырт, æвзонг лæппу Алан, æд пулемет слæууыд тохы фæндагыл, уыдысты 15-æй иу къорды, уыдис сын къухдариуæггæнæг, зылдысты горæты къуымты, хызтысты горæты кæрæттæм, фылдæр уыдысты Присы къуылдымтыл.

Æххормаг, хуыссæгхъæлдзæг, арæх-иу æрбаппæрстой сæхи  къæбæр хæрынмæ, хъарм цай аназынмæ.

Нæ ныккæндмæ иуахæмы æрбацыд иу сылгоймаг, рахабар кодта, институты сæйраг корпус судзы, зæгъгæ.

Хъуызгæ, иу тигъæй иннæмæ лидзгæйæ,   схæццæ дæн æмæ федтон, ацы бæстыхайæ пайда кæй нал ис. Уынджы ма амбæлдтæн дзæнæттаг  профессор Санахъоты Муратыл. Бæстæ куы æрсабыр, уæд мæ фæрсы, цы дæ схаста уырдæм, цæуыл дæхи сæфтай., зæгъгæ.

Нæ уынджы, нæ корпусы зиан ницы æрцыд, æрцæуæг æнамонддзинæдтæ хъуыстам, фæлæ къах авæрæн никуыдæм уал уыд, алчи йæ мæрдты рæстæгмæ ныгæдта  йæ уынджы.

Фыдбон, фыдлæг, фыддугæн цæрæнбон бирæ нæ вæййы. Уырысы æфсад, нæ сахъ лæппутæ, цыфыддæр знаджы фæтардтой нæ зæххæй.

Кæронбæттæны мæ цы фæнды зæгъын?

Мах стæм рагон адæм, ис нын хъæздыг культурон бынтæ, фыдæлты зæхх йæ фарн, йæ зонд, йе ‘гъдæуттимæ. Уазджытæ нæ чи хоны, уыдон æй хъуамæ зоной, мах фысымтæ кæй стæм. Рæстдзинадæн сæфæн нæй. Нæ зæрдыл хъуамæ дарæм фыццаг геноциды æбуалгъ митæ.

Беджызаты Чермен  фæдзæхста:

«Ссæдзæм аз махæй

Кæмæй фæуа рохы,

Уый не ‘хсæн æлгъыст уæд фæлтау».

Зæрдыл дарын хъæуы кæддæриддæр, йæ дуджы зынгæ революционер Гæдиаты Цомахъы ныхæстæ:

«Знаг ма тыхджын у уæндон –

Архайы сусæг æргом…

Æмбæлттæ, фидар лæуут!»

Абоны бон махæн зарæджы сæйраг ныхæстæ сты йæ рæстæджы рæстæй байсæфæг Илас Æрнигоны ныхæстæ, кæцы фыста:

«Сæрибар нæ бæстæ,

Сæрибар нæ зæхх

Нæ барæг æд гæрзтæ,

Нæ барæг æд бæх

Нæ фæндон – нæхи бар,

Нæхи бар нæ дзых.

Сæрибар, Сæрибар,

Сæрибар нæ тых».

Августы хæст нын фæндаг байгом кодта, абон нæ къухы цы егъау хæрзиуджытæ бафтыд, уыдонмæ. Райгуырд нын  ног дуг æмæ йæ бавæрын, йæ бахъахъхъæнын нæ бон цы бауа, уый бæрц амонд нæ уæд! Абон Украинæйы зæххыл цы фæсивæд хæцынц, уыдон мауал фæкъахыр уæнт,  рæхджы сæрибары тырысаимæ цы æрыздæхой, уый сын уарзы мæ цæст.

Ме ‘мбæстагон адæм!

Азæй аз хуыздæр æмæ фылдæр цы кæнат, уый уын уарзы мæ цæст.

 ПЛИТЫ Гацыр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.