Хуссар Ирыстон хъæздыг у йæ æрдзы диссаджы æвæрæнтæй, сæ нымæцмæ сын ахæссын хъæуы йæ номхæссæн суæртты дæр. Уыдон хорз ахъаз сты адæймаджы æнæниздзинад фидар æмæ фæхуыздæр кæнынæн. Афтæ кæй у, уымæ гæсгæ Ирыстоны хосгæнæн бынæттæм раздæр азты æмæ ныр дæр цæуынц канд бынæттон æмбæстæгтæ нæ, фæлæ ма уымæн æддейæ дæр æмæ сын фæахъаз вæййынц се ‘нæниздзинад банывыл кæнынæн.

Хосгæнæн бынатмæ хауы  Знауыры районы Нагутнийы дон дæр, уый рагæй фæстæмæ зынд-гонд у адæймаджы организмæн йæ дзæбæх миниуджытæй. Уый кусын райдыдта ивгъуыд æнусы 50-æм азты, рынчынтæн дзы арæзт уыд цалдæр хъæдын хæдзары æмæ ваннæтæ райсыны фæстæ сæ улæфт уагътой уыцы бынаты. Раст у, ардæм æрбацæуæг æмбæстæгтæн бынтон хорз уавæртæ нæ уыд, фæлæ уæддæр быхстой, æввахс рæстæджы се нæниздзинад кæй фæхуыздæр уыдзæн, ууыл æууæндгæйæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, раздæр азты транспорт тынг кадавар уыд æмæ йæм уымæ гæсгæ цыдысты галуæрдæттыл. Иу рæстæджы кæцыдæр адæймаг сфæнд кодта санатори саразын, райхæлдта  хæдзæртты агъуыстытæ æмæ сæ раласта дæрддзæфдæр бынатмæ. Уæд Хуссар Ирыстон Гуырдзыстоны скондмæ хауд æмæ йæ нæ бауагътой аразын, ома кæд аразыс, уæд йæхи бынаты, кæн-нод йæ доны тых нал уыдзæн æмæ рынчынтæн ницыуал æххуыс кæндзæн, зæгъгæ. Нагутни ма фæкуыста, цалынмæ Советон хицауад уыд, уæдмæ, стæй йæм рынчынтæ уый бæрц нал цыдысты. Ацы уавæр æмбæрстой иуæй-иу æмбæстæгтæ æмæ хъавыдысты ногæй йе скусын кæныныл, фæлæ сын не нтыст. Фæлæ фæзынд, тыхст æмбæстæгты уавæр фæрогдæр кæныныл йæ уд чи хъардта, ахæм адæймаг æмæ йын æнтысгæ дæр бакодта йæ фæнд хъуыддагæй сæххæст кæнын. Уый та у ацы комбæстаг Челæхсаты Владимир æмæ йын уал азы дæргъы арфæтæ фæкæнынц, ацы хосгæнæн бынаты йе нæниздзинад чи фæфидар кæны, уыдон. Челæхсайы фырт Нагутнийы бынат сæндидзын кæныныл зæрдиагæй бацархайдта 2002 азы æмæ цыбыр рæстæгмæ йæ къухты бафтыд æнтыст – фыццаг улæфджыты райста 2003 азы. Афтæ æмæ ныр 20 азы дæргъы Нагутни цæстуарзонæй йæ лæггады хай кæны æмбæстæгтæн. Вæййы дзы улæфджытæ Мæскуыйæ, Волгоград, Ставрополь æмæ æндæр рæттæй. Фарон та дзы йе нæниздзинад фæфидардæр кæныны тыххæй улæфыд Гергиты Валерийы оркестры артист, тынг йæ зæрдæмæ фæцыд, йæ рыст дæр æрбайсæфт æмæ та йæ зæрды ис ногæй йæ улæфты рæстæг ам арвитын.

Фыццаг азты ам улæфджытæ тыхстысты, чырон телефонон бастдзинад кæй нæ куыста, уый аххосæй. Уæд-иу цасдæр дæрддзæг фæцыдысты уæлвонг бынатмæ æмæ стæй ныхас кодтой сæ бинонтæ æмæ æввахс адæмимæ. Ныр уыцы згъуыд иуварс æрцыд. Хицæн æмæ хицæн бынæтты дзы ис телевизортæ æмæ уыдон фæрцы зонгæ кæнынц бæстæ æмæ фæсарæйнаг æрцæугæ цаутимæ, кусы дзы спутникон бастдзинад дæр. Улæфджытæн бон æртæ хатты хæрын кæнынц хæрзад хæринæгтæ. Се ‘нæниздзинадмæ сын сæ хъусдард здахынц, ам радгай цы дохтыртæ вæййы, уыдон – Захарова-Санахъоты Тинæ æмæ Майсурадзе Мананæ. Ацы аз сезон ам байгом бафæс-тиатимæ. Æгæр уазæлттæ кæй ахаста, уымæ гæсгæ фыццаг улæфджыты райста 5 июлы æмæ дзы баулæфыд 24 адæймаджы, уый фæстæ та уыдысты 28 адæймаджы. Улæфæн бынаты куысты рæстæг ахæсдзæн, цалынмæ хъарм бонтæ уа, уæдмæ.

                                                           ХУЫБИАТЫ Никъала

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.