Фæстаг цалдæр азы нæ горæты цы алыгъуызон базарадон объекттæ сырæзт æмæ байгом, уыдон ‘хсæн сты хæлцадон, сæудæджерадон, хæдзарадон æмæ æндæр товартæ уæйгæнæн объекттæ. Уыдоны архайды фæрцы, адæмы исты æлхæнын куы бахъæуы, уæд нал фæтыхсынц. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, у хорз æмæ раппæлинаг хъуыддаг, фæлæ афтæ зæгъæм, æмæ сæ æппæт дæр у нывыл, уый дæр нæу раст.

Адæймаг сæ фæрсты цæугæйæ фыццаг цы цухдзинад рахаты, уый у магазинтæ æмæ уагдæттæн сæ нæмттæ, иу стæмтæй дарддæр, иронау фыст кæй не сты, уый. Бирæтæ нымайынц, зæгъгæ, уымæн ницы у, алкæмæн дæр йæ бар йæхи у, æмæ кæй куыд фæнды, афтæ уадз æмæ хонæт йæ уæйгæнæн уагдоны. Ахæм дзурджытæ æмæ хъуыдыгæнджытæ не сты раст, уымæн æмæ уыцы фарст уæлдай мæгуыраудæр æндавы æрыгон фæлтæртыл. Ахæм нæмттæ уынгæйæ æвзонг адæймагæн тайы йæ раттæг адæм, æвзаг æмæ бæстæмæ йæ уарзондзинад, йæ хорз ахаст. Уый æвзæрырдæм æндавы хистæр кары æмбæстæгтыл дæр.

Ацы фарстæн ма мæгуырау аргъ кæнынц, горæтмæ цы бирæнымæц уазджытæ æрцæуынц, уыдон дæр. Æгæрыстæмæй ма дзы бирæтæ бацымыдис кæнынц, зæгъгæ, ахæм ном иронау та куыд хъуысы, фæрсæджы ахæм фарсты тыххæй та кæй бафæрсынц, уыдон æнæбатыхсгæ нæ фæвæййынц. Не ‘взаг уарзинаг кæй у, кæй йæ уарзæм, уый у бæрæг, фæлæ йæ куыд уарзын хъæуы, уый бирæтæ рох кæнынц æмæ уый та у мæгуырау хъуыддаг. У мæгуырау, фæлæ нæу зын рарастгæнæн æмæ ууыл алы ирон æм-бæстаг дæр хъуамæ тыхса æмæ архайа, уыцы нымæцы магазин чи кæны æмæ магазин бакæныны бар чи фæдæтты, уыдон дæр. Афтæ куы кæниккам, уæд уый дæр фæахъаз уаид ирон æвзаг фæтыхджындæр кæныны хъуыддагæн.

Æз афтæ нæ зæгъын æмæ алы объектыл дæр иронау фыст уа йæ ном, фæлæ хъуамæ бæрæг фылдæр уой. Науæд цы рауайы? Арæх куыд горæты цæрджытæ, афтæ сæ чи фæкусы, уыдон сæхæдæг дæр нæ фæзонынц, нæмттæ цы фæнысан кæнынц, сæ нысаниуæг цы у, уый.

Магазинты нæмттыл дзургæйæ ма мæ банысан кæнын фæнды уый дæр, æмæ иу стæм магазинтæй дарддæр сæ нæмттæ не ‘вдисынц товарты миниуæг. Алы магазины ном дæр хъуамæ дзурæг уа, уæй дзы цы товартæ цæуы, уыдон миниуджытыл. Зæгъæм, нæ горæты фæстаг рæстæг цы магазинтæ байгом, уыдонæй иу схуыдтой  «Фæздæг». Ном иронау кæй у æмæ товары миниуæг кæй æвдисы, уæй дзы кæнынц тамако,  уый фæцыд адæмы зæрдæмæ æмæ йын йæ хицауæн, магазины фæрсты цæуджытæ алы хатт дæр худгæбылæй фæзæгъынц арфæйы ныхæстæ. Науæд та цæмæннæ ис гæнæн æмæ сæ алчи дæр бафæзма нæ горæты чингуытæ уæйгæнæн магазины. Магазинмæ бахи-зæны сæрмæ фыст ис «Книжный мир» æмæ «Чингуыты дуне» .

Горæты магазинтæй алкæцыйы нæй магазинтæ «Импе-риал», «Вершина» æмæ æндæрты уавæртæ, фæлæ архайын хъæуы ууыл, цæмæй æлхæнджытæн фадат уа æдыхстæй балхæной, цы товартæ сæ хъæуы, уыдон. О, фæлæ уыцы хъуыддаг дæр нæ горæты магазинты иу хайы цæуы хæлд. Къаннæг кæй сты, уыимæ сæ товартæ бирæ кæй ис, уый тыххæй, товарты иу хай æвæрд сты зæххытыл, адæм кæуылты фæцæуынц, уыцы бынæтты. Иуæй фæлхасгæнджыты хъыгдарынц, аннæмæй та – хæлцадон продукттæ ахæм уавæрты ма хъуамæ уой.

 Гæззаты Иван        

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.