Цалдæр боны размæ Ирыстоны адæмыл айхъуыст æнæнхъæлæджы фыдохы хабар. Не ‘хсæнæй фæхъуыд зындгонд ахуыргонд, фыссæг, поэт, драматург, тæлмацгæнæг æмæ нæ алкæмæн дæр зынаргъ чи уыд, уыцы адæймаг Джусойты Нафи Григорийы фырт. Ацы уæззау хабар стыр маст æрмæст ирон адæмæн не ‘рхаста, фæлæ ма куыд Цæгат Кавказы, афтæ раздæры Советон Цæдисы республикæты æмæ иуæй-иу фæсарæйнаг бæстæты цæрджытæн дæр. Уыдонæй бирæтæ Нафийæн хæрзбон зæгъыны охыл æрцыдысты Цхинвалмæ, иннæтæ та паддзахады разамонджытæм æрвыстой мæсæллæйы телтæ.

Уыд боны 11 сахат. Нафи кæм цард, уыцы хæдзары кæртмæ æрæмбырд бирæ адæм. Хъынцъымгæнгæ систой Нафийы табæт æмæ зиан рахастой Хуссар Ирыстоны Парламенты æмбырдгæнæн залмæ. Ардæм Нафийæн хæрзбон зæгъыны тыххæй цалдæр  сахаты дæргъы дидинджытæ æмæ веноктимæ цыдысты Хуссар Ирыстоны куыстуæттæ, уагдæтты минæвæрттæ æмæ нæ республикæйы хицæн цæрджытæ. Се ‘хсæн уыдысты цытджын уазджытæ æфсымæрон адæмты республикæтæй дæр.

Табæты Нафийы мард буаримæ Парламенты æмбырдгæнæн залæй рахастой боны 13 сахатыл æмæ райдыдта фыдохы митинг.

Митинг байгом кодта æмæ дзы раныхас кодта Хуссар Ирыстоны Парламенты комитеты сæрдар Гæбæраты Юри. Уый загъта, зæгъгæ, цард дихгонд цыд хицæн рæстæджытыл.  Уыд алантæ, скифтæ æмæ сæрмæтты рæстæг. Уыдоны ‘хсæн нырæй фæстæмæ уыдзæн Нафийы рæстæг дæр. Уымæй дарддæр ма уый банысан кодта, зæгъгæ, мах амондджын адæм стæм Нафийы хуызæн адæймаг не ‘хсæн кæй цард, уымæй. «Абон Нафи нал ис не ‘хсæн, фæлæ цалынмæ зæххыл ирон адæм цæрой, уæдмæ ирон адæм Нафийы хур аныгуылын нæ бауадздзысты».

Митинджы йæ раныхасы Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитон та банысан кодта, зæгъгæ, мæгуыр уыцы адæм сты, кæцы адæмæн нал ис Нафи, фæлæ ноджы мæгуырдæр та сты уыдон, кæцы адæмтæн нæ уыд Нафийы хуызæн. Уый фæстæ Мелитон бæстондæр æрдзырдта Нафийæн саразын цас æмæ цы бантыст, афтæ ма йын аразинаг цы баззад, уыдæттыл.

Митинджы раныхас кодта Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли:

«Зынаргъ хиуӕттӕ ӕмӕ хӕстӕджытӕ!

Ирыстоны зынаргъ адӕм!

Мах абон йӕ фӕстаг фӕндагыл ӕрвитӕм адӕймаджы нӕ, фӕлӕ ирон адӕмы зӕды. Уыцы зӕды, кӕцы Ирыстонмӕ ӕрцыдис ирон адӕмы ‘хсӕнмӕ, цӕмӕй сӕ кады ном ноджыдӕр ныхъхъӕр уа, цӕмӕй зӕгъой, зӕгъгӕ, Ирыстоны адӕм кадджын адӕм сты ӕмӕ кадджын стӕм, кӕй загъын ӕй хъӕуы, Нафийӕ.

Махӕй хицӕн кӕны ‘нӕхъӕн дуг, кӕцыйӕн йӕ ном хуыйны Нафи. Махӕн не ‘хсӕнӕй хицӕн кӕны адӕймаг, кӕцыйы мах иууылдӕр, гыццылӕй стырмӕ, хуыдтам нӕхи Нафи. Нафийыл цасфӕнды азы ма цыдаид, уӕддӕр абон мах дзурӕм, зӕгъгӕ, Нафи ацыд ӕнӕрӕстӕджы.

Ӕнӕрӕстӕджы уый тыххӕй, ӕмӕ йӕ нырма бирӕ фӕндыд саразын. Фӕстаг хатт æм куы уыдыстӕм, уӕд йӕ разы уыд бирӕ гӕххӕтытӕ ӕмӕ нын афтӕ загъта, зӕгъгӕ, мӕнӕ ма адонмӕ куы ‘ркæсин ӕмӕ ма мын ацы куыстытӕ куы фӕуаиккой, уӕд мын ӕнцондӕр уаид.

Нафи уыд ахæм, кӕцыйы мах мысдзыстӕм, адӕймаг, кӕцыйы мах уарздзыстӕм, адӕймаг, кӕцыйӕн мах кад кӕндзыстӕм.

Фӕндараст ӕмӕ рухсаг у, нӕхи Нафи!»

Цæгат Ирыстонæй Ирыстоны Фысджыты æмсæрдар Ходы Камал банысан кодта, зæгъгæ, 50-60 азты ирон литературæмæ Джусойты Нафи æмæ Цæрукъаты Алыксандры æрбацыд уыд революцийы хуызæн. Нафи литературæйы алы къабазмæ дæр уыд æвзыгъд æмæ йæм æрмæст уыцы хорз æмæ хъæздыг миниуджытæ нæ уыд, фæлæ стыр æххуыс кодта æрыгон фæлтæрæн, йæ фæстæ æрбакодта, Ирыстон абон сæрыстыр кæмæй у, бирæ ахæм фысджыты.

Самарайаг амалиуæггæнæг Джусойты Нафийы хæстæг Хуыгаты Ростик та банысан кодта, зæгъгæ, Нафи рох никæмæй уыд, фæлæ куы æрбарынчын, уæд æй арæхдæр чи бæрæг кодта, уыдонæй иутæ сты Бибылты Анатоли æмæ Челæхсаты Хъазбег. «Абонмæ мæ хæстæджыты номæй, Нафийы зианы уæлхъус лæугæйæ, зæгъын фæнды уыдонæн стыр бузныг”.

Кæсаг-Балхъары адæмон поэт Салих Гуртуев банысан кодта, зæгъгæ, Нафи уыд иттæг хорз зæрдæйы хицау. Алкæмæн дæр æй фæндыд æрмæстдæр хорздзинæдтæ, алкæмæн дæр æй фæндыд æххуыс кæнын. Советон Цæдисы нæ уыд ахæм стыр нысаниуæгджын литературон мадзал æмæ дзы Нафи ма истаид хайад. Раныхæсты-иу йæ хъуыдытæн уыд стыр нысаниуæг.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты декан Хозиты Барис та банысан кодта:

“Нафи 15 азы куыста нæ факультеты ахуыргæнæгæй æмæ уымæй мах не ‘ппæт дæр нæхи хуыдтам амондджын. Абон, авд мин æмæ авдсæдæ ахуыргæнæджы номæй мæсæллæй зæгъын Нафийы хиуæттæ æмæ хæстæджытæн”.

Æппæт æрцæуæг адæмæн, Нафийы амæлæтыл чи фæхъынцъым кодта, уыдонæн ма раарфæ кодта Джусойты мыггаджы номæй Джусойты Георги.

Митинг æрцыд æхгæд. Зиан систой æмæ адæм йæ фæдыл араст сты, Нафийы мард бавæрын кæм аскъуыддзаг кодтой, уыцы бынат – Тулдзы къохмæ. Рухс зæгъыны фæстæ зиан бавæрдтой, цалдæр хатты æхсæнгæрзты æмæхстимæ.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.