Ирыстоны ахæм хæдзар нæ баззад, Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ кæй дарæг, æфсымæр кæнæ хъæбул нæ ацыд.  Ирыстоны стæм  хæдзæрттæ баззад, сау халон кæмæ нæ бауасыд. Ирон лæг йæ сæрмæ худинаг никуы схаста хæсты быдыры дæр æмæ æвдыстой стыр æхсардзинад æмæ уымæй цæстæвæрæн фесты се ‘мтохгæнджытæн. Хуссар Ирыстонæй хæсты быдырмæ ацыд 25 мин адæймагæй фылдæр æмæ уыдонæн се ‘мбисы бæрц нал æрæздæхтысты фыдыуæзæгмæ, уæззау тохты хъæбатырæй фæмард сты.

    Хуссар Ирыстоны æвзонг нæлгоймæгтæ цыдысты æфсæддон къамисариатмæ æмæ домдтой, цæмæй сæ фронтмæ арвыстаиккой. Фæстæ кæцæй фæлæуыдаиккой Залдайы хъæуккаг Гæбæраты Георгийы æртæ фырты – Герман, Сардо æмæ Митуша дæр. Уыдонæй дыууæ æфсымæры – Сардо æмæ Митуша ацыдысты сæ фæстаг фæндагыл, фæцу æмæ марцуйы фæндагыл. Фæлæ абон мæ дзырды сæр Германыл  (Ерген) у. Фырбуцæн æй Ерген хуыдтой Залдайы хъæубæсты адæм.

 Цыбыртæй уал уын радзурдзынæн хæсты агъоммæйæ царды хабæрттæ. Райгуырд 1908 азы Цхинвалы районы Залдайы хъæуы зæхкусæг бинонты хæдзары. 1920 азы гуырдзиаг меньшевиктæ Хуссар Ирыстоны зынджы хай куы бакодтой, уæд чысыл Германы дæр йæ ныййарджытæ æмæ йæ дыууæ æфсымæримæ бахъуыд Цæгат Ирыстонмæ алидзын. Йæ ныййарджытæ йæм донимæ дурын радтой æмæ афтæмæй цæрдæг уадис сæ фæстæ. Сывæллæттæ не ‘мбæрстой сæ хæдзарæй, сæ уарзон хъæуæй кæдæм  лыгъдысты, уый. Фæлæ уый хыгъд тынг тарстысты бур цинелджынтæй, афтæ хуыдтой гуырдзиаг лæгмарты уæд. Куыд иннæ лигъдæттæ, афтæ Гæбæраты бинонтæ дæр фæндагыл бавзæрстой тынг бирæ фыдæбæттæ, афтæмæй тыхамæлттæй ныхæццæ сты Алагиры онг æмæ уым фесты цасдæр рæстæджы.

Хуссар Ирыстоны зæххæй гуырдзиаг меньшевиктæ тарды куы баййæфтой, уæд Гæбæраты Георги йæ бинонтимæ цингæнгæйæ æрæздæхт сæ райгуырæн   къуыммæ. «Дæ бон хорз Хуссар Ирыстон, Фыдызæхх, цардамонд, райгуырæн хæхбæстæ», – дзырдта Георги. Герман ахуыр кодта Дзауы скъолайы, бирæ хорз фæндтæ йæм бæргæ уыд, фæлæ… Цалдæр азы фæстæ та ногæй сæр бахъуыд куыд Советон Цæдисы æппæт адæмы, афтæ хуссарирыстойнаг цæрджыты дæр.

1941 аз, 22 июнь… Адæм арвыцæфау фесты, Стыр Фыдыбæстæйон хæст кæй райдыдта, уыцы хабар фехъусгæйæ. Сæ сабыр цард иу уысммæ æрбайхæлд. Тыхæвзарæнтæ, æвирхъау хæстытæ бирæ æрцыд, фæлæ дзы адæймагады истори 20-æнусы дыккаг дунеон хæстæй æвирхъаудæр нæма зоны. Уæззау уыдис йæ райдиан. Тугæй æлхæд уыд йæ уæлахиз.

1941  азы  слæууыд йæ хæстон фæндагыл Гæбæраты Герман дæр. Хæсты уыд ротæйы командир старшинæйы чины. Фыццаг уал ахуыр кодта Сухумы фистæгæфсадон ахуыргæнæндоны. Уый фæстæ æрвыст æрцыд фронты раззаг хаххмæ. Немыцаг   тыхæйисджыты ныхмæ хъæбатырæй тох кодта Керчы. Иу ахæмы та бацайдагъ карз тох, знаг размæ бырста, фæлæ сæ Сырх Æфсад фæстæмæ аппæрстой бирæ хæстонты царды аргъæй. Ацы тохы уæззау цæф фæцис Герман дæр æмæ бахауд госпиталмæ. Куы сдзæбæх, уæд та ногæй бахауд фронтмæ. Æхсæг взводы командир уæвгæйæ, ирон хæстон активон хайад райста Мæздæг ссæрибар кæныны тохты. Ам дæр та цыдысты карз тохтæ знаджы ныхмæ. Тохы рæстæджы Германы взводæй бирæ хæстонтæ фæмард сты. Фæллад хæстонтæ иу чысылдæр нæма аулæфыдысты, афтæ кæсынц æмæ та немыцæгтæ ног тыхтæй размæ æрбабырсынц. Кæй зæгъын æй хъæуы, æфсæддонтæ фæтыхстысты æмæ сæ командир Гæбæрайы фыртæй домдтой, цæмæй сын фæстæмæ алæууыны бар радтаид. Фæлæ ирон лæг худинаджы мæлæт йæ сæрмæ никуы схаста æмæ сын не сразы сæ домæн сæххæст кæныныл. Уыимæ йын командæкæнынад дæр рацийæ фехъусын кодта, зæгъгæ, иу чысыл рæстæг бафæразут, знаджы æруромут æмæ уæм уæдмæ æххуысмæ фæзындзысты æндæр хæстонтæ. Командир йæ салдаттæн ныфсы ныхæстæ загъта æмæ сæхи æрцæттæ кодтой ног тохмæ. Герман лæууыд разæй пулеметимæ. Салдаттæ йæм хатыдысты, зæгъгæ, фехс, фæлæ уый æнхъæлмæ каст, цæмæй æввахсдæр æрбацыдаиккой знæгтæ æмæ сæ уый фæстæ райдыдтаид æхсын, уымæн æмæ сæм нæмгуытæ дæр фаг нал уыд. Немыцæгтæ куыддæр æрбаввахс сты, афтæ сæ ирон хъæбатыр командир райдыдта æхсын. Æхста æмæ сæ æхста, фæлæ иу ахæмы ницыуал ауыдта æмæ æрхауд зæх-хмæ. Йæхимæ куы æрцыд æмæ йæ цæстытæ куы байгом кодта, уæд йæ алыварс алцыдæр уыд урс-урсид. Уый афтæ фенхъæлдта немыцæгтæм уацары бахаудта æмæ фæстæмæ йæ цæстытæ ахгæдта. Фæлæ уæдмæ йæ хъустыл ауад уырыссаг ныхас, «товарищ командир очнулся», зæгъгæ. Германæн йæ фыццаг фарст уыд – «мæ салдаттæ цы фесты?». Куыд базыдта, уымæ гæсгæ ма 12 салдатæй баззад авд хæстоны. Афтæмæй стыр аргъæй взвод йæ хæс сæххæст кодта хъæбатырæй æнæмсæр тохы. Сырх æфсад сæм æххуысмæ куы фæзынд, уæд немыцæгтыл ахæцыдысты фæстæмæ æмæ æгады лыгъд кодтой.

Гæбæраты Герман Кировобады госпиталы фæхуыссыд дыууæ мæйы, фæцис авд цæфы æмæ хæцынæн нал сбæззыд. Кæд æй тынг фæндыд фæстæмæ фронтмæ, уæддæр æй ссæрибар кодтой капитаны чины. Хæстон азты рæстæджы фæсчъылдым дæр адæм хуыздæр уавæры нæ уыдысты, нæ фаг кодта кусæгдых. Æмæ Герман кæд уæззау цæфтимæ сæмбæлд йæ фыды уæзæгыл, уæддæр иу ран нæ бадт. Иу чысыл куы фæдзæбæхдæр  йе ‘нæниздзинад, уæд зæрдиагæй бавнæлдта алыгъуызон куыстытæ æххæст кæнынмæ. Уыцы иурæс-тæджы куыста Залдайы хъæуы колхозы сæрдарæй, бригадирæй, хынцæгæй. Цалдæр адæймаджы хæстæ æххæст кæнын æнцон нæ уыд иу адæймагæн, фæлæ уæд æнцой цард ничи агуырдта.  Гæбæрайы фырт уæлдай тынгдæр æххуыс кодта идæдз сылгоймæгтæн, сидзæр сабиты ницы цух уагъта. Залдайы хъæуы нæ уыд скъолайы бæстыхай æмæ кæд йæхи царды уавæртæ дæр къуындæг уыдысты, уæддæр йæ хæдзары æмбисы бакодта скъола. Куыста дзы йæхæдæг дæр математикæ, физкультурæ æмæ æфсæддон цæттæдзинады ахуыргæнæгæй. Куырыхон æмæ зæрдæхæлар зондамонæджы фæрцы хъæубæсты рæзгæ фæлтæрæй бирæтæ аккаг бынат ссардтой сæ фидæны царды æмæ дзы уыдысты стыр райгонд.

Йæ хæстон архайд æмæ сгуыхтдзинæдты, йæ фæллойадон куысты тыххæй Герман хорзæхджын æрцыд паддзахадон хорзæхтæй куыд зæгъæм, «Фыдыбæстæйон хæсты II-аг къæпхæны», «Сырх Стъалы»-йы ордентæй, «Германыл фæуæлахизы тыххæй» æмæ «Æхсарджын куысты тыххæй» майдантæй. 1955 азы уыд Советон Гуырдзыстоны Уæлдæр советы депутат. Уыд дзырддзæугæ, куырыхон лæг, дæсны хъусæг æмæ æмбаргæ адæймаг куыд бинонтæн, афтæ хъæубæстæн дæр. Æмæ ахæмæй баззад сæ мысынады чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты. Уый йæ фæстæ ныууагъта хорз ном æмæ хорз хъæбултæ æмæ хъæбулы хъæбултæ, кæцытæ дарддæр кæнынц сæ кадджын фыды æмæ дадайы хорз хъуыддæгтæ. Йæ чызджытæй сæ иу – Гæбæраты Фатимæ кусы нæ горæты Аивæдты паддзахадон лицейы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. У РХИ-йы сгуыхт ахуыргæнæг. Фатимæ хæрзчысылæй йæ мадæлон æвзаг кæй бауарзта, уымæн ын стыр ахъаз фæцис йæ фыд. Уыимæ ма Герман уыд тынг рæсугъд оратор, тынг уарзта Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ кæсын дæр.   Фатимæйæн чысылæй арæх каст Къостайы æмдзæвгæтæ, дзырдта-иу ын ирон аргъæуттæ дæр æмæ йын афтæмæй бауарзын кодта ирон литературон сфæлдыстад. Фатимæ куыд зæгъы уымæ гæсгæ, уый абон сывæллæттæн æмдзæвгæтæ куы фæамоны, уæд йæ хъустыл фæуайы йæ фыды уæздан æмæ рæвдаугæ хъæлæс æмдзæвгæтæ кæсгæйæ. Гæбæриан арæх фæдзуры, зæгъгæ, цæмæй ныййарджытæ хорз кæстæртæ схъомыл кæной, уый тыххæй уал сын фыццаг рады сæхæдæг хъуамæ уой цæвиттойнаг сæ алы хъуыддаджы дæр. Фатимæйы хотæй сæ иу Залинæ  дæр равзæрста ахуыргæнæджы дæсныйад æмæ кусы химийы ахуыргæнæгæй Дзæуджыхъæуы скъолатæй сæ иуы. Афтæ у, цæвиттойнаг æмæ хæрзæгъдау ныййарджытæн хорз кæстæртæ басгуыхы.

Иуæй-иу адæймæгтæ царды  кæд бирæ хъизæмæрттæ бавзарынц, уæддæр уымæ нæкæсгæйæ баззайынц стыр æмæ æцæг адæймæгтæй, æгъдауджын æмæ зондджынæй. Ахæм адæймагæй баззад цæрæнбонтæм Гæбæраты Герман дæр, кæд гуырдзыйы геноциды æмæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæззаудзинæдтæ йæхи удыл бавзæрста, уæддæр. Уый кæд цардæй 1980 азы ахицæн, уæддæр йæ ном цæры чи йæ зыдта, уыдоны зæрдæты.

ДЖИОТЫ Екатерина

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.