Уæлдæр куыд загътон, афтæ алы хъæуæн дæр ис йæхи хъайтартæ, йæхи рухсæн мысинаг адæм. Ам мæн фæнды нæ хъæуæй – Дзауы районы Бузалайы хъæуы иу хай – Гæбæраты хъæуæй (кæнæ Гæбæраты къуыппæй) уыцы тугкалæн хæсты чи уыд, уыдоны рухс нæмттæ æрымысын.

Нæ хъæу Гæбæраты хъæу уымæн хуыйны, æмæ нæм раджы кæддæр уыд кадджын сылгоймаг Гæбæриан, чызгæй Залдайаг æмæ нæ уый тыххæй афтæ хонынц. 1920 азы гуырдзы куы æрбабырстой Ирыстонмæ æмæ нын нæ уæзгуытыл арт куы бандзæрстой, уæд нæ хъæу дæр нæ аззад фæсвæд. Адæм фæлыгъдысты фæсхохмæ, хæстхъом лæппутæ та знаджы ныхмæ фæлæууыдысты. Дыккаг аз нæ адæм фæстæмæ сæ уæзæгмæ куы æрыздæхтысты, уæд нæ хъæуы не ‘рыййæфтой иунæг æнæхъæн хæдзар дæр, кæцыдæрты та знæгтæ судзгæ бакодтой. Адæм бавнæлдтой сæ цæрæн бынæттæ æндидзын кæнынмæ, бирæтæ та  цардагурæг фæцыдысты æндæр бынæттæм.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты райдианмæ нæ хъæуы уыд иу фынддæс хæдзары. Уыдон хæстмæ арвыстой цыппæрдæс хъæбулы, кæцытæй авдæй сæ цард нывондæн æрхастой райгуырæн бæстæйы сæраппонд. Уымæй уæлдай куы сисæм, уыцы рæстæджы æндæр рæтты чи цард нæ фыдыфырттæй, уæд та хæсты фæмардуæвджытæ сты æртындæс. Махæн иу-уылдæр сты хъайтартæ  æмæ мæ фæнды ам сæ рухс нæмттæ зæгъын. Нæ лæппутæй фыццаг фæхъуыд Иуанейы фырт Екти (Ефим). Уый уыд капитан æмæ фæмард Финляндийы ныхмæ хæсты 1940 азы. Сæ цард нывондæн æрхастой Михелы фырттæ Дзамбол (Сергей) æмæ Данил, Муссæйы фырт Граф (баззадис ын æмкъай æмæ æртæ чызджы), Къудзийы фырт Сергей (æнæус лæппу), Русийы фырт Христофор (гвардийы лейтенант, хорзæхджын уыд Сырх Стъалыйы орденæй) Къотъейы фырт Гега (баззадис ын ус æмæ чызг). Нæ фыдыфыртæй ма сæ цард нывондæн æрхастой Писыры дыууæ фырты – Федыр æмæ Андрей. Писыры иу æфсымæр Паулейы æртæ фырты – Геор, Елиоз æмæ Бало йе ‘ннæ æфсымæр Шакройы (Захар, фæмард 1916 азы фыццаг дунеон хæсты) сидзæр фырт Лабаз.

Ацы адæмæй алкæцы дæр сæрмагондæй уый аккаг у, цæмæй йæ хæстон фæндагыл æрдзурæм, фæлæ уал абон æз лæмбынæгдæр ракæндзынæн уыдонæй дыууæйы кой. Сæ иу – Джиоты Дзамбол (Сергей) хæсты райдианы уыд дæлбулкъон, 208-æм мотоæхсæг дивизийы штабы хистæр. Райгуырд 1902 азы, ахуыр кодта Дзауы скъолайы æмæ 1919 азы ацы скъо-лайы арæзт куы æрцыд фыццаг фæсивæдон организаци «Спартак», уæд Дзамбол æмæ Бзе – иннæ нæ хъæуккаг лæппу (уæлдæр цы Графы кой скодтон, уый ‘фсымæр) систы йæ фыццаг уæнгтæ. 1920 азы июны мæйы гуырдзыйы ‘фсад Хуссар Ирыстоныл туджы æмæ арты зæйтæ куы рауагътой, уæд Дзамбол уыдис нæ адæмы сæрвæлтау æнувыд тохгæнджытæй сæ иу. Уый уыдис æртын æвзонг хæстонтæй сæ иу, кæцытæ Санахъоты Матейы къухдариуæджы бын Уæллаг Ручъы цур 24 июны, лигъдæттæ хохæй куы ахызтысты фалæмæ, уæд самадтой гуырдзыйы æфсадимæ фæстаг тох æмæ æрмæст уый фæстæ ахызтысты Ручъы ‘фцæгыл.

Цæгат Ирыстоны Дзамбол бацыд ирон бригадæйы скондмæ æмæ афтæмæй хайад райста Бургъустаны хæсты дæр (уыцы тохы бирæ ирон лæппутæ фæмард, уыдон ‘хсæн нæ хъæуккаг Бзе дæр).  1920 азæй фæстæмæ Дзамболы (Сергейы) цард баст уыд Сырх Ӕфсадимæ, кæцыйы службæгæнгæйæ уый сырæзт рæнхъон салда-тæй дæлбулкъоны онг. Йе ‘фсæддон службæйы фылдæр хай æрвыста Беларусы зæххыл. 1939-1940 азты Дзамбол ахуыр кодта Мæскуыйы Фрунзейы номыл æфсæддон академийы. Ам ма йемæ-иу рæстæджы ахуыр кодта Тъбеты хъæуккаг Джиоты Самсон (Бургъустаны дæр иумæ хæцыдысты).

1940 азы августы мæйы Джиоты Дзамболæн лæвæрд æрцыд дæлбулкъоны цин æмæ нысангонд æрцыд 208-æм мотоæхсæг дивизийы штабы хистæрæй. Йæ служ-бæйы бынат уыд Ныгуылæн Беларусийы, фæлæ уый ха-йад иста Прибалтикæйы бæс-тæты советон хицауад æрфидар кæныны дæр.

Хæст æй æрæййæфта ныгуылæн арæнтæм хæстæг æмæ йæ дивизийы дæр бахъуыд Ныгуылæн фронты сконды цадæггай фæстæмæ алæууын. Минскмæ ‘ввахс дивизи бахаудта æрхъулайы æмæ фæцис знаджы фæс-чъылдым. Дивизийы коман-дакæнынад æмæ хæстонты бахъуыд дæластæрдон уа-вæрмæ рахизын. Сæ фæнд уыд, цæмæй хæстонты хайгай аивылын кодтаиккой хъæд-мæ. Æмæ сын минскаг дæ-ластæрдон архайджыты фæрцы уыцы хъуыддаджы æнтысгæ дæр бирæ бакодта, дивизийæн йæ фылдæр хай æрвыст æрцыд хъæдмæ. Уыцы бонтæй сæ иуы Дзамбол уынджы сæмбæлд йе ‘мзæххон майор Джиоты Самсон æмæ йæ дыууæ ‘мбал – сомихаг Айрапетов æмæ украинаг Кучмайыл. Уыдон дæр ныгуылæн арæнæй фæстæмæ алæу-гæйæ, бахаудтой Минскмæ. Кæрæдзийыл бацин кодтой æмæ бадзырдтой дарддæр иумæ архайыныл. 1941 азы сентябры 17-æм  бон ауагътой сæ дæлæстæрдон штабы фæстаг æмбырд æмæ фæндон рахастой, цæмæй 19 сентябры сæ хæстонты фæстаг къордимæ ацæуой хъæдмæ. Фæлæ уыцы изæр, кæм уыдысты, уым фæмидæг сты знаджы полицæйæгтæ æмæ æрцахстой Джиоты лæппу, Кучма æмæ Айрапетовы. Дзамбол уацары уæвын йæ сæрмæ не схаста æмæ æхсæвы йæхи æрцауыгъта. Цасдæр рæстæджы фæстæ фесæфти Самсоны фæд дæр. Ацы цыппарæй знаджы къухæй раирвæзт æрмæст сомихаг Ваак Айрапетов, кæцыйы фæрцы базыдтам Джиоты лæппуты хъысмæт. Уымæн бан-тыст партизантæм ацæуын æмæ фæстæ-дæр уыд 208-æм дивизийы хæстонтæй сæ командæ-гæнæг булкъон Ничипарович (уый Минскы цард æндæр ран æмæ ахсты нæ бахаудта) цы 208-æм партизанты къорд сарæзта, уый штабы хистæр. Кæд Дзамболæн бирæ рæстæг нæ бантыст знаджы ныхмæ тох кæнын, уæддæр æз афтæ хъуыды кæнын æмæ йæ мæлæт дæр уыдис хъайтардзинад, худинаджы уацары бæсты уый равзæрста мæлæт. Дзамболæн баззад ус Верæ æмæ лæппу Руслан. Уыдонæн бантыст знаджы дзæмбытæй раирвæзын. 70-æм азты ма Верæ цард горæт Ейскы, Руслан та цард æмæ амард Мæскуыйы. Уымæн дæр уыд лæппу æмæ чызг. Фæлæ  1978 азы Дзамболы ‘фсымæр Уаса (уый дæр Мæскуыйы цард) куы амард, уæдæй фæстæмæ семæ бастдзинад фесæфтам.

Беларусы зæххыл йæ хъайтардзинад æмæ лæгдзинады стыр фæд ныууагъта мæ иннæ дыккагхæдзæртты лæппу Джиоты Лабаз, кæцы уыд Беларусы Вилейкæйы областы архайæг Чкаловы номыл партизанты къорды командæгæнæг æмæ 1944 азы 3 июны знæгты ныхмæ тохы куы фæмарди, уæд  бавдыст æрцыд Советон Цæдисы Хъайтары ном райсынмæ æмæ цы партизанты къордыл къухдариуæг кодта, уый та схуыдтой Джиойы фырты номыл партизанты къорд. Уый тыххæй ис бирæ документалон æрмæджытæ.

Райгуырд 1914 азы Къахеты Думастъуры хъæуы. Уырдæм цалдæр азы раздæр хуыздæр цардагурæг алыгъдысты нæ фыдыфыртæй цалдæр бинонтæ. Лабазыл цыд дыууæ азы, йæ фыд Шакро (Захар) фыццаг дунеон хæсты куы амард, уæд. 1924 азы та амард йæ мад æмæ чысыл лæппу баззад бынтон сидзæрæй, хъомыл кодта радгай йæ хæстæджытæм. Цас гæнæн уыд, уыйас ын ныййарæг мады баивта йæ фыдыæфсымæр Паулейы ус Сидо, кæцы йæ нæ хицæн кодта йæхи  цыппар фыртæй (уыдонæй дæр æртæйæ нал æрыздæхтысты фронтæй). 1934 азы Ногиры скъола фæуыны фæстæ, Лабаз ахуырмæ бацыд Тбилисы ирон педтехникуммæ, стæй 1938 азы та – Сталиниры пединституты историон факультетмæ. Æртыккæгæм курсы студент ма куы уыд, уæд æй 1940 азы январы сæвзæрстой Хуссар Ирыстоны фæскомцæдисы обкомы ахуырдзаутæ æмæ пионерты хайады хистæрæй. Уыцы аз æм æрсидтысты Сырх Æфсады рæнхъытæм, уырдыгæй æрвыст æрцыд Æфсæддон-политикон ахуыргæнæндонмæ Мæскуымæ. Хæст æй æрыййæфта ныгуылæн арæнмæ ‘ввахс ротæйы политрукæй, бавзæрста хæсты фыццаг дуджы советон æфсады фæстæмæ алæуды хъизæмæрттæ. 1942 азы фæззæджы сæрмагонд ахуыртæ фæуыны фæстæ Лабаз æрвыст æрцыд знаджы фæсчъылдыммæ Беларусы парти-занты змæлды штабы дæлбармæ. Фыццаг Лабаз уыд партизанты къорды къамисар, стæй 1943 июлæй 1944 июнмæ та – партизанты къорды командæгæнæг. Уый уыд канд хъæбатыр раздзог нæ, фæлæ ма партизанты, бынæттон адæмы рис чи æмбæрста, æппынæдзух йæ партизанты разæй чи цыд, æнæхъуаджы сæ тæссагдзинадмæ чи нæ ‘ппæрста, ахæм. Лабазæн йæ ном хъуыстгонд уыд партизанты ‘хсæн, куыд знаджы эшелонтæ пырх кæныны ног метод æры-мысæг, ома, уый фæндонмæ гæсгæ парти-зантæ пырх кæнын райдыдтой ПТР-æй æхсгæйæ тæфласты (паровозты), кæнæ æртаджы цистернæты æмæ-иу æнæхъæн эшелон афæлдæхт. Лабаз уыд буларусаг партизанты ‘хсæн снайперон змæлд рауæрæхгæнджытæй сæ иу.

Уæлдæр ма куыд загътон, афтæмæй Лабаз йæ амæлæты фæстæ бавдыст æрцыд Советон Цæдисы хъайтары номмæ, уый бæлвырд кæныны тыххæй ис цалдæр документы, кæцытæ мын æрырвыстой Беларусы националон архивæй. Фæлæ цыдæр аххосæгтæм гæсгæ документтæ Мæскуымæ æрвыст не ‘рцыдысты. Бæлвырдæй зонæм, кæй йын уыд Сырх Тырысайы орден æмæ партизаны майдан «Партизану Отечественной войны I степени».

Джиоты Лабазы ном ныр дæр нæу рох Беларусы. Ацы бонты дæр цалдæр æрмæджы мыхуыры рацыд уый тыххæй. Фыссынц ыл журналисттæ Ирина Трубач æмæ Елена Яско. Мæнæн дæр семæ ис бастдзинад. Уыдон фæрцы базыдтон беларусаг хъæу Кузьмичийы ма кæй цæры 97 аздзыд партизан Михаил Квяткевич, кæцы æвзонг лæппуйæ уыд Лабазы къорды æмæ йæхи цæстæй федта йæ уарзон командиры фæстаг хæст.

Йæ фæстаг бынат хъæбатыр  командир «красавец осетин на белом коне» (афтæмæй баззад йæ фæлгодз, чи йæ зыдта, уыдон зæрдæты) ссардта æфсымæрон ингæны беларусаг хъæу  Куренецы.

ДЖИОТЫ Мурат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.