Æрыгон чызг æмæ лæппу сæ амондагуры кары куы бацæуынц, уæд фæагурынц, хуызæй дæр æмæ уагахастæй дæр зæрдæйы домæнтæн дзуапп чи фæдæтты, ахæмы. Сæ цард ахæм домæнты фæстиуæгæн чи баиу кæны, ахæм æмкъæйттæ вæййынц амондджын. Мæ уацы хъайтартæ Хъотайты Аллæ æмæ Кокойты Маирбег сæ цард баиу кодтой 18 азы размæ.  Амондджын кæстæртæ сæ фидæны бæллицтæм, цардамондмæ тырныдтой æмзондæй. Сæ дыууæ дæр радтой Гиппократы ардбахæрд æмæ ныртæккæ лæггад кæнынц нæ республикæйы æмбæстæгтæн медицинæйы хицæн æмæ хицæн фæдыздæхтыты. 

Рæстæджы цыд æмкъæйтты уарзтыл кæй нæ бандæвта, уый бæрæг уыдис, Аллæимæ куы ныхас кодтон, уæд Маирбеджы коймæ йæ цæстыты цæхæр кæй сæрттывта. «Маирбегимæ мæ цард куы баиу кодтон, уæдæй нырмæ бирæ рацыд. Фæзæгъынц, зæгъгæ, азты цыдимæ æмкъæйтты уарзондзинад фæкъаддæр вæййы, фæлæ мæнмæ гæсгæ, дыууæ уды кæрæдзимæ уарзондзинад куы нæ æнкъарой, уæд не’нкъардзысты аудындзинад дæр, нæ уыдзæн се ‘хсæн гармони æмæ кæрæдзи æмбарындзинад, афтæ ма нæ уыдзысты æнгом бинонтæ дæр», – зæгъы Аллæ.

Куы йæ бафарстон, цæмæй у раппæлинаг йæ цардæмбал, уæд æфсæрмдзæстыгæй загъта, зæгъгæ, ирон æгъдаумæ гæсгæ сылгоймагыл нæ фидауы йæ цардæмбалæй æппæлын, фæлæ Маирбег алыварсонæй дæр у йæ фидар ныфс æмæ зондамонæг. «Фыццаджыдæр у фæндвидар, нысанмæздæхт, цыфæнды зын уавæрты бахаугæйæ дæр кæд иугыццыл амал ис уавæр рараст кæнынæн, уæд æй Маирбег æнæмæнг ссардзæн. Хъуыддаджы бацæугæйæ та æппæт дæр сараздзæн, цæмæй йæ кæронмæ æнтыстджынæй бахæццæ кæна. Ахæм у куыд куысты, афтæ бинонты царды дæр. Ацы миниуджытæ систы мæ цард йемæ баиу кæныны аххосаг», – худгæйæ æрымысыд Аллæ.

Цы у хъайтардзинад æмæ куыд уыны ацы миниуæг Маирбегмæ, уый тыххæй та Аллæ загъта: «Хъайтардзинад æрмæст хæстон уа-вæрты нæ рабæрæг вæййы, царды æндæр уавæрты дæр арæх бахъæуы хъæбатырдзинад равдисын. Медицинæйы куыст домы уды фидардзинад, бæрндзинад, бæрзонд æмвæзадыл зонæнтæ æмæ адæймаджы зындзинад хи удæй æнкъарын. Нæ уарзы тæппудты, æдых æмæ æнæфæразон удысконд адæймæгты. Уæззау операцитæ аразгæйæ, хирург куы нæ банкъара йæ рынчыны уавæр æмæ йыл фæразонæй йæ тых æмæ æппæт зонæнтæ куы нæ бахардз кæна, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ йын уыдзæн æнтыст».

Ацы ныхæстимæ мæ фæнды Маирбеджы вазыгджын æмæ ахсджиаг куысты кой ракæнын. Хæрз саби ма куы уыдис, уæд бахаудис дохтыры къухмæ. Цалынмæ йын уый йæ цæф баста, уæдмæ афтæ «схæлар» сты æмæ, йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй уыцы фембæлд ссис йæ фидæны цардвæндаджы райдайæн. Æхсæзаздзыд сабийæ Маирбег бæлвырдæй зыдта, дохтыр кæй хъуамæ суа. Дзæуджыхъæуы медицинон институт каст фæуыны фæстæ 1993 азы бацыд Мурманскы областон рынчындоны хирургийы фæдыздæхты интернатурæмæ. Уым бакуыста авд азы, æмæ уый фæстæ нысан æрцыд Кировы горæтон рынчындоны хирургийы хайады гæсæй. Маирбегæн кæд йæ куыст цыд зæрдæйы фæндоныл, уæддæр йæ райгуырæн бæстæмæ æхсайдта йæ зæрдæ. Фæндыдис æй йæ уарзон адæмы хæрзиуæгæн кусын, фæлæ та-иу ын дзуапп уыд, зæгъгæ, нæм хирургы вакантон бынат нæй. 2010 азы сæххæст йæ бæллиц – райдыдта Цхинвалы рынчындоны сæйраг дохтырæй кусын, æмæ уæдæй нырмæ алыгъуызон бынæтты кусгæйæ, зæрдиагæй лæггад кæны куыд йе’мбæстæгтæн, афтæ республикæйæн æддейæ æрцæуæг адæмæн дæр.

Нæ республикæйы медицинæйы фадыджы райрæзты уæзгæ у йæ хайбавæрд Маирбегæн. Уый руаджы нæм фæзындысты алыгъуызон нырыккон медицинон аппараттæ, хосгæнæн мадзæлттæ. Æмæ кæд раздæр не ‘мбæстæгтæ  хос кæнынмæ фылдæр цыдысты республикæйæн æддæмæ, уæд ныр та бынаты ис æппæт уавæртæ дæр, хъæуы ма сæ æххæстбæрцæй сæндидзын кæнын.

Æвæццæгæн, зын ссарæн нæу, кæнæ йе ‘ввахс адæймагæн, кæнæ йæ зонгæйæн Кокойы фырт кæмæн нæ бакодта медицинон æххуыс. Æмæ фидарæй зæгъæн ис, алчи дæр дзы кæй баззайы райгондæй. Æрдзæй хæларзæрдæ æмæ адæмуарзон кæй у, уыимæ ма дæсны дохтыр, уымæ гæсгæ рынчынтæ тырнынц йæ къухтæм бахауынмæ.

Маирбег стыр бæрндзинад æнкъары алкæйы раз дæр. «Æгæрыстæмæй, цалдæр уæззау операцийы фæстæ дæр никуы загъта «бафæлладтæн» æмæ уый æфсонæн бинонты царды йæ разылæууæг хæстæй йæхи никуы аиуварс кодта, цух никуы ныууадзы йæ аудындзинадæй не ‘ртæ хъæбулы, æрвыл улæфтбонты бабæрæг кæны йæ ныййарджыты. Маирбеджы æз æнкъарын мæ царды мæ сæйраг хъайтарæй, у мын стыр ныфс, никуыма фæтыхстæн йæ цуры нæдæр мæ куысты æмæ нæдæр бинонты фарстаты. Мæхи хонын стыр амондджыныл».

Æрбалæууы 23 февралы бæрæгбон æмæ куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр Аллæ йæ хæдзары нæйлгоймæгтæн бацæттæ кодта бæрæгбонон чысыл сюрприз-лæвæрттæ. «Алы бæрæгбон дæр банысан кæнæм ирон æгъдаумæ гæсгæ – традицион æртæ уæливыхы уæлхъус».

ХУЫГАТЫ Миленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.