Мадæлон ӕвзаджы бӕрӕгбон 15 майы кӕй нысан кӕнӕм, уый нӕ номхӕссӕн Хетӕгкаты Къостайы «Ирон фӕндыр» рухсмӕ уыцы бон  кӕй фӕзынд, уыцы цауимӕ баст у. Уымӕ гӕсгӕ ацы зӕрдылдарӕн бон уӕрӕх фӕндаг байгом кодта нӕ дзыллӕтӕн мадӕлон ӕвзаджы кадджын бӕрӕгбон ӕрвылаз дӕр нысан кӕнынӕн.

 Бæрæгбонон зӕрдӕйы равг уыцы бон уыдис Цхинвалы районы Къостайыхъӕуы астӕуккаг скъола йæ ахуыргæнинæгтæ æмæ ахуыргæнджытæн дӕр, хъуыстысты музыкӕйы ӕхцон зӕлтӕ.

Бӕрӕгбонон мадзал цымыдисон кӕй рауад, алкӕмӕ дӕр хорз тӕлмӕнтӕ кӕй сӕвзӕрын кодта, ууыл та скъоладзаутимӕ зӕрдиагӕй бакуыстой скъолайы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджытӕ Хъуылымбегты Маринӕ, Плиты Заирӕ ӕмӕ организатор Бӕззаты Оксанӕ. Мадзаламонджытӕ Хуыбиаты Дауыт ӕмӕ Бӕззаты Аланӕ цины ӕнкъарӕнтимӕ дзырдтой ирон ӕвзаджы егъау ахадындзинады тыххӕй.

Ахуыргӕнинӕгтӕ Джиоты Миланӕ, Бӕззаты Сӕрмӕт, Хуыбиаты Дауыт, Джиоты Линӕ, Тегкаты Камиллӕ ӕмӕ ӕндӕртӕ аив кастысты ирон поэтты ӕмдзӕвгӕтӕ ирон æвзаджы, Ирыстоны тыххæй.

 Ӕвзаг тыхджын куы уа, уӕд ӕвӕрццагӕй бандавы культурӕ ӕмӕ аивады рӕзтыл дӕр, ахъаз сын кӕны бӕрзонд ӕмвӕзадмӕ схизынӕн. Ирон ӕвзаг хъӕздыг ӕмӕ рагон кӕй у, уый хорзӕрдӕм ахъаз кæны аивад ӕмӕ культурӕйы размӕцыдæн. Ӕмӕ ӕхсызгон у, кафджыты къорд зӕрдӕмӕдзӕугӕ кӕй сӕххӕст кодтой «Хонгӕ кафт» ӕмӕ «Хӕххон кафт»,  ирон мелодитӕ та фӕндырыл ацагъта скъолайы зарджыты ахуыргӕнӕг Къӕбысты Сӕрмӕт. Иудзырдӕй, Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбонон мадзал рауад цымыдисон ӕмӕ алкӕуыл дӕр ныууагъта хорз тӕлмӕнтӕ. 

Хуыбиаты Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.