Кæд искуы исчи йæ адæмæн лæггад кæнгæйæ йæхицæн ном скодта æмæ абоны онг дæр зæрдиагæй архайы йе ‘мбæстæгтæн исты хорзы бацæуыныл, уæд уыдонæй сæ иу у Знауыры районы Æмбæстагон уавæры акттæ фыссæн бюройы (ЗАГС) хайады сæргълæууæг Джиоты Лейлæ. Ныр 30 азæй фылдæр Лейлæ ацы бынаты афтæ цæсгомджынæй кусы, æмæ иу адæймаджы зæрдæхудты дæр нæма бацыд. Районы цæрджытæй иуæн дæр йе ‘взаг нæ фæтасдзæн, цæмæй дзы исты æфхæрæн ныхас зæгъа.

Ӕмæ уый та йæхицæй цæуы – хорз куы тауай, уæд фыд не ссардзынæ.

Джиоты Лейлæ райгуырд Знауыры районы 1953-æм азы. Каст фæцис Знауыры поселочы астæуккаг скъола. Зæрдæргъæвд чызджы фæндыд йæ ахуыр адарддæр кæнын уæлдæр ахуыргæнæндоны. Йæ гæххæттытæ ба-лæвæрдта Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институтмæ, фæлæ йын фæлварæнтæ радтын нæ бантыст. Тынг зын ын уыд, институтмæ кæй нæ бахаудта уый, фæлæ йæхи нæ ауагъта, – ацыд Тбилисмæ æмæ бацыд уæлдæр ахуыргæнæндонмæ ветеринарийы хаххыл. Йæ ахуыр фæуыны фæстæ æрбаздæхт йæ уарзон район-мæ æмæ кусын райдыдта, – снысан æй кодтой Знауыры районы ветеринарон хайады сæйраг эпизотологæй. Тынг арæхстджын æмæ нымад кусæг кæй уыд, уый фæстиуæ-гæн æй цъус рæстæджы фæстæ снысан кодтой Знауыры районы сæйраг ветеринарæй, цыран фæкуыста 8 азы дæргъы.

Лейлæ, коллективимæ кусгæйæ, равдыста диссаджы адæймагдзинад, бынæттон адæм та дзы стыр райгонд уыдысты йæ профессионалондзинад æмæ йæ хорз ахасты тыххæй. Уыцы хъуыддаг æнæзындгонд нæ уыд районы къухдариуæгадæн дæр, æмбæрстой йæ, аккаг кадр кæй у æмæ æндæр бæрнондæр куысты фылдæр пайда кæй æрхæсдзæн, уый. 1986 азы йæ ахизын кодтой Знауыры районы Статистикон управленимæ. Ам дæр æртæ азы æнтыстджынæй бакусыны фæстæ, 1989 азы нысан æрцыд Знауыры районы ЗАГС-ы сæргълæууæгæй æмæ абоны онг дæр лæггад кæны йæ районы адæмæн.

ЗАГС-æн йæ хæстæ бирæ сты, стæй дзы æппынæдзух комкоммæ адæмимæ кæй хъæ-уы кусын, уый дæр йæ фæд уадзы ацы уагдоны кусджытыл. Фæлæ Лейлæ, зындзинæд-тæм нæ кæсгæйæ, абоны бон дæр рæдауæй æмæ мидбылхудгæ райсы алкæйы дæр, лæм-бынæг байхъусы алкæйы проблемæмæ дæр æмæ лæгъзæвзагæй бамбарын кæны, цы хъæуы саразын, уый. Лейлæйы ныхæстæм гæсгæ,  кæд  адæм æмбæлынц алыгъуызон проблемæтимæ, кæд дзы бирæтæ сæ цардыл æххæсгæ дæр нæ кæнынц æмæ уый фæстиуæгæн свæййынц мæстыгæр, уæддæр ын нырма конфликтон ситуаци никуы никæимæ уыдис.

«Афтæ зæгъæн нæй, æмæ ныры дуджы адæм мæстыгæрдæр систы. Кæй зæгъын æй хъæуы, хæст алкæуыл дæр йæ арф фæд ныу-уагъта æмæ мыл сæмбæлы ахæм æмбæстæгтæ, кæцытæн сæ зæрдæйы рыст зын уромæн вæййы сæхимидæг æмæ йæ скалынц. Фæлæ ахæмты та хъæуы бамбарын. Мæнæн мæ куыст ахæм у, æмæ æдзух бынæттон цæрджытимæ æмбæ-лын æмæ фидарæй зæгъын уый, æмæ раздæры фæлтæртæ зындзырддæр уыдысты. Ныры фæсивæдмæ куы фæкæсын, уæд мæ зæрдæ фæрайы æмæ мæхимидæг фæзæгъын, – «Ныр ма адон ахæм зындзинæдтæ куынæ бавзæрстаиккой, куы нæ федтаиккой хæст, уæд сын, æвæццæгæн, абарæн дæр никæимæ уыдаид». Би-рæтæ дзы ахæм æгъдау æмæ æфсарм-дзинад равдисынц, сæ стыр райгондæй баззайын», – загъта Лейлæ.

1989 азæй фæстæмæ Хуссар Ирыстоны адæм зынвадат æмæ хæстон уавæрты кæй цардысты, уый фæстиуæгæн азæй-азмæ ихсыдис цæрджыты нымæц. Цыдысты алырæттæм хуыздæр цардагур æмæ бæрæг къаддæр кодта бынæттон цæрджыты нымæц.

«Знауыры районы æмæ æгас республикæйы дæр абоны бон сæйраг проблемæ у демографи. Зæгъæм, Знауыры районы 2019 азы амардис 67 адæймаджы æмæ дзы гуыргæ та ракодта æрмæстдæр 12 сывæллоны», – банысан кодта Лейлæ.

Диссаг уый у, æмæ уыцы 12 ноггуырдæй 11 сты чызджытæ. Лейлæ йæхæдæг дæр ахæм ситуацийыл фыццаг хатт сæмбæлдис æмæ худгæйæ дзырдта ацы хабар, фæлæ йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуыцау цы дæтты, ууыл хъуа-мæ зæрдиагæй бацин кæнай.

 2019 азы ма Знауыры районы Æмбæстагон уавæры акттæ фыссæн бюройы хайады сæ къухтæ æрфыстой 14 бинонтæ. Лейлæ куыд зæгъы, афтæмæй ивгъуыд аз æрмæстдæр æртæ бинонтæ ахицæн сты æмæ уый та, æндæр регионтæм абаргæйæ, хорз хабар у.

«Цалдæр азы дæргъы бинонты ахицæны  цаутæ вæййынц цъус. Ахæм аз нын нырма, Хуыцауы фæрцы, нæ уыд æмæ бирæ  цард-æмбæлттæ ахицæн уой. Ӕз зонын уый, æмæ Советон дуджы фылдæр бинонтæ хицæн кодта абоны бонмæ абаргæйæ,  уый, кæй зæгъын æй хъæуы, хорзыл дзурæг у», – загъта ЗАГС-ы сæргълæууæг.

Уымæй уæлдай ма районы цæрджытæ ЗАГС-мæ иууыл фылдæр курдиæттæ бадæттынц, цæмæй сæ ном, кæнæ сæ мыггаг аивой. Ахæм фактты нымæц цæмæн сбирæ ис, уый фæдыл Лейлæйæн йæ бон нæу сдзуапп кæ-нын.

«Махæн нæ бон нæу ахæм курдиæттæ аздахын. Кæд æмæ Хуссар Ирыстоны закъæттæм гæсгæ ницы фæрæдийы, ницы фау æрхæссæн æм вæййы, уæд ын бар раттæм йæ ном кæнæ йæ мыггаг фæивынæн», – банысан кодта Лейлæ.

Адæмæн лæггад кæнын алкæйы бон нæу. Лейлæ нæ фæлмæцы йæ куыстæй æмæ йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ тыхтæ фæдывæр вæй-йынц, æрыгон адæймæгты мидбылхудгæ куы фены, уæд. Хуыцау дын бирæ цæрæнбон рад-тæт æмæ дарддæр дæр фæрнджынæй кус!

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.