Ис ахӕм адӕймӕгтӕ, кӕцытӕ гуырцӕй рахæссынц цавæрдæр  курдиат, ис ахӕмтӕ дæр, кӕцытӕ сӕхи тыхтӕй фӕтырнынц цыфӕнды цӕлхдуртыл ӕмбӕлгӕйӕ дӕр сӕ бӕллицтӕ сӕххӕст кӕнынмӕ. Уый хауы зарды аивадмæ дæр. Зарæггæнæджы хъӕлӕс адӕймаг никӕимӕ фӕхӕццӕ кӕндзӕн. Ахæм хъæлæсы хицау у нæ горæты цæрæг, курдиатджын зарӕггӕнӕг Икъаты Миленӕ дæр. Йӕ зарыны манерӕ у алыгъуызон, сценӕйыл йӕ архайд та у ирд ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ.

Миленӕ зарын хӕрзчысылӕй бауарзта, йæ сæйраг бæллиц уыд сценæйыл ралæууын. Æртæ азы йыл куы цыдис, уæд-иу арæх зарыд уырыссаг зарæггæнджыты зарджытæ. Йæ курдиат ын йæ ныййарджытæ фæхатыдысты æмæ йæ радтой Цхинвалы Колыты Аксойы номыл Аивæдты паддзахадон лицеймæ. Ахуыргæнджыты зæрдæмæ тынг кæй фæцыд, уымæ гæсгæ йæ айстой, скъолайы цы ансамбль уæвынад кæны, уырдæм. Миленæйæн кæд йæ сæйраг къорд кафты ансамбль уыд, уæддæр-иу лицейы хоры дæр зарыд, цыран райста бирæ зонындзинæдтæ. «Мæ зæрдæмæ афтæ цыдис зарын, æмæ-иу мæ сомбоныл хъуыды кæнгæйæ, мæхи арæх уыдтон стыр сценæйыл. Мæхиуыл бирæ кæй куыстон, уый мын фадат радта мæ бæллицтæ сæххæст кæнынæн», – загъта Миленæ.

Чысыл Миленæйæн йæ музыкалон курдиат ноджы уæрæхдæрæй раргом кæ-нынæн баххуыс кодта йæ музыкæйы ахуыргæнæг дзæнæттаг Гæбæраты Нелли дæр. «Уый уыд диссаджы удыхъæды хицау, йæ куыст, стæй сывæллæтты æппæтзæрдæйæ чи уарзта, ахæм адæймаг. Æз бирæ цæуылдæрты сахуыр дæн Неллийыл æмæ дзы алцæй тыххæй дæр дæн æгæрон бузныг. Уæлдай бузныджы ныхæстæ мæ фæнды зæгъын Быценты Геннадийæн. Æз сæрыстыр дæн, ацы курдиатджын адæймаг мæ ахуыргæнæг кæй уыдис, уымæй. Уый æппæт тыхтæй дæр архайы, цæмæй сывæллæттæн бауарзын кæна ирон кафты сусæгдзинæдтæ, цæмæй сæрбæрзонд уой Ирыстонæй æмæ ирон культурæйæ»,-  зæгъы Икъаты  Миленæ.

Æмдзæвгæтæ дæр фыссы Миленæ, фыссын та райдыдта фыццаг къласæй. «Ирон æвзагæй нын уыд хæдзармæ хæслæвæрд – æмдзæвгæ ныффыссын хæсты темæйыл. Кæд фыццаг нæ зыдтон, цы ныффыстаин, уæддæр нæ фæтыхстæн. Иу æрбадтæн ныффыстон 14 куплет, ме ‘мдзæвгæ схуыдтон «Мæ Ирыстон». Уæдæй фæстæмæ фыссын мæхицæн зарджытæ дæр. 10-æм къласы куы ахуыр кодтон, уæд нын уыд олимпиадӕ ирон æвзаг æмæ литературæйæ, уым райстон мæ фыццаг грамотæ «За лучшую творческую работу», зæгъгæ.

Скъолайы, стæй университеты ахуыр кæнгæйæ дæр активонæй хайад иста алыгъуызон мадзæлтты, алы æдзух æй фæндыд зарын, æппынæдзух йæ зæрдæйы уыд музыкæ. Куыст æмæ аивад æвзонг зарæггæнæгæн хæссы циндзинад æмæ æхцондзинад. Уымæй дарддæр ын фадат вæййы йæ курдиат равдисын æмæ йæ публикæйы зæрдæтæ рæсугъд композицитæй барухс кæнынæн. Миленæйæн йæ зарджытæ, сæйраджыдæр, фыст сты патриотикон темæтыл, куыд, зæгъæм, «Хæдбар Ирыстон», «Мой город – мой Ирыстон», «О сыне» æмæ æндæртæ. Йæхи зарджытæй дарддæр ма зары ӕндӕр зарӕггӕнджыты зарджытӕ дӕр. 2014 азы студентты номӕй Миленæ уæды президент Тыбылты Леонидæн балæвар кодта йæхи фыст зарӕг. Арæх хуынд æрцæуы куыд нæхи республикæйы, афтæ Дзӕуджыхъӕуы уагъдцæуæг алыгъуызон мадзæлттæм æмæ бæрæгбонон концерттӕм, цыран йæ аив хъæлæсæй бахъæлдзæг кæны йæ курдиатæн табугæнджыты зæрдæтæ. Арæх æй фæхонынц мадзæлттæ амонæгæй. Стыр бузныг зæгъы Тасойты Игорæн, алы хатт дæр фæсивæды фарсмæ кæй балæууы, уый тыххæй.

ЙÆ ЦАРДЫ НЫСАН – МУЗЫКÆ

Миленæ у тынг хæларзæрдæ адæймаг, йемæ ныхас кæнынæй адæймаг никуы сфæлмæцы. Уый уарзæгой ахаст дары йæ алыварс уæвæг адæммæ, куыд кæстæр кары, афтæ хистæр кары адæммæ дæр. Алы хатт дæр лæмбынæг байхъусы адæймагмæ, ныфсы ныхæстæ йын зæгъы, тыхст уавæры бахауæг адæймагæн баххуыс кæны хъуыддагæй дæр æмæ уынаффæйæ дæр. Ныртæккæ Миленæ кусы нæ горæты скъола-интернаты культурон-массон мадзæлтты организаторæй, цыран йæ куыст æххæст кæны цæсгомджынæй, уый æрвылбон дæр йæ куыстæй исы æхцондзинад. Сывæллæтты бацæттæ кæны алы бæрæгбонмæ дæр, сывæры сын алыгъуызон цымыдисон инсценировкæтæ, уымæй дарддæр сын нæ æвгъау кæны йæ зонындзинæдтæ кафт æмæ зарынæй дæр. Йæ активон архайды тыххæй арæх хорзæхджын æрцæуы грамотæтæй æмæ бузныджы фыстæджытæй. Алкæцы сывæллоны зæрдæмæ дæр ссары фæндаг æмæ сæм æвдисы аудгæ ахаст. Уый тыххæй йæ уарзынц куыд сывæллæттæ, афтæ йæ коллектив дæр. Раст у, адæймаг йæ куыстæй æхцондзинад куы фæисы, уæд æм цард дæр рæсугъддæр æмæ ирддæр фæкæсы.

«Сывæллæттимæ кусгæйæ, алы хатт дæр райсын æвæрццаг эмоцитæ, уыдон уынгæйæ, мæ циныл ноджыдæр бафты цин. Ахæм диссаджы уысмты тыххæй адæймагмæ цæрын æрцæуы, æз мæхи амондджыныл нымайын, ахæм курдиатджын æмæ æнæхин сывæллæттимæ кæй кусын, уый тыххæй. Уымæн æмæ сывæллæттæ æргомзæрдæ сты æмæ сæ райсын æнахуыр æнкъарæнтæ. Уый мæнæн стыр амондыл дзурæг у», – банысан кодта Икъаты чызг.

Миленæ йæ музыкалон курдиат фæхъæздыгдæр кæныны тыххæй ахуырмæ бацыд нæ горæты Æлборты Феликсы номыл музыкалон ахуыргæнæндоны академион вокалы факультетмæ, цыран нымад у иттæг хорз студентыл. Мах зæрдæ дæр ын зæгъы, цæмæй йын æнтыстытæ уа йæ дарддæры архайды.

КОКАЙТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.