Калоты Хазбийы райгуырдыл сæххæст 100 азы

 

Калоты Хазбийы цард зарæгау уыд цыбыр, фæлæ рæсугъд æмæ мидисджын. Райгуырд Байыкомы (Захъа). Цард Къостайы хъæуы. Ахуыр кодта пединституты филологон факультеты (1938-1941). 1941-42 азты йæхи хæстмæ цæттæ кодта Камышины танкистты скъолайы, уырдыгæй йæ фæндаг цыд хæцæг æфсадмæ. Хъæбатырæй хæцыд æппæты карздæр хæстыты. Фæмард 1943 азы Курскы къæлæтауы. Ныгæд æрцыд уыцы сыгъд зæххыл, хъæу Красная Полянайы.

Хазби хайджын уыд нæртон æхсар æмæ хъомысджын сфæлдыстадон курдиатæй. Йæ иу æмдзæвгæйы загъта: «Æз мæ цард нæ нымайын æвгъауыл». Æмæ радта йæ цард Фыдыбæстæ, Сæрибар æмæ Поэ-зийæн.

30-æм азты кæрон Хазбийы поэзи уыд ахсджиаг фæзынд. Уый уыд ног йæ миди-сæй дæр æмæ йæ аивадæй дæр. Æрыгон поэт хъоды бакодта ихсыд темæтыл, хус риторикæ æмæ стауæн ныхæстыл. Уый нывгæнæджы цæстæй акаст æрдзмæ, æппæт дунемæ, адæймаджы цардмæ æмæ сæ æвдыста хуызджын поэтикон нывтæ. Уый царды æддаг æууæлтыл дзурынæй рахызт адæймаджы хъысмæт фæлгъауынмæ, уды цард иртасынмæ, уыдон нывæфтыд кæнынмæ. Уыйадыл йæ поэзи фæлыст у ирд ахорæнтæй, ныфсхаст æмæ хигъæдон фæлгонцтæй.

Хазби уыд уалдзæг æмæ хуры зарæггæнæг. «Сæрибар уалдзыгон ныхæстæй Мæ зæрдæ цины арт суагъта», – зæгъы поэт. Уымæн уалдзæг у царды поэтикон фæлгонц, сæрибар æмæ æвзонгады символ. Йæ лирикæйы уалдзæджы нывтæ зынынц бирæ хуызты, ивынц кæрæдзи, иу дзы æххæст кæны иннæйы, афтæмæй сæ æвзæры цины поэзи.

Уалдзæг æмдзу кæны хуримæ. Хурæн ис арты æрдз, – иумæ сты фарны символ. Хазбийы рæнхъыты тæмæнтæ калынц хуры тынтæ, судзынц, арт уадзынц, – уыдон сты рухсы гуырæнтæ.

Хазби уыд цард æмæ уарзты поэт. Уый афтæ цардмондаг у, æмæ йын бафсис нæй дунейы фидауцæй, зæххы сойæ, уарзондзинадæй. Хазби у ног дуджы рыцарь, табу кæны рæсугъддзинадæн, уарзт æмæ намысæн. Уый у сæрыстыр, нæртон, ныфсхаст. Йæ уарзт вæййы æрхæндæг, фæлæ рухс æмæ уæздан. Поэт царды уыны рæсугъддзинад, уый у гуманист, зынаргъ ын у адæймаг, уымæ гæсгæ йæ зæрдæмæ арф исы искæй рыст, хъыг кæны фидауцы сæфтыл, тыхсы адæймаджы хъысмæтыл. «Цард у мæлæтæн æвгъау» – уыцы хъуыды у Хазбийы этикæйы бындур. Фæлæ мæлæт æрдзон фæзынд у, нæй дзы ирвæзæн, æмæ поэт уыны трагедитæ, уыдонæй риссы йæ уд æмæ сæ фæстиуæг вæййы арф психологон уавæр: «Мæ зæрдæ сау дзæнгæрæг цагъта». Ацы æрвон загъды зыны бæрзонд уды хъыг, уый нын æвдисы поэзийы æрдз дæр нывæфтыд символæй.

Цардæн аргъ кæнын чи зоны, йæ сæраппонд тох дæр уый кæны. Хазби уыди поэт æмæ хæстон. Уый йæ граждайнаг, патриотон æмæ гуманистон хæс æххæст кæнынмæ цыдис сæрыстыр æмæ разæнгардæй. «Æз, ныфсхаст цæргæс, мæ базыртæ ысцагътон Æмæ тымыгътæм æнхъæлмæгæс лæууын». Фæстæдæр уыцы хъуыды уыдзæн бæлвырддæр: «Æз фæцæуын уæ сæрвæлтау, адæм».

Хазбийæн йæ хæстон фыстæджытæм куы ‘ркæсæм, уæд фæхатдзыстæм, уыдон хуымæтæджы фыстæджытæ кæй не сты, фæлæ аивадон уацмысты хуызæн: «Æз тынг бафæлладтæн æмæ мæ зæхх йæхимæ ласы. Абон сæумæцъæхтыл науæй рахызтыстæм Камышины горæты цур æмæ та ам дæр æрæнцадыстæм, ацы бынат нын хъуамæ уа фæстаг бынат.

Нæ балцы хабар уыд афтæ: фæссихор рараст стæм лагертæй Сталинградмæ. Фыццаг уыди сатæг, мигътæ бамбæрзтой хуры æмæ уазал уддзæф ныгуылæнæй улæфыд. Хъуамæ боныцъæхтæм ацыдаиккам 53 километры æмæ бахæццæ уыдаиккам Сталинградмæ. Изæрырдæм, куы фæталынг, уæд къæртайæ калæгау нызгъæлдта уарын. Куыдфæстæмæ бæстæ сызмæст цъыфæй, лæг йæ развæндаг нал уыдта æмæ, кæм быргæ, кæм хилгæйæ лæстыстæм размæ. Цыдыстæм нæхи дарæсты, æфсæддон формæ нын нæма радтой æмæ нæ уæлæ иу æндах дæр хус нал уыд. Æртæхтæ куыд хаудтой, афтæ згъордтой фадхъултæй зæхмæ. Куы ‘рæмбисæхсæв, уæд рызтыстæм уазалæй, фæ-лæ ма кæй хъуыдыйы уыд! Æз ахæм зындзинад никуыма федтон нырма, стæй дис кæнын, куыннæ фæрынчын дæн ууыл.

Райсомæй, уый дын дзырдтон, æхсæвыцъæхæй тыхтæй-фыдтæй æрбахæццæ стæм Сталинградмæ. Уыцы хъулæттæй æмæ æргъæфстхуызæй (чи бæгъæввадæй, чи гомсæрæй) араст стæм Сталинграды уынгты.

Горæты ныл исдугмæ иугай адæймæгтæ æмбæлдысты æмæ кæуындзастæй кастысты нæ фæдыл. Мах кæд хуылыдз уыдыстæм æмæ мæлæтдзаджы фæллад бакодтам, уæддæр нæ хъæлæсы дзаг зарыдыстæм (æнæбары, кæй зæгъын æй хъæуы). Уалынмæ æрлæууыдыстæм наулæууæны цур æмæ цалдæр сахаты фæстæ аленк кодтам Камышины ‘рдæм.

Науы фæцыдыстæм суанг боныцъæхтæм æмæ æрцардыстæм нæ нæуæг бынаты. Æнахуыр рæсугъд мæм фæкаст Идылы дон. Райсомæй нау цыд сабыргай, чысыл æмæ фыдуаг уылæнтæ здыхгæ фæсте задысты. Доны былты сæ кæсагахсæн хызтимæ дыууæрдæм кодтой чысыл бæлæгътæ. Идыл айтыгъта йæ рæсугъд уырынгтæ риу нæ чысыл науæн æмæ гакъон-макъон ивæзт æнæкæрон быдырты.

Изæр. Куы ‘рталынг, уæд мигътæ ныллæг æрцыдысты, доны былтæ бамбæхстысты фæлмы, æрттывтой ма иуæй-иу рæтты маяктæ. Иу хатт фæзынд мæй мигъты скъуыдæй, йæ рухс мингай æвзæгтæй срызт уылæнтимæ æмæ чысыл фæстæдæр бамынæг. Уый уыди, лæг стæм хатт кæй фены, ахæм рæсугъд ныв. Æз лæууыдтæн палубæйы. Науы тохынайæ зын-джы æртхутджытæ хаудысты æмæ, æрттивгæ, сындæггай цыдысты донмæ. Уыцы æртхутджытимæ банымадтон æз дæр царды бонты цыд. Кæмдæр цæхæры æвзæрдысты уыдон дæр, мæгуырæг, ссыдысты тохынайыл, фæхицæн сты фæздæгæй æмæ, цалынмæ донмæ хаудтой, уæдмæ æрттывтой – уый уыд сæ цард. Кæд хуылыдз уыдтæн, уæддæр мæм нæ цыд мидæмæ бацæуын æмæ зæрдæйы фаг кастæн донмæ.

Уыцы ‘хсæв æз мæхи схуыдтон демон, æцæг æххæст демон нæ. Хæрзбон, Н. Салæмттимæ дæхи Хазби».

Хазбийы лирикæ улæфы патриотизмы пафосæй. Фæлæ дзы нæй нæдæр патетикæ, нæдæр одæйы æууæлтæ. Лирикон герой у хъайтар, фæлæ йæ лæгдзинад æвдыст цæуы лиризмы дунейы. Æгæрон у «зæххы зæрдæйы маст», поэт æй æнкъары æмæ йæ хæссы йæхи зæрдæйы. Хазби лирикон нывæн хатгай ратты космосон тыгъдад. «Æз кæуын…Æрзоныг кодтон зæххыл æмæ йын йæ риуæн пъа кæнын. Ма хъæрз, зæхх, мæ уд фæрыст дæ мастæй…». Поэт йæ уарзт æмæ йæ зондæй удджын кæны Зæхх, Зæххы æмсæр кæны адæймаджы дæр. Ам бердзенаг мифау зыны зæхх æмæ адæймаджы хæстæгдзинад, скæнæг æмæ сфæлдисоны бастдзинад. Уыцы иудзинад поэт æмæ хæстонæн дæтты ныфс æмæ тых – уыдоны фæрцы сæ бон у ныййарæг зæхх хъахъхъæнын, цард аразын, уарзт æмæ сæрибарыл зарын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.