Уæрæсейы Президент Владимир Путин йæ æрвылазон Ныстуанимæ раныхас кодта Уæрæсейы Федерацийы Федералон Æмбырды раз. Мадзал арæзт æрцыд Мæскуыйы Равдыстыты центрон зал «Манеж»-ы.

Ныстуаны сæйрагдæр æргом  здæхт уыд Уæрæсейы мидбæстон царды вазыгджындæр фарстатæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыдоны нымæцы: æнæниздзинад хъахъхъæнынад, социалон политикæ, экономикæ æмæ афтæ дарддæр.

Уый загъта йæ арфæйы ныхæстæ, иудзинад æмæ удуæлдай архайд кæй равдыстой æппæт бæстæйы адæм дæр сæвзæргæ эпидемиологон уавæры рæстæг, уый тыххæй. Бузныджы ныхæстæ загъта дохтыртæн, ахуыргæндтæн, социалон кусджытæн.

Карз низы ныхмæ цы бирæ адæм æрлæууыд, уыдон равдыстой удварнимæ æмæ æгъдауимæ баст миниуджытæ. Бæстæйы Сæргълæууæг йæ Æрвыстæджы хицæн хайы ской кодта алы адæймаджы хъæбатырдзинады тыххæй дæр пандемийы рæстæджы. Ахæм стыр аргъ æмæ æмбарынад тынг зæрдæмæхъаргæ сты.

Æнæбафиппайгæ нæй, сывæллонджын бинонтæн, æнхъæлцау сылгоймæгтæн æмæ сидзæр сывæллæттæн цы социалон æххуыстæ уыдзæн, уый дæр.

1 июлмæ паддзахад хъуамæ бакуса сывæллонджын бинонтæн æххуысы иумæйаг системæйыл. Æнæххæст бинонты чи хъомыл кæны, 8-16-аздзыд ахæм сывæллæттæн 1 июлæй фæстæмæ уыдзæн æрвылмæйон бафыстытæ – рæстæмбисæй 5 650 сомы.

Уымæй уæлдай, бафыстытæ уыдзæн царды зын уавæрты бахауæг æнхъæлцау сылгоймæгтæн. Бафысты рæстæмбис бæрц уыдзæн 6 350 сомы.

Скъоладзаутæ æмæ фидæны фыццагкъласонтæ кæм ис, уыцы бинонтæн ацы аз хъæудзæн бафидын алкæмæн дæр 10 000 сомы. Фыццагкъласонтæн ахæм æххуыс хъæудзæн адарддæр кæнын фидæны азты дæр.

Цæмæй æнæниз кæстæртæ фылдæр гуыра, цæмæй сæ хъомыладæн, сæ ахуырæн аккаг уавæртæ уа, уый домы финансон хæрдзтæ. Æмæ Президент фæнысан кодта – уыцы æххуыс парахатдæр кæндзæн.

Бинонты хъуыддаг бакæнын, кæстæртæ рауадзын кæй фæнды, уыдон хъуамæ абон, сæ райсом, сæ фидæнмæ ныфсджынæй бакъахдзæф кæной. Уымæ гæсгæ ахæм æххуыс рæстæгмæ нæ, фæлæ иудадзыгон æмæ бæлвырд хъуамæ уа. Афтæмæй адæмы æууæнк хицауадмæ фидар кæны, уæд зæрдиагдæрæй архайынц бæстæйы царды, кусынц бæстæйы рæзтыл.

Иугæр уынаффæ хаст æрцыд, уæд æй æххæст кæнын хъæуы. Уый хъуамæ суа сæйраг нысан  хицауадæн дæр, æхсæнадæн дæр, алы адæймагæн дæр.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ кодта ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.