Уæззау цæф уыд рæстагон адæмæн Стыр Фыдыбæстæйон хæст. Немыцаг фашизмæн йæ фæндтæ, йæ хъуыры фæбадтысты. Рæстагон адæм растадысты фыдгулы ныхмæ æмæ йын лæвæрдтой аккаг ныхкъуырд. Дæргъвæтин хæсты азтæ фесты нæ адæмы уæлахизæй æмæ уыцы цины бæрæгбонмæ сæ хайбавæрд бахастой Хуссар Ирыстоны хæстхъом фæсивæд дæр. Знаг ныддæрæн кæныныл æдзухдæр архайдтой канд фронты хæстонтæ нæ, фæлæ ма фæсчъылдым цы адæм баззад, уыдон дæр.

Зæгъын хъæуы, фæсчъылдым фылдæр уыдысты ацæргæ нæлгоймæгтæ, сылгоймæгтæ, зæрæдтæ æмæ сывæллæттæ. Афтæ уыд уыцы рæстæджы уавæр Къостайыхъæуы дæр. Æнцон нæ уыдысты уыцы азтæ сылгоймæгтæн, уыдон уыдысты тыхæвзарæн азтæ, фæлæ быхстой, кæд зындзинæдтæ æвзæрстой, æхсæв æмæ бон нал хицæн кодтой, уæддæр фæрæзтой. Æмбæрстой æмæ сæ зæрдыл дардтой, фæсчъылдымы намысджын фæллойгæнджытæй дæр бирæ кæнгæ кæй уыд Уæлахизы бон æрбаввахсдæр кæнын. Сæумæрайсомæй суанг изæрмилтæм уыдысты æхсæнадон хæдзарады, куыстой быдыртæ æмæ фермæты. Къаддæр нæ уыд сæ фыдæбон хисæрмагонд хæдзарады дæр, уыимæ хъомыл кодтой сæ кæстæрты, ахуыр сæ кодтой кусыныл, фæллой уарзыныл æмæ сын уыдон дæр сæхи рады уыдысты цумахъом. Уыимæ сæ хæстонтæн быдтой хъарм дарæс æмæ сæм сæ æрвыстой, разæнгард сæ кодтой сæ фыстæджыты уæлахизмæ, ныфсытæ сын æвæрдтой, бынаты алцы дæр кæй у хорз. Уæды уæззау рæстæджы иу сылгоймагæй дæр нæ уыд афтæ зæгъæн, æмæ уый активон нæ уыд æхсæнадон куысты. Цæвиттон, раззагон кусджытæ колхозон куыстыты уыдысты Джиоты Ребо, Бигъуылаты Аникъо æмæ ноджы бирæ æндæртæ. Уыдон сæ тыхтыл нæ ауæрстой фосы продуктивондзинад рæзын кæныныл æмæ сын æнтысгæ дæр кодта. Аникъо зындгонд ссис родтæмзилæгæй, йæ бæрны цы цот уыд, уыдонмæ зылд æмбæлон æгъдауæй. Къаддæр нæ уыд сæ фæллойадон æнтыст хæдзарады ахæм раззагон фæллойгæнджытæн, куыд Мамиты Нуши, Тегкаты Аннæ, Хуыбиаты Магди æмæ æндæр сылгоймæгты æввæллайгæ архайдæн.

Фесты хæсты уæззау азтæ, уæлахиз бафтыд советон салдаты къухты. Фæлæ хæст хæст у, уый нæ ауæрды рæстагон адæймагыл дæр æмæ Цъунары хæстонтæй дæр бирæтæ нал сыздæхтысты сæ фыдыуæзæгмæ, нал бацин кодтой сæ райгуырæн зæхх, сæ бинонтыл.Уæддæр идæдзæй баззайгæ сылгоймæгтæ нæ ауагътой се уонг æмæ царды фæрæзтæ кодтой, сæ кæстæрты хъомыл кодтой æмæ фæстæдæр систы адæмон хæдзарады æндæр æмæ æндæр къабæзты активон хайадисджытæ.

Хуыбиаты Никъала

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.