Алчи дæр йæхи амондимæ цæры æмæ дзы алидзæн никуыдæм ис. Кæмæ йæ мидбылты фæхуды цæрæнбонтæм, кæмæ та йе ‘ргом – стæм хатт, гъе та бынтондæр нæ раздахы  æмæ царды хорздзинæдтæй бирæ ницы бавзары. Уый уæлдай тынгдæр разыны хæстон дуджы, цард æмæ мæлæт фæрсæй фæрстæм æмдзу куы фæкæнынц, уæд. Цæвиттон, тугкалæн тохы иутæ сæ мæлæт ссарынц знаджы нæмыгæй, сæ фарсмæ иннæты бахизы амонд мæлæтæй. Æмæ æрмæст иу тохы нæ, фæлæ æгас хæсты рæстæджы дæр. Иутæ сæ хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцæуынц, фæлæ дзы разыны ахæмтæ дæр, хорзæх кæй не ссары.

Йæхи амондимæ, йæ ныхыфыстимæ цыдис Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ Цхинвалы районы Арцеуы хъæуккаг Гояты Саркис (Цакило) дæр. Уый уыд, Хуссар Ирыстонæй ацы тугкалæн хæстмæ цы 21736 равзаргæ лæппуйы фæцыдысты, уыдонæй сæ иу. Амонд йæ хъахъхъæнæг разынд æмæ ссис, фæстæмæ ма дзы сæрæгасæй сæ хæдзæрттыл чи сæмбæлдысты, уыцы 3025 адæймагæй сæ иу.

Хъыгагæн, абон ма нæ республикæйы хæсты хайадисджытæй республикæйы не ‘хсæн чи цæрынц, уыдоны къухы æнгуылдзтыл æрнымайдзынæ. Нал ис не ‘хсæн Саркис дæр æмæ нын нал радзурдзæн йæ хæстон, стæй йæ фæллойадон фæндæгты тыххæй. Цы ма ныууагъта йæ фæстæ, уыдон – рæстæг кæй фæбур кодта, уыцы документтæ, йæхиуæтты мысинæгтæ.

1923 азы райгуырд Саркис. Уæззау дуг уыд, уыцы рæстæг. Æххормагдзинад, гæвзыккдзинад æлдариуæг кодтой. Фæлæ цыдис рæстæг. Адæм æууæндыдысты, уыцы рæстæг кæй аивгъуыйдзæнис æмæ сæ сомбон хорз кæй уыдзæнис. Ахæм ныфсимæ хъомыл кодта Саркис дæр æмæ ралæг. Хæдзары ныфс ссис. Колхозы куыстыты уа, гъе, хæдзары – фæстæ нæ лæууыд. Куыст та царды фæрæз у æмæ цард дæр хуыз­дæрæй хуыздæр кодта. Цы ма   хъуыдис амондæн æндæр.

Гъе, фæлæ ныннæрыдис хæст æмæ адæмæн сæ сабыр царды пълæнттæ митау атадысты.

Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын ссис сæ фыццаградон хæс. Æмæ цардаразæг сагсур фæсивæд ивылын райдыдтой цыфыддæр знаджы ныхмæ тохмæ. Саркисмæ, дыууыназдзыд лæппумæ, хæстмæ æрсидтысты 1943 азы райдианы. Йæ хæстон фæндаг кæцæй райдыдта, уый тыххæй ницы зонæнтæ баззад, фæлæ бæрæг у, кæй службæ кодта бастдзинады 983-æм сæрмагонд батальоны. Активон хайад иста горæт Полтавæйы ссæрибар кæныны сæрыл тохты. Гояты Саркис уыцы тохты йæхи равдыста æхсарджын, фæндвидар хæс­тонæй, знагæн тохы быдыры хаста стыр зиæнттæ. Сæрибар æрцыд Полтавæ æмæ уый тыххæй Уæлдæр Сæйрагкомандæгæнæг Сталинæй райста Арфæйы фыстæг.

Сырх Æфсад бырста размæ, ныгуылæны ‘рдæм, цыфыддæр знаджы дæрæн кæнгæйæ. Дунайы цæугæдоны сæрты хизгæйæ, Гояйы фырт йæ дæлхайы хæстонтæй фыццаг рахызт доны иннæ былмæ æмæ æхстыты бын, йæ цардæн тæссаг уæвгæйæ, æрбæстон кодта бастдзинад. Йæхи равдыста ныфсхастæй. Уый тыххæй дзырдæуы «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй» майданæй йæ схорзæхджын кæныны фæдыл хорзæхон сыфы. Ацы хæстон хорзæх ын лæвæрд æрцыд 1944 азы кæрон.

Гояты Саркис цы дæлхæйтты службæ кодта, уыдоны канд иудадзыгон бастдзинадæй нæ ифтонг кодта, фæлæ ма йæ хæстон архайдæй, йæ хъæбатырдзинадæй стыр ныфс уагъта иннæ хæстонты дæр. Хæцгæхæцын фæцис цалдæр цæфы, фæлæ та-иу быдырон госпиталы йæхи сдзæбæх кæнгæйæ, ногæй æрлæууыд хæстонты рæнхъыты.

Саркис ма хорзæхджын æрцыд «Белград ссæрибар кæныны тыххæй», «Будапешт ссæрибар кæныны тыххæй», «1941-1945 азты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Германыл фæуæлахизы тыххæй» майдантæй, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты II-аг къæпхæны майданæй, Жуковы майданæй, афтæ ма бирæнымæц юбилейон майдантæй. Уæлдæр Сæйрагкомандæгæнæгæй ма райста цалдæр Арфæйы гæххæтты.

Хæст йæ кæронмæ бахæццæ, Рейхстаджы сæрмæ Уæлахизы тырыса сфæйлыдта æмæ  хæст­вæллад хæстон здæхт йæ райгуырæн зæхмæ, йæ фыды уæзæгмæ. Æмæ, æрыздæхгæйæ, федта, йæ хъæуæй стыр хæстмæ чи фæцыдысты, уыдонæй бирæтæ кæй нал рыздæхтысты. Сæмбæлд, хæст йæ уæззау арм кæуыл æруагъта, уыцы хæстонтыл, хæст кæй бафхæрдта, уыцы хъæубæстыл. Фæлæ цард цард у, æрлæууæн ын нæй, царды фæндтæ кæнын хъæуы æмæ арцеуæгтæ, уыдонимæ Саркис дæр, счъилдысæй æрæвнæлдтой сæ цард æндидзын кæнынмæ. Кæд кусæгдыхæй фæцух сты, уæддæр цы æфхæрд баййæфтой, уый хуыдыг кодтой се ‘рвылбонон куысты. Æмæ хъæуы колхоз цыбыр рæстæгмæ рацыд уæды областы раззагдæр хæдзарадты рæнхъытæм. Сæ фæллойадон æнтыстытæм йе стыр бавæрд хаста Саркис дæр. Уыцы рæстæджы областы уагъд цыдысты хъæууонхæдзарадон равдыстытæ æмæ 1948 азы, ахæм равдысты хайад исгæйæ, хорзæхджын æрцыд Грамотæйæ, дыргътæ, æмæ сæкæры цæхæрайæ бæрзонд тыллæг кæй райста, уый тыххæй.

Саркис колхозы куыста æртыккаг быдыргуыстгæнæг бригады бригадирæй æмæ 1958 та ссис Мæскуыйы Æппæтцæдисон хъæууонхæдзарадон равдысты хайадисæг, бæлвырдæй та ацы равдыстмæ зайæгойкуысткæнынады хуыздæр натуралон экспонаттæ бавдыста Гояйы фырт. Уыдоны тыххæй йæ Æппæтцæдисон хъæууонхæдзарадон равдысты дирекци æмæ экспонаттæн саргъ кæныны фæдыл экспертон къамис схорзæхджын кодтой Арфæйы фыстæгæй.

Уарзта Саркис йæ хъæубæсты, уыдон дæр æй уарзтой. Йæ уд, йæ дзæцц уыдысты, йæ сабийы бонтæ кæм арвыста, фыццаг къахдзæфтæ кæм акодта, фыццаг сæууон хуры скаст цы ранæй суыдта, уыцы арцеуаг бæркадджын быдыртæ. Æндæр æмæ дзы æндæр рæстæджыты фæкуыста бригадирæй.

Хорзæн кæрон нæй… Хæсты хъæдгæмттæн та рохгæнæн нæй. Йæ хæстон æбуалгъ мысинæгтимæ куыстуарзаг Саркис æнцой нæ зыдта. Йæ амонд фæллойы уыдта.

Райгонд уыдис Саркис йæ цардæй. Йæ цардæмбал Дудайты Нинæимæ схъомыл кодтой хорз кæстæртæ – æртæ фырты æмæ иу чызг. Уыдон дæр сæхæдæг сты бинонджынтæ. Ис сын сывæллæттæ, ныр уыдонæн дæр ис сæхи хъæбултæ. Сæрыстыр сæ уыд Саркис, сты мыггаджы фидыц, рæстуд æмæ æнæхин, хæрзæгъдау æмæ фæллоймæ здæхт. Фæлæ лæгъз нæ рауад сæ цардвæндаг уыдонæн дæр. Æрбалæууыдысты 90-æм азтæ æмæ куыд Ирыстоны æндæр хъæуты цæрджытыл, афтæ арцеуæгтыл дæр тугуарæн райдыдта. Нал сын уыд атæлфæн æмæ лыгъдысты æрцеуæгтæ дæр сæ фæрнджын, бæркадджын хæ­дзæрттæй. Йæ зæрдæ скъуыдтæ кодта Саркисæн, йæ адæмы хъи-зæмармæ кæсгæйæ. Æмбисонд гитлеронтæ уыдысты, фæлæ уыдон дæр фыдмардæй нæ мардтой адæмы. Хæст та хæст у æмæ нæмыг кæй æййæфта, уый мардис. Гуырдзиаг фашистты къухтæм чи бахауы, уыдоны та фыдмардæй амарынц. Не сфæрæзта æппæт уыдæттæм кæсын Саркисы зæрдæ æмæ 2002 азы йæ цардæй ахицæн.

Цæмæй зыдта, фæстæдæр 2008 азы йын кæй басудздзысты йæ уарзон хъæу дæр, уыдонимæ та, йæхи хæдзары дæр… Уæд фæлыгъдысты алырдæмыты йæхи хъæбултæ дæр. Ныртæккæ йæ цардæмбал Нинæ цæры Дзæуджыхъæуы сæ кæстæр фыртимæ.

Гояты Саркисы цардвæндаг уыдис ирд цаутæй хъæздыг. Уый уыдис хуымæтæджы хæдæфсарм адæймаг, зынгзæрдæ коммунист, æцæг патриот. Йæ хæстон хабæртты тыххæй дзурын нæ уарзта. Фæлæ уыдонæн ирд цæвиттон сты йæ тохвæндæгтæ.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.