Стыр Фыдыбæстæйон хæстмæ Хуссар Ирыстонæй ацыд 23 736 адæймаджы бæрц, уыдонæй 11 711 хæстоны баззад фронты, 7 мин адæймаджы та нымад цæуынц æбæрæг сæфтыл.

Абоны бон ма махмæ баззад авд ветераны. Нæ республикæйы ветеранты советы сæргълæууæг Бесаты Вячеслав нын куыд загъта, афтæмæй Ирыстоны хъæутæ æмæ горæтты бирæ ис ахæм бынæттæ, 1941-1945 азты хæсты чи фæмард, уыдон цытæн æмæ кадæн цыртытæ æмæ обелисктæ æвæрд кæм æрцыд. Ныр 76 азы уыдон номыл судзынц Æнусон æртытæ. Алы наци дæр сæрыстыр у йæ истори, йæ ивгъуыдæй, уымæ гæсгæ аразы йæ дарддæры цард. «Мах, ирон адæм сæрыстыр стæм, Фыдыбæстæйон хæсты не ‘мтуг ирæттæ цы хъайтардзинæдтæ æвдыстой уымæй. Хъыгагæн, ацы аз 9 майы Стыр Уæлахизы боны цытджын парады 176-æм азыл æмбæлынц æрмæстдæр 7 хæсты ветераны. Хъыгагæн, уыдонæй Сæрибары фæзуатмæ æрбацæудзысты æрмæстдæр дыууæйæ – Къусраты Илья Никъалайы фырт æмæ Цоциты Амиран Григоры фырт. Æртæйæ та рæстæгмæ цæрынц Цæгат Ирыстон-Аланийы се ‘нæниздзинад нывыл кæй нæу, уымæ гæсгæ. Бынаты чи сты, уыдон бынаты бабæрæг кæндзысты нæ республикæйы къухдариуæггæнджытæ. Тедеты Никъала æмæ Къудухты Ефросинья лæмæгъ кæй хатынц сæхи, уый тыххæй сын, ивгъуыд азы куыд уыд, афтæ ныр дæр, парад сараздзысты сæ хæдзæртты раз. Уыцы фæнд бахаста нæ республикæйы сæргълæууæг æмæ йын ветеранты номæй зæгъын стыр бузныг. Ветеранты совет æмгуыст кæны хицауадимæ æмæ аразы æппæт дæр, цæмæй хæсты ветерантæ æмæ хæсты фæсчъылдым чи архайдта, уыдон дæр, стæй сæ бинонтæ дæр, гæнæнуæвгæйæ, цух ма уой царды хæрзиуджытæй. Алы аз дæр сын хицæн æрцæуы улæфæндæттæм балцæгтæ. Баулæфынц Урсдон, Тæмиск кæнæ нæхимæ, Нагутнийы хосгæнæндæтты. Æрвылаз дæр хæсты ветерантæ лæвæрттæ райсынц УФ-йы æмæ нæхи хица-уадæй. Нæ республикæйы ис ахæм организацитæ, зæгъæм, тæрхондоны приставты хайад, кæцы æрвылаз дæр персоналон лæвæрттæ бакæнынц ветерантæн. Цалдæр азы размæ нæ республикæйы сæргълæууæг сæрмагондæй йæхæдæг азылд æмæ бабæрæг кодта, уыдонæй чи ца-хæм уавæрты цæры. Фæкæсынхъуаг чи уыд, уыдонæн бах-хуыс кодта.

Хъыгагæн,  йæ туг æмæ цардæй Стыр Уæлахиз чи æрхаста, уыдонæй бирæтæ нымад сты абон дæр æбæрæг сæфтыл. Цалдæр азы размæ сытынг уы-дон агурыны хъуыддаг. Уый тых-хæй алы регионты æмæ горæты гом æрцыд сæрмагонд оперативон штабтæ, кæцытæ бакуыстой алы æбæрæгæй сæфты тыххæй дæр бæлвырдгæнæнтыл, цæ-мæй иунæг ном дæр рохуаты ма баззайа. Махмæ уыцы штабы сæргълæууæг цалдæр азы у Культурæйы министр Зассеты Жан-нæ. Штабы уæнгты ахсджиаг куысты фæстиуæгæн ссардæуыд дзæвгар хæстонты ингæнтæ. Кæйдæрты марды сыджыттæ дзы æрхастой Ирыстонмæ дæр. Ныр цалдæр азы, уыдоны порт-реттæ рахæссынц «Æнæмæлгæ полк»-ы 9-æм майы. Æз уыцы хъуыддаг нымайын стыр æнтыстыл. Уæлдай æхсызгон мын у, «Æнæ-мæлгæ полк»-мæ кæй æрбаиу кодтой 1992-2008 азты гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы нæ республикæ чи хъахъхъæдта æмæ чи фæмард, уыдоны портреттæ дæр.

Бесаты Вячеслав ма куыд загъта, афтæмæй хъуамæ скъолайы кары сывæллæтты ‘хсæн цырын кæнæм патриотикон æнкъарæнтæ, цæмæй 76 нæ, фæлæ 176 азы фæстæ дæр зоной, Стыр Уæлахизмæ стыр хайбавæрд кæй бахастой ирон адæм.

Рæстæг йæ цыды хай кæны, фæлтæртæ ивынц фæлтæрты, фæлæ Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Уæлахизы бæрæгбон алкæмæн дæр уыдзæн нысаниуæгджын. Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджытæн сæ нæмттæ цæрдзысты нæ адæмты зæрдæты, цæмæй ахæм мæлæтхæссæг фыдбылыз макуыуал æрцæуа. Уымæн æмæ хæст адæмæн хæссы мæлæт, цæссыг æмæ хъизæмар. Мингай æвзонг цардбæллон удтæн æгъатыр хъысмæт сæ амæндтæ æмæ бæллицтæ сæ хъуыры фæбадын кодта, схæццæ сын кодта сæ рæсугъд тæхудиаджы цардвæндаг, сæ фидæн. Чидæриддæр бабын уыцы хæсты, сахъатджынæй кæй ныууагъта, сæрæгасæй чи æрыздæхт, уыдон иууылдæр сты æцæг хъæбатыртæ. Абон, цæмæй мах, сæ кæс-тæртæ, амондджын цард кæнæм, уый тыххæй бацыдысты æнæмсæр тохы æмæ айгæрстой  æвыд цардмæ фæндаг. Фыдыбæстæйы хæсты фыдбылызтæ, æнамонддзинæдтæ уæлдай тынгдæр æмбæрстгонд сты махæн, Хуссар Ирыстоны цæрджытæн. Хæст мæлæтхæссæг кæй у, удхор æмæ цардхалæг, уый бирæтæ бавзæрстой сæхиуыл. Нæ чысыл Ирыстоны, æвæццæгæн, нæй ахæм хæдзар, гуырдзыйы фыдæхæй  хион-хæстæг кæмæн нæ басыгъд», – загъта Бесаты Вячеслав.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.