Кæцыфæнды заманы дæр разыны, йæ адæмæн ном чи кæны, ахæм гуырдтæ. Кæцыфæнды къабазы дæр уæд, царды алы дæсныйадæн дæр йæхи бынат ис, кæмфæнды дзы фесгуых.

Мах сахуыр стæм æдзух хъаст кæнын, Ирыстоны ирон æвзаг никæйуал хъæуы, хистæр фысджыты фæстæ фæдонтæ нал ис, зæгъгæ. Уый, кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ-бæрцæй раст у. Фæлæ ма зæрдæ кæуыл фæлæууы, ахæм фæсивæд дæр ис. Ныртæккæ кæстæр фæлтæрæй иронау чи фыссы, уыдонæй литературон зиууонтыл банымайæн ис Баситы Зæлинæйы, Габолаты  Зауырбеджы, Касаты Асланы… Уыдоны ‘хсæн бæрæг бынат ахсы газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг Гасанты Валери. Ацы лæппу, курдиатджынæй дарддæр ахæм сæрæн æмæ активон у алы хъуыддаджы дæр, æмæ адæймагмæ йæ разы цæрын æмæ кусын æрцæуы. Æппындæр зивæг цы у, уый нæ зоны. Йæ куысты фæдыл кæм нæ балæууы, ахæм нæй. Фыссы цалдæр газетмæ, журналтæм. Газеты кусджытæн у сæ тагъд фæдисон. Бафиппайын хъæуы уый æмæ Гасаны-фырт фыссгæ цас кæны, уымæй фылдæр та кæсгæ кæй кæны. Ца-вæрфæнды æрмæджы, уацмысы кой скæн йæ разы – зоны йæ. Бакæсыны фыдæй йын ницы баззайы. Кæд «Хурзæрин»-ы газет Цæгат Ирыстоны рагæй нал исынц, уæддæр æй Валери сайтыл ссары æмæ дзы иу номыр дæр æнæ бакæсгæ нæ уадзы. Литературæ æмæ аивады къабазы цæуыл фæнды йемæ ныхас кæн, кæмæй æмæ йæ цæмæй фæнды бафæрс – бæлвырд дзуаппытæ райсдзынæ.

Æхсызгон хабар у, куыстуарзаг лæппуйæн уыцы иурæстæг дыууæ чиныджы кæй рацыд, уый. Уыдон сты публицистон æрмæджыты æмæ йе ‘мдзæвгæты æмбырдгæндтæ «Дзырдаивады дунейы» æмæ «Æмбалы хорзæх», зæгъгæ, ахæм нæмттимæ. Ацы чингуыты уый бавæрдта йæ уды хъарм, йæ курдтиат, хæлардзинады æнкъарæнтæ. Дыууæ чиныджы кой иумæ уый тыххæй кæнын æмæ уыцы иурæстæджы рацыдысты, стæй дыууæйæн дæр сæ нысан иу у. Æрыгон поэт сæ ссардта йæ хæлæртты, Ирыстонæн кад æмæ намыс чи кæны æмæ скодта, уыдоны ном, ноджы бæрзонддæр самадта хæлардзинады мæсыг. Ирон æвзаг æмæ йын Ирыстон цы адджын сты, уый æвдисы «Дзырдаивады дунейы» разныхасы дæр: «Мæхи æмбарынхъом куы фæдæн, уæдæй фæстæмæ мæ удæн ирон дзырдæй зæрдиагдæр цин ницы хæссы. Уый у мæ циныл æхсызгон равг æфтауæг, мæ сагъæстæ сурæг, бахъуаджы бон та мыл разæнгардгæнæг æмæ ныфсы базыртæ садзæг».  Зæрдæмæ хъаргæ сты йæ иннæ чиныг «Æмбалы хорзæх»-ы разныхасæй ист рæнхъытæ дæр: «Мæ царды фæндагыл бирæ хорз адæмыл æмбæлын. Уыдонæй сæ иу къордæй мæ бон зæрдæбынæй зæгъын у, мæ удæн адджын, зынаргъ æмбæлттæ кæй сты, уый. Удæй, миддунейæ, цардмæ ахастæй, æхсæнады фæзындтæн аргъ кæнынæй, мæ хъуыды, мæ фæнд, царды æмæ куысты фæндаг иу кæимæ у, уыцы æмбæлтты номыл мæ фыст æмдзæвгæтæй арæзт у ацы чиныг».

Æхсызгон у, Гасаны-фырт йæ публицистикæты æмбырдгондæй Иры фарны лæг Джыккайты Шамилы ном кæй ссардта, уый. Чиныджы ис уацтæ, рецензитæ, очерктæ, интервьютæ Ирыстоны зынгæ адæймæгтыл, литературæйы зиууонтыл. Байгом Æгъуызаты (Гæбæраты) Иуанейы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй уац «Нæ адæмы рухсмæ хонæг», – зæгъгæ, ахæм сæргондимæ. Дарддæр автор лæмбынæг равзæрста Æмбалты Цоцкойы, Кочысаты Мухарбеджы, Гæдиаты Цомахъы, Дзасохты Гигойы, Нафийы, Шамилы, Цомартаты Изæтбеджы, Плиты Харитоны, Хъауыраты Дауыры, Дзасохты Музаферы, Кокайты Тот-радзы, Агънаты Гæстæны, Томайты Мисурханы æмæ бирæ æндæрты уацмыстæ. Се ‘ппæты дæр автор равдыста йæ курдиаты зынг, ирон публицистикæмæ та бахаста уæзгæ хуынтæ. Бафиппайын хъæуы уый æмæ æрмæджытæ ист сты, автор алы азты алы мыхуыры органты  кæй фæфыста, уырдыгæй. Уыдон та сты газеттæ «Рæстдзинад», «Северная Осетия, «Слово», «Стыр Ныхас», журналтæ «Мах дуг», «Фидиуæг», «Хæххон дымгæ», «Национальный колорит» æмæ æндæртæ.

Йæ иннæ чиныг, æмдзæвгæтæ æмæ зарджыты æмбырдгонд «Æмбалы хорзæх» -ы æрмæджытæ сæрмагондæй сты йæ хæлæрттæ æмæ йæ хорз зонгæтыл фыст. Ацы чины-джы хъайтартæ дæр сты Ирыстоны зындгонд адæймæгтæ æмæ сын ав-тор чиныгкæсджыты размæ рахаста сæ удты фæзминаг миниуджытæ, се сгуыхт хъуыддæгтæ.

Чиныджы йæ ном кæмæн ссард-та, уыдон сты Ирыстонæн алы къабазы кад чи скодта æмæ кæны, уыдон: Джыккайты Шамил, Андиаты Сослан, Гæздæнты Булат, Мæхæмæтты Ахуырбег, Æбиты Валери, Æлбегаты Алан, Дзуццаты Сослан, Сидахъаты Зауырбег, Дзанайты Ольгæ, Дудиаты Валодя æмæ бирæ æндæртæ.

Дыууæ чиныгыл, стæй сæ авторыл дæр бирæ дзурæн ис. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ публицистикæ æмæ йе ‘мдзæвгæты дæр лæмæгъ уацмыстæ бирæ ис, фæлæ нырмæ æрыгон у. Йæхиуыл бирæ кусы. Уырны мæ, тагъд литературæйы зиууонты раззагдæртæй иу кæй суыдзæн.  Йæ курдиат та бæрæг уыд суанг университеты ахуыры рæстæджы дæр. Дыууæ хатты йын Абайты Васойы номыл стипенди дæр æнæхъуаджы нæ радтой. Уæрæсейы Фысджыты цæдисы уæнг Гасанты Валери ма у Хъамбердиаты Мысосты æмæ «Булæмæргъ»-ы премиты лауреат дæр. Йæ чингуытæ, æмдзæвгæтæ æмæ публицистон уацты æмбырдгæндтæ «Æмбалы хорзæх», «Дзырдаивады дунейы», «Сыгъдæг зæрдæйы лæвар» æмæ «Булат» хорз лæвар сты ирон литературæ уарзджытæн. Уыцы кары дын уыййæстæ бантысæд, уый раппæлыны аккаг у. Æмæ уый нырма йæ райдиан у. Разæй йæм æнхъæлмæ кæсынц сфæлдыстадон куысты цинтæ æмæ хъыгтæ æмæ сыл ныридæгæн уæндон къахдзæфтæ акодта.

Джусойты Нина

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.