Æвæццæгæн, зæгъæн ис, Ирыстоныл рагæй фæстæмæ цы уæззау дугтæ скодта, уымæй абон дæр хуыздæр уавæры кæй нæй. Дзырдтаг ссис нæ царды уаг, исынц нын нæ зæххытæ, нæ истори, æвзидынц нæм знæгтæ. Æргом нæм кæм не ‘ххæссынц, уым та нын нæ цард æнад кæнынц алы дам-думтæй.

Цы хъæуы абон ирон адæмы? Фыццаджыдæр нæ иудзинадыл батыхсын, стæй не ‘взаг æмæ нæ фарн бахъахъхъæнын.

Раг заманты Ирыстоны алы хъæуæн дæр уыд сæхи Ныхас. Уырдæм æмбырд кодтой хъæуы хистæртæ, фæсивæд, æмæ-иу æвзæрстой алыхуызон лыггæнинаг фарстатæ. Ныхас цы уынаффæ рахастаид, ууыл дыууæ зæгъæн нæ уыд. Уæдæй нырмæ Ирыстоны Ныхасы кад нæ бамынæг, кæд сæ пайда ничиуал кæны, уæддæр. Нæ фыдæлты традицитæ адарддæр кæныны бындурыл, ирон адæмы æрбангом кæныны хъуыдыимæ 1993 азы 20 майы, ирон адæмы 2-аг съезды рæстæг арæзт æрцыд Æппæтирон адæмон змæлд “Стыр Ныхас”. Равзæрста йын йæ уæнгты, сфидар ын кодта йæ устав. Уæдæй ардæм дзæвгар азтæ рацыд. Ныхасмæ адæм æнхъæлмæ кæсынц æхсæнады ахсджиаг хъуыддæгтæ скъуыддзаг кæнынмæ, исты бæлвырд уынаффæтæ рахæссынмæ.

Цы сарæзта æмæ абон та цы кусы “Стыр Ныхас”? – Уый фæдыл нæ уацхæссæг фембæлд Ныхасы Сæрдары хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Хутиты Таймуразимæ æмæ се ‘хсæн рауад ахæм ныхас:

– Таймураз, Ныхасы историйыл нал дзурдзыстæм. Йæ хæс раджы дæр уыд æмæ ныр дæр у æхсæнадон хъуыддæгтæ лыг кæнын. Куыд зонæм, афтæмæй ирон адæмы радон 9-æм съезд хъуамæ уа 2019 азы, фæлæ æр-æджы Ныхасы æмбырды рæстæджы Национ ахастдзинæдты министр Цуциты Асланæй фехъуыстам, ацы аз сентябры ирон адæмы съезд кæй уыдзæн, уый тыххæй. Цы ахсджиаг хъуыддаджы фæдыл арæзт цæуы æнæрадон съезд?

– “Стыр Ныхасæн” йæ фæзынды сæйраг аххосаг у, не стыр бæстæ кæй фехæлд æмæ уыцы уавæр Ирыстоныл алывæрсыгæй кæй бандæвта, уый. Ныхасæн йæ нысан уыд Ирыстоны иудзинадыл тох кæнын, нæ фыдæлтæй баззайгæ æгъдæуттæ хъахъхъæнын æмæ сæ адæмы æхсæн парахат кæнын, не ‘взаг, нæ культурæ, нæ истори хъахъхъæнын, нæ ирондзинады домæнтæ æххæст кæнын.

Фæлæ, бауырнæд дæ, съезды хъуыддаг мах дæр фехъуыстам æмбырды рæстæджы. Раныхасгæнæг куыд загъта, афтæмæй хъуамæ рацаразой Ныхасы куыст, стæй, æвæццæгæн, æвзардзысты ног сæрдар. Куыд зонæм, афтæмæй Ныхасæн бирæ азты разамынд лæвæрдта рухсы бадинаг Гиоты Михал. Уый фæстæ, цалдæр азы бакусгæйæ, æрæджы йе ‘нæниздзинадмæ гæсгæ йе ‘мгъуыдæй раздæр уыцы бынатæй барвæндонæй ацыд Басаты Барис дæр. Ныр нæ кæд бынтондæр æхгæнынмæ хъавынц, уæддæр æй нæ зонæм. Министр, æвæццæгæн, фехъусын кодта нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы фæндон. Фæлæ махæн ничима ницы загъта. Æнæрадон съезд куы аразай, уæд ын хъуамæ уа бæлвырд нысан. Съезды уынаффæтæ хаст æрцæуынц фондз азы æмгъуыдмæ. Уыйас æмгъуыдмæ равзарынц Ныхасы сæрдар, стæй комитеттæ æмæ советтæ дæр. Афтæ уыд ныр дæр. Æмæ цæмæй уыцы уагæвæрд фехалай, уымæн хъæуы бæлвырд аххосæгтæ. Стæй съездмæ бацæттæ кæнын хъæуы, оргкомитет æмæ делегаттæ равзарын, ирон диаспорæтимæ баныхас кæнын æмæ афтæ дарддæр. Иуныхасæй, съезд ауадзын бынтон бæлвырд нæма у.

– Ирон диаспорæты кой скодтай. Цавæр ахастдзинæдтæ уын ис æмæ Ныхас семæ куыд кусы?

– Алы регионты, уыимæ фæсарæнты дæр ирон диаспорæтæ сты 100 бæрц. Фæлæ, кæй зæгъын æй хъæуы, се ‘ппæт иухуызон нæ кусынц. Хуыздæр архайынц Турчы, Германийы, Францы, Мæскуыйы, Петербурджы, Самарæйы, Сочийы, Воронежы, Волгограды, Краснодары, Ставрополы, Кæсæджы æмæ бирæ æндæр регионты ирон диаспорæтæ. Уыдонæн сæ фылдæримæ бастдзинæдтæ дарæм. Уыдон дæр нæм æнхъæлмæ кæсынц æххуысмæ, зæгъæм, ирон чингуытæм, газеттæм. Раздæр-иу сæ алы съездмæ дæр фæхуыдтам, нæ хъæппæрисæй университеты ирон факультеты ахуыр кодтой Турк æмæ Сирийæ ирон фæсивæд, ныр уыдонæй иунæг хъуыддаг дæр фæрæзты аххосæй нæ къухы нал æфты. Зæгъæм, съездмæ алы рæттæй ирон адæм куынæ æрцæуой, уæд уый цавæр съезд у. Уыдон цæмæй фæхонай, уый тыххæй та сын  æппынкъаддæр  сæ фæндаггаг уæддæр хъуамæ бафидай, фысымуаты хæрдзтыл нал дзурын. Кæд съезд арæзт æрцæуа, уæддæр нын спонсортæ куынæ фæзына, уæд уыдон æрхонын нæ къухы нæ бафтдзæн.

– Цалдæр азы размæ æхсæнадон змæлд “Стыр Ныхас”-ы ном ивд æрцыд Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд “Иры Стыр Ныхас”-æй. Алчи дæр æнхъæлдта, уæ материалон уавæр уымæй кæй фæ-хуыздæр уыдзæн, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, хъуыддаг афтæ нæу. Цæмæй цæры æмæ архайы ныртæккæ Ныхас?

– Растдæр уыдзæн, цæмæй уæвынад кæны, зæгъын. Æххуыс нын ничердыгæй ис. Кусджытæ фондз мæйы мызд нæ райстой. Дзæвгар æхца дарæм типографийæ æмæ нын нæ газет мыхуырмæ нал исынц. Цалдæр хатты фыстæджытæ барвыстам хицауадмæ, фæлæ дзуапп нæма ис. Нæ зонын, цы нын сæ зæрды ис.

– Раздæр-иу кувæндæтты мысайнæгтæй Ныхасæн æххуыс куы уыд?..

– Уыцы æххуыс дæр фесæфт 6-æм съездæй фæстæмæ. Уый хыгъд нæ кувæндæтты мысайнæгтæ ивылынц æбæрæг кæдæмдæр. Уымæй уæлдай сæрæнтæ республикæйы алы къуымты сæвæрдтой кувæндæттæ, ома, æхца æмбырдгæнæн асыччытæ æмæ æрвылбон сæ пайда нымайынц. Алы бæлццоны дæр фæнды, цæмæй фæндараст кæна, лæгъстиаг у дзуæрттæн, йæхи сыл фæдзæхсы æмæ æнæвгъауæй калынц уыцы асыччыты æхца. Ничиуал дæр æфсæрмы кæны, ничиуал дæр адæмы æмæ дзуары фыдæхæй тæрсы.

– Хуссар Иры Ныхасы куыст та цы уавæры ис?

– Хуссары та ноджы æвзæрдæр уавæры ис Ныхас. Йæ сæрдар Гаглойты Робертæн уал азы кусæн бынат æмæ секретарь дæр нæй. Республикæйы разамындæн нæ куырдиат бирæ хæттыты бамбарын кодтам, фæлæ уавæр нæма аивта. Кæд съезд арæзт æрцæуа, уæд Хуссар Иры Ныхасы куыст дæр бындуронæй хъæудзæн рацаразын.

– Хуссар Ирыстоны референдумы тыххæй та цы хъуыды кæныс?

– Ном аивынæн дзы цы цалдæр варианты ис, уыдонæй нæ зæрдæмæ цæуы “Хуссар Ирыстон-Алани”. Уый уыдзæн цæгаттаг фарсы номы халдих, стæй фидаугæ дæр хуыздæр кæны. Иннæ вариант “паддзахад Алани” нæ фидауы. Абон уа æви райсом, Хуссар Ир Уæрæсейы иу хай суыдзæн æмæ куыд ис гæнæн паддзахады мидæг паддзахад бакæнын. Стæй дæр, мингай азты нæ ном ирæттæ хуыйны æмæ мах нæ республикæты нæмттæй дзырд “ирон” ма хъуамæ аппарæм. Нæ нацийæн ном куы нæ уал уа, уæд дунейы стыр тыгъдады фесæфдзыстæм.

– Æнæмæнг, нæ номы хъуамæ “Ирыстон-Алани” уа, фæлæ та уый дæр нæ сы-хæгты зæрдæмæ нæ цæуы. Дау ыл кæнынц, сæхирдыгæй фæкæнынмæ йæ хъавынц, алантæ нæ фыдæлтæ уыдысты, зæгъгæ.

– Ахæм ныхæстæ чи кæны, уыдон адæмы ардауынц кæрæдзийыл æмæ сæм хъусын нæ хъæуы. Ныртæккæ æргом дзырды заман у. Интернеты тыгъдады алкæмæн дæр – бынат æмæ дæ цы фæнды, уый дзур. Официалон æгъдауæй ахæм уынаффæ ничи рахаста, стæй нæ рахæсдзæн Мæскуыйы æвастæй. Иу  бон уый тыххæй митинг куы уыд, уæд нæм дзырдтой, цæуылнæ исты мадзæлттæ аразут, зæгъгæ. Æгæр, цавæрдæр къулбадæг лæппу йæ зæрдæйы дзæбæхæн цыдæртæ дзырдта æмæ мах та, Стыр Ныхасы хистæртæ, митингы ралæууæм æмæ Мæхъæлы хицауадмæ æртхъи-рæнтæ æрвитæм? Уый сæрмæ хæссинаг нæу. Афтæ нын ничи зæгъдзæн, цы нæ фехъуыстат, зæгъгæ? Раст нæ кæнынц, митингтæ чи кæны, уыдон дæр. Митинг хъуамæ уа закъоны бындурыл, хъуамæ йын уа бæл-вырд нысан, кæннод адæмы ардауынц, сæ зондахаст сын халынц.

– Куыд зонæм, афтæмæй Ныхасæн алы районты æмæ хъæуты дæр ис бирæ комитеттæ, советтæ. Куыд кусынц, сæ къухы исты æфты?

– Стыр Ныхасы куыст уыцы комитеттæ æмæ советтæй аразгæ у. Æмæ архайынц, сæ бон куыд у, афтæ. Уæлдай ахсджиагдæр сты мыггæгты советтæ. Уыдонæн ис сæрдæрттæ. Мыггаджы исчи куы рæдийа, уæд ын æз куы бауайдзæф кæнон, уæд мæм фæхъыг уыдзæн, хъусгæ дæр мæм нæ бакæндзæн, фæлæ йын йæхи æрвадæлты зæронд лæг куы зæгъа, уæд тынгдæр фефсæрмы уыдзæн. Уæдæ æгъдæуттæ æвæрæг хистæр хъæуы хъæубæсты, сыхы дæр. Æндæр хъуыддаг у, кусгæ куыд кæнынц, уый. Ис дзы, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ хъуыддагыл æнувыд чи у, ахæмтæ. Æрмæст 2016 азы стыр æнтыст уыд регионты æхсæн форум “Молодежь Северо-Кавказского федерального округа против терроризма и экстремизма, за толерантность и духовно-нравственное развитие общества”, – кæцы æрбамбырд кодта 700 адæймаджы бæрц. Уыимæ алы районы дæр ауагътам æппæтреспуб-ликон фæсивæдон форумтæ “Наркомания и алкоголизм – угроза нацональной безопасности”, “Духовно-нравственное воспитание молодежи – фактор национальной самоидентификации”, “Традиции и обычаи народа – основа духовно-нравственного воспитания молодежи” æмæ бирæ æндæр мадзæлттæ. Алы ранмæ дæр-иу нæм æрбацыд 600 – 800 адæймаджы фæсивæдæй. Уый стыр æнтыст у. Фæлæ та ам дæр нæ мæгуыры хъæстытæм рахизæм. Республикæйы æдæппæт ис 12 районы. Алы ран дæр дзы ис Ныхастæ, уыдонæн сæрдæрттæ, фæлæ дзы иу къапекк дæр мызд ничи исы. Ныр æз кæмæ бадзурон æмæ куыст кæмæй бадомон? Æмæ нын фæзæгъынц, æрыгæтты Ныхасмæ хæстæг цæуылнæ уадзут, зæгъгæ. Æмæ чи цæуы? Иу бон æрбацæудзæн, иннæ бон, стæй зæгъдзæн, æнæмыздæй кæдмæ кусон, мæ бинонтæ даринаг сты, зæгъгæ.

– Стыр бузныг, Таймураз! “Стыр Ныхас” уал азы дæргъы чысыл нæ сарæзта æхсæнады пайдайæн, Ирыстоны сомбонæн, уырдæм стыр æвæрæн бахастай ды дæр æмæ уæ куыст Ирыстоны сабырдзинадæн ахъаз уæд. Ноджы фылдæр саразынæн та уæ фадæттæ къуындæг сты. Ирон адæмы радон съезд та ахæм уынаффæтæ рахæссæд, уæ куыст зæрдæзæгъгæ æмæ Ирыстоны фæрныгадæн куыд уа.

Ныхас кодта Джусойты Нинæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.