Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд Асаты Реуаз. Уый цæстуарзонæй нымад цæуы Советон дуджы нæм цы хъазуатон литературон зиууæттæ уыд, уыдон зынгæдæртæй иуыл. Нæ литературæйы нымад цæуы курдиатджын поэт, арæхстджын публицист æмæ тæлмацгæнæгыл.
1930 азы фæстаг æмбисы нæ литературæмæ цы курдиатджын фæлтæр æрбацыд, уыдон зынгæдæртæй иу уыд Реуаз. Йæ ном рарттывта нæ литературæйæ 1947 азы, куы фæзынд йе ‘мдзæвгæты æмбырдгонд «Хæстоны сис», уæдæй.
Рæсугъд, лæгъз, зæрдæйы фæндиаг фæндæгтыл нæ рацыд поэт, царды зындзинæдтæй цух нæ уыд.
Хорзæй ницы федта йæ сабион бонты Къахеты, фарастаздзыдæй æрцыдысты Цхинвалмæ. Хуссар Ирыстон уæд йæ тæккæ мæгуырыл уыд, 1930 азты колхозон арæзтад йæ гаччы нæма сбадт, ног цард йе уæнгтæ нæма аивæзта. Уыцы уылæнты бахауд æвзонг Реуаз дæр, йæ тых радта ахуырмæ, райста æмбæлон ахуырад, уыд Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг, æрыздæхт дзы уæззау цæфтимæ, фæлæ йæхи нæ ауагъта, егъау æхсæнадон куыстимæ кодта æнувыд литературон куыст. Уыцы куыстыл йæ къух нæ систа суанг йæ амæлæтмæ. Реуаз йæ фæстæйы фæлтæрæн ныууагъта æвæджиауы хъæздыг хæзнатæ – йæ литературон фæллæйттæ. Уыдон махæн бирæ ахсджиаг фарстытыл сты дзурæг, куы сæ кæсæм, куы сæ ахуыр кæнæм, уæд. Уыцы бынтæ та Реуазы рухс ном никуы бауадздзысты рох кæнын.
Реуаз къахеттаг уыд, уым райгуырд 1921 азы хъæу Къуцъахтайы- Ахметайы районы, мæгуыр зæхкусæг бинонты хæдзары. Йæ фыд Никъала царды рахæцæнтæй цух уыд, йæ зæнæджы сомбоныл та йæ сагъæс дардыл уыд.
Фыды зæхх, фыдæлты бæстæ адджын у. Уый Никъалайæ рох никуы уыд æмæ 1930 азы æрыздæхт Цхинвалмæ, Реуазыл уæд цыдис 9 азы.
Фыд йæ зæнæджы бафтыдта ахуыры фæндагыл. Реуаз нырма ахуыр кодта Цхинвалы 7-азон скъолайы, уый фæстæ Цхинвалы педтехникумы, кæцыйы каст фæцис 1941 азы. Уый фæстæ каст фæцис Цхинвалы аэроклубы тæхджыры скъола дæр.
Райдыдта Стыр Фыдыбæстæйон хæст, Реуаз бархийæ фæраст хæсты быдырмæ, йæ тохы фæндаг райдыдта Цæгат Кавказы фронтæй, хайад иста Новороссийскы сæрыл тохты. Хæсты уæззау бонты бацыд Коммунистон партийы рæнхъытæм дæр.
Нæ баззад кæронмæ Реуаз хæсты быдыры, фæцис уæззау цæф 1943 азы, бахъуыд æй æрыздæхын Цхинвалмæ. Йæ бон, йе ‘нæниздзинад æй цæмæй самыдтой, уымæй знаджы фæсчъылдым бавнæлдта егъау æхсæнадон куыстмæ. Æцæг дзы рох никуы уыд ирон поэзи, ирон аив дзырды рæсугъд фæндаг. Нæ дзы уыд рох йæ дарддæры ахуыры хъуыддаг дæр. Нырма уал каст фæцис фæсаууонмæ хайады филологон факультет нæ институты, уый фæстæ та Мæскуыйы М.Горькийы номыл литературон институт.
Егъау æмæ дардыл уыдысты йе ‘хсæнадон куысты фæндæгтæ: уыд партийы Хуссар Ирыстоны обкомы инструктор, журнал «Фидиуæг»-ы редактор, Хуссар Ирыстоны Фысджыты Цæдисы бæрнон секретарь, газет «Советон Ирыстон»-ы редакторы хæдивæг, æхсæнад «Зонынад»-ы бæрнон секретарь, Хуссар Ирыстоны драмтеатры директор, бæстæзонæн музейы директор. Йæ егъау æхсæнадон æмæ литературон куысты тыххæй хорзæхджын уыд орден æмæ майдантæй.
Фыссæг цардагурæджы фæндæгтыл лæуд вæййы. Æнæрынцой зæрдæйы хицау уыд Реуаз дæр. Зылд Ирыстоны къуымты, Къахеты ирон хъæутыл, æрзылд æнæхъæн Европæйыл, дзæвгар æрмæг æртымбыл кодта йæ дарддæры литературон куыстæн.
Реуаз уыд йæ Ирыстоны патриот. Йæ адæмы ‘хсæн хæларзæрдæ, æмгæрттæн уарзон, æрриуыгъта йæ хъæбулы маст æмæ уымæн дæр сфæрæзта. Амард Реуаз 2007 азы, нал федта 2008 азы геноцид, фæлæ уый хардз федта, нæ мæнгард сыхæгтæ нын 1989-2007 азты цытæ бакодтой, уыдæтты.
Зæгъæн ис, Реуаз дæр зæрдæскъуыдæй кæй ацыд мæрдтæм, йæ хъонагъ Гæбулты Мелитонау.
Асаты Реуазы сфæлдыстад дардыл æмæ гуырахстджын у. Царды фæзындтæм цæрдæг æмæ къæрцхъус уыд. Æвæллайгæ уыд куысты. Йæ егъау æхсæнадон куысты æмрæнхъ æвæллайгæйæ куыста литературон фронты дæр. Йæ литературон æмæ публицистикон чингуыты нымæц хæццæ кæны 40.
Асаты фырт скъолайæ райдыдта йæ литературон куыст, педтехникум ын уæрæх дуæрттæ байгом кодта цардмæ акæсынæн, йæ ном фыццаг хатт фæзынд ирон периодикон мыхуыры 1937 азæй. Йæ уацмыстæ мыхуыр кодта журналтæ «Фидиуæг» æмæ «Мах дуг»-ы, газеттæ «Советон Ирыстон» æмæ «Рæстдзинад»-ы. Йæ уацмысты æмбырдгæндтæ мыхуыры цыдысты иронау, уырыссагау æмæ гуырдзиагау.
Йæ размæйы поэттау, Реуаз дæр сæрыстыр у Ирыстонæй, ирон кæй уыд, уымæй та йæ сæр бæрзæндты хаста. Къахеты кæй райгуырд, ууыл дæр фæсмон никуы кодта, дыууæйы дæр иумæ нымадта йæ райгуырæн къуымтыл, йæ уарзон Фыдыбæстæйыл.
Къахет арæх ауайы йæ цæстытыл æмæ уæд фæзæгъы:

«Гъе уыцы зæхх уыдзæн мæнæн мæ цæрæнбон
Цæудзынæн ын цырагъдар дæр, уæлыгæс дæр,
Æмæ йын æз фæхæсдзынæн мæ мæлæнбон.
Мæ зæрдæйы йæ рухс фæлгондз мæрдты бæстæм».

Къахеты историйыл нæ дзурдзынæн. Реуазæн дыууæ раны дæр зынаргъ уыдысты, уымæн æмæ дзы цардысты йæ радтæг адæм. Поэт хатыр куры, кæм райгуырд, уыцы Къахетæй, уыцы хъæубæстæй, æмæ сын зæгъы:

«Нæ хъæубæстæ, нæ комбæстæ, нæ, ма зæгъут
Ирыстон у мæнæн мæ дыккаг райгуырæн
Сæ дыууæ дæр мæ Фыдыбæстæ! – баззаид
Æнæ Къахетгом Ирыстоны зæхх къахырæй».

Зæгъæн ис, поэт йæ царды бонты зарыд дыууæ Фыдыбæстæйыл, фæлæ-ма æрыййæфта уый дæр, Къахетæй æрттæдæлармæй кæй аззад, йе ‘цæг Фыдыбæстæ Ирыстон кæй ссис.
Реуаз тугкалæн хæсты быдырмæ дæр Ирыстонæй ацыд, Ирыстоны раз радта дзырд:
«Лæгыл æз макуы уон нымады,
Уæ разы байсæфон æмбойны,
Кæд æз нæ сæххæст кæнон тохы
Мæ хæс, мæ ард, мæ сомы».
Реуаз хæсты цæхæры уыд, федта дзы дугъы диссæгтæ, бамбæрста знаджы фæнд, йæ тохы фæндæгты нысаниуæг æмæ дзы тæрсгæ нæ фæкодта, фидар уыд йæ ныхас, сфæлхатт кодта Плиты Грисы ардбахæрд:

«Цæйнæфæлтау мæ мад, мæ хоты,
Æфсымæр, уарзон чызг, дæу дæр
Æфхæра знаг, фæлтау æз тохы
Мæлæтмæ ратдзынæн мæ цард».

Бирæ ахсджиаг ныхæстæ фæкодта поэт хæсты фæндæгтыл дзургæйæ, бирæ сахъгуырд фæсивæды кой ракодта, номдзыд Дзотты Лавренты кой дæр фыццаг Реуаз ракодта, Плиты Иссæйыл дæр фыццаг поэмæ Реуаз ныффыста.
Реуазы хуызæн зарæг абон дæр ничи-ма ныззарыд Иссæйыл. Баззад ахæм æцæг хабар, Иссæ ацы зарæгмæ фыццаг хатт куы байхъуыста, уæд йæ цæссыгтæ гæр-гæр кодтой зæхмæ.
Асаты Реуаз Ирыстоны царды къуымтæм ныккæсын фæрæзта, фæрæзта Иры царды нывтыл йæ хъуыдытæ зæгъын дæр.
Асаты Реуаз сæрыстыр уыд кæддæриддæр Иры номдзыд нæлгоймæгтæ æмæ сылгоймæгтæй, Ирæн кады хъуыддæгтæ чи бакодта, уыцы фæлтæрæй æмæ сын аив ныхасæй ссардта сæ нæмттæ дæр. Уыдон та сты: Къоста, Тугъанты Махарбег, Плиты Иссæ, Мамсыраты Х.М., Хетæгкаты Габо, Остъаты Алыкси, Харебаты Алыкси, Цхуырбаты Иван, Айдарты Знауыр, Æртындæс коммунары, Гаглойты Рутен.
Асаты Реуаз у дзæвгар балладæтæ, легендæтæ, кадджыты,поэмæты автор. Тыхджын диссаджы сюжеттæ бавæры поэт ацы уацмысты, бирæ хабæртты кой сæ ис Элхотæй райдайгæйæ.
Асаты Реуазы, ирон чиныгкæсджытæ йæ рæстæджы, хуыдтой æнæрынцой зæрдæйы хицау. Йе сфæлдыстадон фæндæгтæм ын куы ракæсæм, уæд ацы хъуыдыйыл алчидæр сразы уыдзæн. Къахет, Гудзарет, Æрджынарæг – уыдысты йæ хæтæн фæндæгтæ, уымæн æмæ уымыты бирæ ирæттæ царди, хорз зыдта, Гуырдзыстоны къуымты цы ирæттæ цард, уыдоны дæр, кæд ын ахæм загъд дæр æрцыд: «Гуырдзыстоны хурмæ рæзы Ирыстон», уæддæр æй æмбарын хъæуы, уæды дуджы домæнтæ ахæм кæй уыдысты.
Хорз куы уыдаиккой сæ царды уавæртæ, уæд цæмæн лыгъд Реуазы фыд Цхинвалмæ, кæнæ цæмæ лыгъдысты Къахетæй Хуссар æмæ Цæгат Ирмæ?
Реуазæн йæ балцы фæндæгтæ уыдысты Уæрæсемæ дæр, æрзылд æнæхъæн Европæйыл, цæмæй фена æмæ бамбара, цахæм цард ис Ирыстонæн æдде, цы уавæрты цæрынц йæ ирон адæм.
Йе ‘хсæнадон куысты æмрæнхъ æнувыдæй куыста поэзийы рæсугъд суадæтты ратæдзæнтыл. Дзæвгар сты йæ уацмысты æмбырдгæндтæ, йæ фыццаг чиныг «Туджы ‘ртах»-æй (1952), суанг йæ фæстаг чиныг «Хъысмæт» (2002) фæугæйæ. Цыдысты йæ чингуытæ Сталинир – Цхинвалы, Мæскуыйы, Тбилисы.
Поэтæн ацы аз у зæрдылдаринаг аз, æнус сæххæст ис йæ райгуырдыл, æмæ йæ фæстагæттæ хъуамæ зоной, чи уыд Асайы фырт, цæмæй улæфыд, цахæмтæ уыдысты йæ рацæугæ фæндæгтæ, цæмæйты балæггад кодта йæ адæмæн, национ культурæйы рæзтæн.
Цыбыртæй та зæгъæн ис, хъазуатон зиууон уыд нæ литературон хосдзæутты ‘хсæн.
Реуазы уацмысты æмбырдгæндтæ цы рæстæджыты цыдысты, уымæй зæгъæн ис, ирон литературон критикæ-иу алы хатт дæр йæ хъуыды загъта. Чингуытыл дзурджытæ, сæйраджыдæр уыдысты цæстуарзон кри-тиктæ, йæ адæм æмæ нæ литературæйы рæзтыл кæй зæрдæ рызтис, ахæмтæ. Æнæцæстуарзон, лыскъзæрдæ критиктæм поэт йæхæдæг дæр нæ хъуыста æмæ сæ абон рæгъмæ дæр нæ хæссæм.
Абон дзы ракæнæм иу цалдæры кой, Реуазы хорз чи зыдта, йемæ чи куыста, йе сфæлдыстад ын чи зыдта, афтæмæй йын цæстуарзон аргъ чи скодта.
Джусойты Нафи йæ хъус лæмбынæг дардта Реуазы сфæлдыстады рæзтмæ, цы-иу рахатыд цухдзинæдттæй, уыдон-иу ын загъта æмбæлон æмвæзадыл, Реуазмæ та егъау поэтикон курдиат кæй уыд, уый фидарæй уырныдта Нафийы.
Зæгъы Нафи: «Асайы фырты куыстмæ лæмбынæг куы ʻркæсæм, уæд æнæмæнг фæхатдзыстæм, уый бонæй-бонмæ кæй архайы йæ уацмысты нывæфтыд формæ фæхъæзныгдæр æмæ фæаивдæр кæ-ныныл».
Йæхирдыгонау банысан кодта фыссæг Харебаты Леонид дæр: «Поэт æдзухдæр ис темæтæ æмæ рифмæтæ агурæнты. Æвæц-цæгæн, уым ис йæ хорздзинад, æмæ æдзухдæр агургæ кæй кæны, æдзухдæр рифмæтимæ хъæбысхæсты кæй ис. Нæ поэтæн ацы миниуæг фадат радта, цæмæй уа, хорзæй дæр æмæ æвзæрæй дæр цы ис, уымæй йæхи хизæн. Реуазы поэтикон хъæлæсæн нæй æндæр – йе ʻмсисоны стилимæ фæхæццæ, фæивдзаг гæнæн, уый йæхицæй тыхджындæр, кæнæ лæмæгъдæр куы уа, уæддæр…».
Поэт Рюрикы-Скифироны хъуыды та уыд ахæм: «Реваз Асаев – не только пламенный поэт, гражданин, поэт-патриот, но и неутомимый публицист, замечательный очеркист, создавший целый ряд очерков о выдающихся участниках Великой Отечественной войны…».
Нæ литературон зиууæттæй Реуазы курдиат æмæ сфæлдыстадон фæндагæн цæстуарзон аргъ чи скодта, уыдон уыдысты: Пухаты Алыксандр, Дзуццаты Х.М., Санахъоты Уасо, Дзугаты Георги, Фидараты Хъазбег, Гобозты Валера, Хъазиты Мелитон æмæ æнд. Гуырдзыйы ʻрдыгæй – М. Мачъавариани, С.Курашвили, А.Мирцхулава æмæ æнд.
Реуазы райгуырдыл сæххæст 100 азы. Бæргæ, йе ‘нусы сæрæй куы ракастаид, уæд абон махæн бирæ цыдæртæ радзырдтаид Кавказæй дæр, стæй уæд Европæйæ дæр. Реуазы хуыздæр цырт – йæ литературон бынтæ!

ПЛИТЫ Гацыр,
Хетæгкаты Къостайы номыл
Паддзахадон премийы лауреат

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.